Ацы бонты йæ юбилей бæрæг кæны РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар, литературæиртасæг, филологон наукæты кандидат,Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты доцент, УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Хозиты Барис.
Æрæджы йæ райгуырæн хъæу Рассветы разамынд æмæ цæрджытæ, Æрыдоны районы бынæттон администрацийы бæрнон кусджытæ, нæ республикæйы сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ æрбамбырд сты хъæуы Культурæйы хæдзармæ. Ам арæзт æрцыд Хозиты Барисы сфæлдыстадон изæр «Зондджын æмæ цæстуарзон хистæр». Ирон литературæ, журналистикæ, зонад æмæ аивады рæзтмæ Барис йæ уд æмæ зæрдæйы хорзæхтæй, цæстуарзондзинадæй цы ахадгæ æвæрæн хæссы, уый тыххæй сфæлдыстадон изæры сæ хъуыдытæ æмæ зæрдиаг фæндиæгтæ загътой РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдары хæдивæг, зындгонд прозаик Цомартаты Изæтбег, журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ, газет «Рæстдзинад»-ы бæрнон редактор, поэт Касаты Батрадз, сæрмагонд уацхæссæг Баскаты Уырызмæг, Дзæуджыхъæуы Центрон библиотекæйы хайады сæргълæууæг Дзугаты-Мурасты Риммæ.
Æрыдоны районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Мæрзаты Владислав та юбилейон изæры архайджытæ æмæ уазджытæн æхсызгонæй фехъусын кодта, Хозиты Барисæн, зонад æмæ литературæйы йæ ахадгæ сгуыхтдзинæдты тыххæй лæвæрд кæй æрцыд Æрыдоны районы кадджын гражданины ном, æмæ йын ратта йæ æвдисæндар зæрдылдарæн лæваримæ.
Зындгонд литературæиртасæджы юбилейы агъоммæ Бæстæзонæн патриотон клуб «Райгуырæн бæстæ»-йы сæргълæууæг, историк, журналист, горæт Дигорайы Цæголты Георгийы мемориалон хæдзар-музейы сæргълæууæг Хъарданты Тимур Рассветы хъæуы бынæттон хиуынаффæйады разамонæг Бирæгъты Вадимы размæ рахаста йæ курдиат, цæмæй Барисæн лæвæрд æрцæуа Рассветы хъæуы кадджын цæрæджы ном. Уыцы фæндоныл Вадим æмæ хъæуы цæрджытæ æмхъæлæсæй сразы сты. Æмæ сæ зындгонд æмхъæуккагæн йæ кадгæнæн изæры зæрдылдарæн лæваримæ раттой сæрмагонд æвдисæндар.
Ирон æвзаг æмæ нæ фыдæлты æгъдæутты ахадындзинады тыххæй аив æмдзæвгæтæ бакастысты Рассветы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Æрыдоны Дзугаты Бартуйы номыл адæмон зарæггæнджыты къорды уæнгтæ азарыдысты фыдæлтыккон рагон вокалон уацмыстæ. Курдиатджын хæдахуыр музыканттæ Дзæгъойты Жаннæ æмæ Гаджиты Давид ирон хъандзал æмæ далафæндыртæй акодтой ирон рагон инструменталон композицитæ.
Рассветы хъæуы хистæрты номæй юбилейон изæр саразджытæ æмæ уазджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой Æрыдоны районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæг Хъуппеты Жаннæ æмæ Хозиты Барис йæхæдæг.
Хозиты Барисы юбилейы фæдыл сфæлдыстадон фембæлд уыд Дзæуджыхъæуы Центрон библиотекæйы 1-æм хайады дæр. Йæ саразыны хъæппæрис та разынд Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музей æмæ библиотекæйы кусджытæм. Ацы удварны дыууæ артдзæстимæ Барис æнгом сфæлдыстадон-рухстауæн зæрдиаг куыст кæны йе ‘взонджы бонтæй абоны онг. Йæ хъæппæрис æмæ цæстуарзон амындæй музей æмæ библиотекæйы арæзт æрцæуы тематикон изæртæ, фембæлдтытæ æмæ равдыстытæ.
Юбиляры тыххæй сæ хъуыдытæ æмæ зæрдиаг фæндиæгтæ загътой Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы комитеты сæрдар Бургалаты Заремæ, Барисы æмкурсонтæ, поэттæ Хадыхъаты Фатимæ æмæ Хохойты Энвер, РЦИ-Аланийы Национ музейы хайады сæргълæууæг, зындгонд историк Козаты Петр, Дзæуджыхъæуы Центрон библиотекæйы 1-æм хайады сæргълæууæг Мысыкаты Разитæ, юбиляры номыл йæхи фыст аив æмдзæвгæ бакаст Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы хистæр зонадон кусæг Цхуырбаты Сергей, Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры актрисæ, РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Цырыхаты Розæ, курдиатджын нывгæнæг Асаты Аллæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы ирон адæмон музыкалон инструментты оркестры музыкант Георгий Степанов та фысымтæ æмæ уазджыты зæрдæтæ барухс кодта йæ фæндыры аив зæлтæй.
Хозиты Барис йæ раныхасы радзырдта йæ цард, зонадон æмæ сфæлдыстадон бирæвæрсыг архайды цымыдисагдæр цауты тыххæй.
Сфæлдыстадон фембæлд-изæрмæ сæрмагондæй Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музей æмæ библиотекæйы кусджытæ бацæттæ кодтой Хозиты Барисы цард æмæ сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайдыл дзурæг æрмæджыты мидисджын равдыст.
Юбилейон изæр саразджытæ æмæ уазджытæн мыггаджы номæй зæрдиаг арфæтæ ракодта зындгонд журналист æмæ публицист, æхсæнадон архайæг Хозиты Петр.
ГАСАНТЫ Валери














