Ирыстоны уарзон фырт, таурæгъон богал, Уæрæсе æмæ ССР-ы Цæдисы къорд хатты уæлахиздзау æмæ призон бынæттæ рамбулæг, Олимпиаг хъæзтыты 3-аг бынат бацахсæг Дзарасаты Дзабойы фырт Саукуыдз стыр æвæрæн бахаста Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты сырæзтмæ.
Саукуыдз уыди, 1950-йæм азты райдайæнæй 1960-æм азтæм Ирыстоны фæсивæды хъæбысхæсты спортмæ чи разæнгард кодта, уыцы таурæгъты аккаг фæлтæрæй.
Хъæбысхæсты сгуыхтдзинæдтæй уæлдай ма Саукуыдз бирæ хорздзинæдтæ скодта, спортивон æхсæнад «Спартак»-ы разамонæг уæвгæйæ. Йе ‘нтыстджын куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд паддзахадон хæрзиуджытæй, раттой йын «Республикæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы ном.
Æрвылбоны царды Саукуыдз уыд æргомзæрдæ æмæ хæрзæгъдау адæймаг. Уыд уарзон, куыд йæ мыггагæн, афтæ йæ сыхæгтæн, æмхъæуккæгтæн æмæ йе ’мкусджытæн дæр.
Саукуыдз йæ царды фæстаг фынддæс азы цы кæрты арвыста Дзæуджыхъæуы, уыцы сыхæгтæ йæ абон дæр ма мысынц, куыд уарзон куырыхон хистæры. Уыдоны фæндæй, йæ бинонтимæ цы фарастуæладзыгон хæдзары царди, Доваторы номыл уынджы 244-æм бæстыхайы, уый къулыл 17 июлы гом æрцыд Дзарасаты Саукуыдзы фæлгонцимæ мемориалон фæйнæг.
Йæ гом кæныны мадзалмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдоны ’хсæн уыдысты: РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, нæ республикæйы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз, спорты сгуыхт мастер, Олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты уæлахиздзау, дунейы æхсæз хатты чемпион Фадзайты Арсен, нæ республикæйы зындгонд спортивон, культурон æмæ æхсæнадон кусджытæ…
Дзарасаты Саукуыдзы стыр ахадындзинад нæ хъæбысхæсты скъолайы сырæзтæн сæ раныхасы бахахх кодтой Тускъаты Таймураз, Фадзайты Арсен, Фрайты Сослан æмæ мадзал амонæг Сергей Курбатов.
Дзарасаты мыггаджы номæй сæ хистæр Эльбрус зæрдæбын арфæ ракодта мемориалон фæйнæг саразджытæ æмæ йæ гом кæныны мадзалмæ æрбацæуджытæн.
Мемориалон фæйнæг цæмæй арæзт æрцæуа, уый тыххæй зæрдиагæй бацархайдтой, Дзарасаты Саукуыдзы бинонтимæ хæларæй чи фæцарди, уыцы сыхæгтæ, Куындыхаты бинонтæ, Джыгкайты Георги, Мамиты Чермен. Уыдонæй стыр бузныг сты Дзарасаты Саукуыдзы фырт Тимур, Дзарасаты Аллæ æмæ Ирбег.
Æнæмæнг, Доваторы уынджы 244-æм хæдзары къулыл Дзарасаты Саукуыдзы мидбылхудт цы кæстæртæ уыной, уыдонæн уый уыдзæн ныфсы хос æмæ сын амондзæн зындзинæдтæй нæ тæрсын, куыстуарзон æмæ хæларзæрдæ уæвын, фыдæлты кад æмæ æгъдау бæрзонд хæссын!
Баскаты Уырызмæг














