Алагиры районы хæххон хъæуты цæрджыты ахъаззагдæр фарста – донæфсисад алыг кæнынмæ бавнæлдтой Цæрæнуатон-коммуналон ведомствæйы специалисттæ. Сæ зæрды ис донæфсисады хыз сног кæнын, дон цæттæгæнæн станцæтæ саразын, нырыккон ифтонггæрзтæ сæвæрын.
Уыцы нысантæ куы сырæзой, уæд афтæ зæгъæн уыдзæн, æмæ хæхбæсты цæрæг 3 мин адæймагæй фылдæр нуазыны донæй æфсæст уыдзысты. Арæзт цы объект цæуы, уый цæттæ у 90 процентмæ. Нуазыны сыгъдæг дон æнæ къуылымпытæй адæммæ кæд хæццæ кæндзæн, уымæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы. Уæлладжыры комы хъæутæн уый æрхæсдзæн стыр удæнцой.
Ныр афæдзы æмбис комы цæуынц донæфсисады рацарæзты куыстытæ. Зæронд хæтæлтæ ивынц ногтæй, сæ дæргъ хæццæ кæны 60 километрмæ. Уыдонимæ сты æфсæнбетонон цъайтæ. Æвæрынц сæ Мызуры, фæстаг нысантæ æххæстгæнгæйæ. Кусæг Хадаты Олег куыд зæгъы, афтæмæй цъайты æвæрынц зынгсирвæзты ныхмæ гидранттæ, хæтæлтæ куы фæхуынкъ уой, уæд цъайы уыдзæн хæтæл æхгæнæнтæ.
Бады хъæуæй Мызурмæ 3 мин метры дæргъæн дыууæ донуадзæн хæтæлы сæвæрдтой. Мызурæй Нузалмæ дæр 2 минæй фылдæр метры дæргъæн донæфсисады хæтæлтæ бахæццæ кодтой. Дарддæр спайда кæндзысты хибар хæтæлтæй. Ныртæккæ æппæт уыцы фæзуатыл бæрæг кæнынц хызон ифтонггæрзтæ.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Надгериты Батрадз куыд зæгъы, афтæмæй ацы объектæн цæттæ у йæ 90 проценты. «Нырмæ ауагътам ног хæтæлты 61 километры, сфидар кодтам 314 цъайы, куыст цæуы дон цæттæгæнæн станцæтыл. Æппæт уыдæттæ хорз фæахъаз уыдзысты Уæлладжыры комы цæрджытыл», – фæбæрæг кодта министры хæдивæг.
Ацы нысантæ конд цæуынц паддзахадон программæ «Цæгат-Кавказаг федералон зылды рæзт»-мæ гæсгæ æмæ национ проект «Инфраструктурæ – цардæн»-ы руаджы. Хъуыддæгтæ аххæсдзысты ацы азы кæронмæ.
Цориты Эльвирæ














