Национ проекттæ æххæстгонд цæуынц

0
16

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд æмбырд культурæйы къабæзты сæйрагдæр рæзты тыххæй. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, ныхас цыди, паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, культурæйы артдзæстыты модернизаци, стæй сæ курдиæттæ (заявка) бадæттын æмæ финансон-хæдзарадон архайды фарстатыл.

Æмбырды архайдтой республикæйы æххæстгæнæг хицауад æмæ дзуапдæттæг ведомствæты разамонджытæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ.

РЦИ-Аланийы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2026 азы культурæйы къабазы мадзæлттæн уагъд æрцыд 520 милуан сомæй фылдæр.

Национ проект «Бинонтæ»-йы мадзæлттæ сæххæст кæнынæн лæвæрд æрцæудзæн 230 милуан сомæй уæлæмæ. Ахсджиагдæр проекттæ Æппæтдунеон музейон-патриотон центр «Беслæн. Скъола №1»-ы экспозици саразын æмæ йæ уый фæстæ Уæрæсейы нырыккон æфсæддон историйы центрон паддзахадон музеймæ раттын; Тугъанты Махарбеджы номыл Национ музей техникон æгъдауæй сифтонг кæнын.

Дзæуджыхъæуы дарддæр 2-æм æмæ 4-æм филиалты модулон библиотекæтæ арæзт цæуынц. Ныртæккæ сын æлхæд сты чингуытæ, оргтехникæ, рудзынгæмбæрзæнтæ, кондиционертæ, музыкалон инструменттæ, бадзырдтæ бафыстой хæдзары дзаума æрбаласыны тыххæй.

Иннæ стыр ахадындзинады нысанимæ проект у Тауаситы Сослæнбеджы номыл Сывæллæтты аивадон скъолайы фæзуаты Креативон индустриты скъола байгом кæнын. Ныртæккæ агъуыстытæ цалцæг кæнынц, августы сын райсдзысты ифтонггæрзтæ, стæй сæ ахуырадон уæтты æрæвæрдзысты. Скъола байгом уыдзæн 2026 азы сентябры.

Уæлдай æргом аздахын Дзанайты Барис бахæс кодта культурон объекттæ туристон маршруттæм бафтауын æмæ сын республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн сæ рæсугъддзинад равдисынмæ.

Уымæй уæлдай ма республикæйы хъæуты Культурæйы хæдзæрттæ, чиныгдæттæ æмæ иннæ артдзæстыты рæзтыл архайын хъæуы. Арæзт æрцыдысты ног объекттæ, бирæтæ дзы цалцæг æмæ бындурон цалцæггонд æрцыдысты. Хъæуты цæрджытæн фæлладуадзæн фæзуæттæ цæмæй уа, æмæ дзы граждæнтæ зæрдиагæй архайой, уый тыххæй æппæт гæнæнтæй пайда кæнын хъæуы.

Æмбырды æркастысты, 2027 азмæ курдиæттæ бадæттыны кампани куыд цæуы, уыцы фарстамæ. Гуыдиаты Батрадз фехъусын кодта, Культурæйы министрад кæй арвыста курдиæттæ культурæйы уагдæттæ материалон-техникон æгъдауæй сифтонг кæнын, стæй хуыздæр культурæйы артдзæстытæ æмæ хуыздæр кусджыты схорзæхджын кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай ма РЦИ-Аланийы Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад дæр арвыста курдиæттæ культурæйы объекттæ сцалцæг кæнын æмæ саразыны тыххæй.

Федералон фæрæзтæ æрбаздахыны тыххæй дзургæйæ, Дзанайты Барис бафæдзæхста уыцы куыст фæтагъддæр кæнын.

– Ныртæккæ курдиæттæ бадæттыны кампани йæ тæмæны бацыд. Дарддæр дæр федералон æмвæзады зæрдиагæй архайын хъæуы республикæйы культурон объектты инфраструктурæ сног кæныны фарстатыл. Бирæ хъуыддæгтæ арæзт цæуы, регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло нын нæ размæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдон сæххæст кæныны тыххæй. Фæлæ ма баззад, алыг кæнын кæй хъæуы, ахæм фарстатæ. Дарддæр хæццæ кæнын хъæуы культурæйы артдзæстытæ банывыл кæныны мадзæлттæ, цæмæй æмбæлгæ уагыл арæзт цæуа сæ куыст нæ республикæйы цæрджыты фæндиаг, – фæбæрæг кодта республикæйы Хицауады Сæрдар.

Хицæнæй ма æмбырды архайджытæ æркастысты, культурæйы уагдæттæ сæхи фæрæзтæ бакусынæн цавæр мадзæлттæ аразынц, уымæ. Дзанайты Барис бахæс кодта дзуапдæттæг министрадæн республикæйы культурон артдзæстытæн уæлæмхасæн гæнæнтæ ссарын сæ финансон-хæдзарадон архайд фæхъомысджындæр кæныны тыххæй.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here