Цæгат Ирыстоны цæрджытæ къорд боны дæргъы – 29 июлæй 2 августмæ уыдысты IV Æппæтуæрæсеон этнофестиваль «РОН-2026»-ы архайджытæ æмæ базонгæ сты Уæрæсейы адæмты материалон æмæ æнæматериалон объекттæ, сфæлдыстад æмæ адæмон культурæйы нырыккон хуызтимæ, федтой æрмдæсныты конд дзауматæ, уæлæдарæс, байхъуыстой алы адæмты музыкæмæ…
Этнофестивалæн ис стыр ахадындзинад – æвдисы æмæ парахат кæны Уæрæсейы адæмыхæттыты национ традицитæ æмæ культурæйы хицæндзинæдтæ.
Уыцы бонты Сабырдзинады фæзмæ чи ‘рбацыд, уыдонæн фадат уыдис æрмæст фенын нæ, фæлæ ма æрмдæсныты конд алыхуызон рæсугъд дзауматæ балхæнын дæр, æмæ бирæтæ уыцы гæнæнæй спайда кодтой.
Этнофестиваль «РОН-2026»-ы кæронбæттæны Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады фæзы арæзт æрцыд гала-концерт. Концерты агъоммæ æрбацæуæг адæмæн фæзы сарæзтой мастер-кълас «Симд» кафынæй, стæй ма сын равдыстой 18 дизайнеры конд уæлæдарæсы этно-коллекцитæ Уæрæсейы аст регионæй.
Гала-концерты сценæйы кæрæдзийы ивтой ансамбльтæ «Лествица», «Солнце Алании», концертмæ кæсджытæ байхъуыстой хъуытазхъæлæс Хъæбæлоты Руслан æмæ Хъесаты Викторияйы зарджытæм. Дард Якутийæ ссæуæг уазæг Олена Уутай та адæмы дисы бафтыдта, хъуырæй зард кæй хонынц, уый руаджы, хомусыл цæгъдгæйæ, алыхуызон сырдты куыд фæзмыдта, уымæй. Хореограф Байты Альбинæйы номарæн кафт акодта йæ чызджы чызг Альбина Тавадова.
Фестиваль йæ куыст фæци, фæлæ нæ республикæйы цæрджытæн цы рæсугъд æнкъарæнтæ балæвар кодта, уыдон сæ бирæ рæстæг тавдзысты, æмæ та æнхъæлмæ кæсдзысты ног фембæлдмæ.
ГАПБАТЫ Алетæ













