«Цы у ирон æвзаг мæнæн?..»

0
22

«Æхсызгон мын вæййы, сывæллæттæ цингæнгæйæ куы фæзæгъынц, нæ уарзон предмет – ирон æвзаджы урок нæм ис ныр, уæд уый. Канд мæхи тыххæй мын нæ вæййы æхсызгон, иннæ ахуыргæнджыты тыххæй дæр», – зæгъы, мадæлон æвзаджы ахуыргæнæгæй 40 азы чи кусы, уыцы хæрзуд, сыгъдæгзæрдæ хъомылгæнæг Хозиты Чермены чызг Эльвирæ – Уæрæсейы ахуырады сгуыхт кусæг, Колыты Аксойы номыл премийы лауреат.

Хетæгкаты Къостайы номыл университеты филологон факультеты 4-æм курсы ма куы ахуыр кодта, уæд бацыд скъоламæ кусынмæ. Дзæуджыхъæуы 3-æм, фæстæдæр – горæты 2-æм скъолайы лæвæрдта ирон æвзаг æмæ литературæйы урочытæ. Фæлтæрдджын ахуыргæнæджы йæ фæллойадон фæндаг акодта Цæгат Ирыстоны Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институтмæ, 28 азы дзы æнæзæрдæхудтæй бакуыста кабинеты сæргълæууæгæй, стæй та – методистæй. Йæ зонындзинæдтæ ‘нæвгъауæй парахат кодта Ирыстоны мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытыл. Уыцы иу рæстæг кодта æмæ ныр дæр кæны ахуыргæнæджы куыст Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы. Сæрыстыр у йæ уарзон ахуыргæнæндонæй, йæ разамонджытæй – Джимиты Хаджумары чызг Галинæ æмæ Къадзаты Алыксандры чызг Людмилæйæ, мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæй. Æнувыдæй архайынц, æмæ сын æнтысгæ дæр кæны.

– Нæ уынын мæ цард æнæ мадæлон æвзаг. Гыццылæй нырмæ бирæ уарзын ирон ныхас, литературæ, ирон адæмон дзургæ сфæлдыстад. Раззаг партæйыл бадтæн æдзух, нæ ахуыргæнæг Дзапарты Мария домаг уыд, уый нын бауарзын  кодта не ‘взаг. Хистæр кълæсты та – Хъойбайты Владимиры чызг Зоря, иттæг хорз зоны ирон æвзаг æмæ литературæ. Нæ фыдымад Бирæгъты Елиса, мæ ныййарджытæ – мæ фыд Чермен æмæ мæ мад Таугазты Азæ сæ кæстæртимæ æдзух иронау дзырдтой, ахуыр нæ кодтой æгъдауыл. Мæ хистæр æфсымæр Эрик дæр ирон филологийы факультет каст фæцис, акуыста Кæрдзыны скъолайы ахуыргæнæгæй, уый фæстæ – нæ райгуырæн Рассветы скъолайы.

Мæ амонд кæм ссардтон, уыцы бинонты ‘хсæн дæр æвзаг, æгъдау, ирондзинад бæрзонд æвæрд уыдысты æмæ сты. Мæ хицау Дмитрий – афицер, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, хæцыд белоруссаг партизанты рæнхъыты, бирæ хæрзиуджытæй хорзæхджын æрцыд. Æгæрон бирæ уарзта мадæлон æвзаг æмæ нæ ирондзинад. Арæх-иу дзырдта, бирæ не стæм æмæ кæрæдзиуыл хъуамæ хæцæм, бинонты ‘хсæн дзурæм иронау, уый та хистæртæй цæуы, зæгъгæ. Скъолайы историйы ахуыргæнæгæй дзæвгар фæкуыста Тарскæйы скъолайы. Филологон факультет каст фæуыны фæстæ уым уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй бакуыста мæ ходыгъд Хуыбиаты Фатимæ дæр, нымад уыд хорз ахуыргæнæгыл. Нæ бинонты кæстæр чындз Мзокты Лянæ дæр ацы факультет каст фæцис, у педагогон наукæты кандидат, кусы ЦИПУ-йы, студенттæн кæсы лекцитæ ирон æвзаг æмæ литературæйы методикæйæ, – дзуры нын Эльвирæ.

