Культурæйы хæдзары ног цард

0
43

2024 азы национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты 2025 азы национ проект «Бинонтæ»-йы руаджы Мæздæджы муниципалон районы Комаровойы хъæуы арæзт æрцыд Культурæйы хæдзар.

Кæд культурæйы артдзæс-ты штатмæ гæсгæ æрмæстдæр иунæг адæймаг ис – йæ
разамонæг, уæддæр дзы, куыд фæзæгъынц, цард цæджджинагау фыцы – куыд ас адæмæн, афтæ дзы сывæллæттæн дæр ис, сæ арæхстдзинад æмæ курдиат кæм равдисой, уый. Афтæ, кусы сывæллæтты театралон студи – архайынц дзы, 9 азæй 14 азмæ кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ, хуыцаубонты – «Фæлладуагъды боны клуб «Ныв кæнæм иумæ», алы æртыццæг æмæ сабаты – бийын æмæ къухмийы къорд «Очумелые ручки» – уым сабиты ахуыр кæнынц ныв кæнын æмæ бийын. Культурæйы
хæдзары аразынц, Комаровойы сывæллæттæ æмæ фæсивæд кæм фæархайынц, ахæм алыхуызон культурон-фæлладуадзæн мадзæлттæ. Ис дзы, йæ чингуыты фонд 1500 фылдæр экземпляры кæмæн у, ахæм библиотекæ.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, национ проектты фæлгæты цы объекттæ аразынц, уыдоны тыххæй бынæттон цæрджытæн ис бастдзинад – фæйнæгыл фыст алы объекты QR-код. Уый æххуысæй граждæнтæн сæ бон у æххæстгонд куыстыты тыххæй сæ цæстæнгас зæгъын. Ахæм фæйнæг QR-кодимæ сæвæрдтой Комаровойы Культурæйы артдзæсты раз дæр. Иу граждæнин уый æххуысæй йæ хъаст бахаста, клубы дискотекæтæ кæй нæ аразынц, стæй, арæзтадон куыстытæ нывыл конд кæй не сты, уый тыххæй. Уайтагъд РЦИ-Аланийы проектон архайды управлени хабар фехъусын кодта Мæздæджы районы разамонджытæн, уыдонимæ – Веселовскоейы хъæуы сæргълæууæгæн дæр.

Хъуыддагмæ лæмбынæг æркастысты Мæздæджы муниципалон районы культурæйы фарстатыл дзуапдæттæг хайад æмæ Веселовскоейы хъæуы сæргълæууæг æмæ сбæрæг кодтой, Культурæйы хæдзары арæзтад нырыккон домæнтæн дзуапп кæй дæтты, районы абон æппæты хуыздæр культурон артдзæст кæй у, арæзтадон куыстытæ проектон-хæрдзты документтæм гæсгæ бæрзонд хæрзхъæддзинадимæ конд кæй æрцыдысты. Дискотекæты фарста хæстæгдæр рæстæг лыггонд æрцæу-дзæн, ныртæккæ сæм хъæугæ музыкалон аппаратурæ нæма ис, фæлæ фарста лæууы районы культурæйы фарстатыл дзуапдæттæг хайады боны фæткы – 2027 азы районы бюджеты проектмæ хаст æрцæудзæн.

 ГАПБАТЫ Алетæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here