Æнтыстджын æмæ фæзминаг – сæ архайд

0
8

Паддзахадон бюджетон ахуырадон-хъомыладон профессионалон куыстуат «Гом уагыл Сæрмагонд профессион училищæ» раздæр уыд æхсæрдæсæм профессионалон училищæ, фæлæ 2005 азы 22 апрелы йæ статус ивд æрцыд Цæгат Ирыстоны Хицауады уынаффæмæ гæсгæ. Документы загъд ис: фæфылдæр, социалон æгъдауæй тæссаг уавæры чи ис, уыцы бинонтæ æмæ сывæллæтты нымæц, социалон сидзæрад, стæй, скъолайы ахуыр кæнын кæй нæ фæнды æмæ хæтæгцард (бродяжничество) чи кæны, ахæм æнахъомты нымæц. Хъæппæрис æххæстгонд цыд Федералон закъон «Æнахъомты барадхæлдтытæ æмæ æнæцæстдарды профилактикæйы системæйы бындур»-ы фæлгæты.

Уæдæй нырмæ Михайловскы хъæуы йæ куыст æнтыстджынæй кæны гом уагыл сæрмагонд профессионалон училищæ.

Ныртæккæ ам ахуыр кæны 50 ахуырдзауæй фылдæр, сæ кармæ гæсгæ – 14 азæй 18 азы онг. Чызджытæ æмæ лæппутæн сæ бон у æрмæст астæуккаг ахуырад райсын нæ, фæлæ ма зæрдæмæдзæугæ цыппар дæсныйады дæр – хæринаггæнæджы, парикмахеры, маляры, халсартæмзилæджы. Ис дзы нырыккон домæнтæн дзуапдæттæн æрмæ-дзтæ, æмæ дзы ахуырдзаутæ зæрдиагæй архайынц фæсурокты, сæ рæстæг пайдайагæй æрвитынц. Ис сын хорз уавæртæ физкультурæ æмæ спортæй архайынæн дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ам цы сывæллæттæ ис, уыдонмæ уæлдай цæстдард хъæуы, узæлын, бамбарын сын сæ миддуне, æмæ ууыл сæхи хъарынц ахуырадон кустуаты специалисттæ. Æнахъом барадхалджытæ, зæгъгæ, искæй дзыхæй куы схауы, уыд сын тынг хъыг вæййы. Сывæллон ацы дунемæ сыгъдæгæй фæзыны, æмæ йæ хъысмæт аразгæ у, йæ алыварс чи ис, уыдонæй. Уарзондзинад, узæлд æмæ цæстдард хъуаг сабитæ, зæгъгæ, растдæр уыдзæн. Æмæ, уый æмбаргæйæ, училищæйы коллектив архайы, цæмæй, сæ дарддæры цард уа æхсæнадæн пайдайаг, раст фæндагыл ацæуой.

Паддзахад сыл ауды, дыууæ азы разæй сын сæ ахуырадон корпус бындуронæй сцалцæг кодтой. Куы йæ байгом кодтой, уæд сæм æрцыд РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, æрзылд хатæнтыл, цалцæджы хæрзхъæддзинадæн бæрзонд аргъ скодта, зæрдиаг ныхас ын бацайдагъ ахуырдзаутимæ.

Арæх æрбахонынц училищæмæ пъæлицæйы кусджыты, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, ветеранты, медицинон кусджыты. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас сæм рауайы патриотизмыл, æхсæнады хи куыд дарын хъæуы, кæрæдзиимæ ахастдзинæдтыл, наркотиктæ, тамако, хъæбæр нозты æппæрццæг фæстиуджытыл. Фыдракæндты тыххæй закъон цавæр дзуапп домы йæ саразджытæй, уый тыххæй сын бамбарынн кæнынц Горæтгæрон районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ.

2025 азы кæрон училищæйы директорæй снысан кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Хъаныхъуаты Сергейы. Ацы æрыгон нæлгоймаг тохы быдыры цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уыдоны тыххæй къорд хæрзиуæгæй хорзæхджын æрцыд – майдантæ «За отвагу», «Ветеран СВО» æмæ æндæртæй. Уыдонмæ ма бафтыд майдан «Ирыстоны намысæн» дæр.

Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд Сергей йе ‘фсымæртау фæтагъд кодта тохы быдырмæ. Афæдз æмæ ‘рдæг службæ кодта фронты раззаг хаххы ныббырстыты бригад «Ветерантæ»-йы рæнхъыты, архайдта Авдеевкæ æмæ Бахмут райсыныл уæззау тохы.

Йе ‘нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ, сæхимæ куы ссыд, уæд ахуырадон программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы æнтыстджынæй бацархайдта æмæ проекты финалмæ рацыд. Йæ разамонæг уыди РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.

Сергейы фæлтæрддзинад ахъаз у училищæйы ахуырдзауты хъомыладон куысты, уый сын у дæнцæг алы хъуыддагæй дæр – ахуыр сæ кæны бæрнондзинадыл, фидар уæвыныл. Йæ фарсмæ æнгом лæууы педагогон куысты ветеран, директоры хæдивæг хъомыладон куысты Коцойты Маргаритæ.  Училищæйы ахуырдзаутæ архайынц, куыд районы, афтæ республикон конкурстæ, фестивальтæ, æркастытæ æмæ спортивон ерысты. Æмæ, алкæддæр фыццæгты рæнхъыты кæй вæййынц, семæ иудадзыг хъомыладон куыст кæй цæуы, уымæн ис бирæ æвдисæндартæ. Се ‘нтыстдзинæдтыл дзурæг сты æнæкæрон бирæ кубоктæ, майдантæ, грамотæтæ, кады гæххæттытæ…

Абон Хъаныхъуаты Сергей æмæ Коцойты Маргаритæ уæхскуæзæй архайынц сæ бæрныгонд сабиты цардмæ фылдæр рухс ахорæнтæ бахæссыныл. Сæ размæ æвæрд хæстæ æууæнкджынæй æххæст кæнынц. Фарнхæссæг адæймæгтæ сты, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн, уымæн æмæ сæ зæрдæйы хъармдзинад сывæллæттæн æнæвгъауæй дæттынц. Сæ ахуырæй уæгъд рæстæг сын саразынц экскурситæ, зонгæ сæ кæнынц нæ адæмы хъæздыг историимæ, республикæйы æнæматериалон хъæздыгдзинæдтимæ, фæдзæхст бынæттимæ. Афтæ, æрæджы абалц кодтой Мамысонмæ, рекреацион фæлладуадзæн комплексыл æрзылдысты, сæ зæрдæмæ тынг фæцыд, бирæ рæсугъд æнкъарæнтимæ æрыздæхтысты.

Ам ма æнæзæгъгæ нæй училищæйы патриотон хъомылады æвæрццæг фæстиуджыты тыххæй. Йæ рауагъдонтæй 65 лæппуйы барвæндонæй ацыдысты сæрмагонд æфсæддон операцимæ. Сæ лæгдзинад æмæ æхсары тыххæй райстой паддзахадон хæрзиуджытæ. Гуæцæлты Тамикæн йæ хæстон хæрзиуджытыл бафтыд майдан «Ирыстоны намысæн», уыцы уагæй раппæлыны аккаг сты Денис Жуков, Иван Селистрельник, Дзæгойты Леван – фараст хæрзиуæгæй хорзæхджын, Тататы Батрадз, Юрий Крюковский, Роман Елисеев, Владимир Кульша. Хъыгагæн, се ‘хсæн ис, хъæбатырæй чи фæмард, ахæмтæ – æртындæсæй сæ цард раттой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Коллективы уæнгтæ сæрыстыр сты сæ хъомылгæнинæгтæй, сæ куыст дзæгъæлы нæу, уый ирдæй зыны.

Училищæйы абон чи ахуыр кæны, уыцы фæсивæд зæгъынц, кæй никæд ферох кæндзысты сæ ахуыры азтæ, сæ ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджыты. Уæззау уавæрты чи хъомыл кодта, йе ‘нахъом азты зындзинæдтæ чи бавзæрста, уыцы чызджытæ æмæ лæппутæ сæхиуыл ам банкъардтой рæвдыд, баууæндыдысты сæ хъарутыл æмæ ныр сæ фидæнæй нæ тæрсынц. Ис сæм царды нысантæ, æмæ, æнæмæнг, сæххæст уыдзысты.

 ГАПБАТЫ Алетæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here