Йæ рæстæджы Ирыстоны разагъды лæг Колыты Аксо загъта: «Ахуыргонд мад – ахуыргонд сывæллæттæ – ахуыргонд æхсæнад». Рассветы фарастазон скъолайы сæ фыццаг ахуыргæнæг Рæмонаты Зæирæ уыд. Ахуыр сæ кодта, цæмæй зæрдиагæй бауарзой ирон аив дзырд, банкъарой йын йæ рæсугъддзинад, куыд хъæздыг у, уый. Абон сывæллæттимæ кусынц ног федералон ахуырадон стандартты домæнтæм гæсгæ, традицион методикæйыл æнцойгæнгæйæ. Уроктæ мидисджын, хъуыдыджын, алыхуызон æрмæгæй хъæздыг хъуамæ уой:

– Раздæр дæр традицион урок кодтам къæпхæнгай, ныр æй хонынц мотивацион уавæр. Скъоладзау зыдта, урок куыд цæудзæн, уый. Ныр та ма хъуамæ зона, цæмæй райдайдзæн æмæ куыд фæуыдзæн, уый. Уымæ гæсгæ алы урочы дæр хъуамæ уа мотивацион хай, архайын хъæуы, цæмæй дзы ахуырдзаутæ зонгæ кæной нæ историимæ, хъуыстгонд адæймæгтимæ, адæмон сфæлдыстадимæ. Стæй сындæггай рахизын ног æрмæгмæ, зонындзинæдтæ ныффидар кæнынмæ. Ирон зарджытæ, уыци-уыцитæ, тематикон урочытæ, цæстуынгæ æрмæг – æппæт уыдæттæй пайда кæнын хъæуы урочыты, – амоны фæлтæрдджын хъомылгæнæг.

Нырыккон ирон æвзаджы ахуыргæнæг цавæр хъуамæ уа? Эльвирæйы хъуыдымæ гæсгæ, уарза сывæллæтты, йæ мадæлон æвзаг, литературæ, нæ историйы тыххæй æрмæджытæ кæса æмæ сæ сывæллæттæн уарзын кæна. Хус урочытæ нæ, фæлæ уæлæмхасæн æрмæгæй дæр пайда кæна, уый та бирæ ис интернеты тыгъдады. Ахсджиаг у фæсурочыты куыст, сывæллоны миддуне тынгдæр райхæлы. Йæ хъомылгæнинæгтæ æнувыдæй фæархайынц скъолайы, республикон предметон олимпиадæты, конкурсты, фестивальты æмæ дзы раззагдæр бынæттæ бацахсынц. Скъоладзаутæ, уæлдайдæр кæстæртæ, арæх фæвæййынц кæрæдзимæ, мæн дæр фæнды æмдзæвгæ радзурын, зæгъгæ. Уыдæттыл та кусын хъæуы, фæлæ бинонтæ сты сæйрагдæр æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаджы: скъола, ахуыргæнæг, скъоладзау. Ацы æрттигъ нырма ничи аивта, кусын ыл хъæуы ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй. Ныййарджытæ, бæргæ, сывæллæттимæ фылдæр куы кæсиккой чингуытæ, газеттæ æмæ журналтæ ирон æвзагыл. Сывæллон цыфæнды размæдзыд куы уа, уæддæр йæ мадæлон æвзаг хъуамæ зона. Науæд не ‘мбардзæн, æцæг ирон кæй у, уый. Нæ риутæ хойæм, аланты байзæддæгтæ стæм, зæгъгæ. Ныхæстæй йæ нæ хъæуы кæнын, фæлæ бацархайæм, Къостайы загъдау, кæрæдзийы бауарзæм, ирон адæм!

– Ныр уавæр бирæ хуыздæр у, æркастытæ, конкурстæ сбирæ сты, фæлæ ма бирæ ис æркæсинаг фарстатæ дæр. Уый мæнæй аразгæ нæу, фæлæ скъолайы фæстæ, ахуырмæ цæугæйæ, абитуриенттимæ куы скæниккой ирон æвзагыл ныхас, уæд уый рауагъдонты мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ разæнгард кæнид. Хорз нæу, мадæлон æвзаджы фæлварæн кæй айстой, уый дæр. Архайд иумæйаг хъуамæ уа, –ахæм у йæ хъуыды Эльвирæйæн. Йæ царды нысан у мадæлон æвзагæн лæггад кæнын, йæ сæууон стъалыйы рухс ын сабиты зæрдæтæм уадзын, йæ сыгъдæг суадонæй сын нуазын кæнын, цæмæй, куы бахъомыл уой, уæд уыцы стыр хæзна цыкурайы фæрдыгау хъахъхъæной æмæ йæ дарддæр æрдхæрæны лæварау адæттой. Ахуыргæнæджы сæйраг хæс – сывæллонæй хорз адæймаг схъомыл кæнын. Ирон зæххыл ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр цы сты, уыдон – ирон æгъдау, æфсарм, лæгдзинад æмæ намысæй цæмæй хайджын уой кæддæриддæр. Ацы хъуыдыйæ Эльвирæмæ равзæрд цыппаррæнхъон:

 Цы у ирон æвзаг мæнæн,

Сæууон хурау рæвдауы мæн,

Нæй рох кæнæн нæ фыдæлты хæзнатæн,

Æмæ йыл стырзæрдæ ды ма кæн!

 ХУЫБИАТЫ Ларисæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here