Дзæуджыхъæуы фæзынд сывæллæтты цæстыты низтæ хъахъхъæнæн паддзахадон кабинет. Байгом æй кодтой горæты 7-æм поликлиникæйы бындурыл. Кабинет æххæст у цæстыты низтæ раиртасыны нырыккон ифтонггæрзтæй æмæ се сдзæбæх кæныны фæрæзтæй.
Кабинеты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы фæзынд сывæллæтты офтальмологон æххуыс, йæ фадæттæ ныфс дæттынц рынчынтæ æмæ ныййарджытæн. Низ раст раиртасыны фæткимæ баст у сабийы æнæниздзинад. Нырыккон ифтонггæрзтæ бар дæттынц офтальмологон низ рагацау раиртасынæн, уымæй дарддæр дзы ис низ дзæбæх кæныны аппараттæ дæр.
Чысыл сабитæн фæзынд лæвар медицинон æххуыс райсыны фадат, ныр сæ хицæн адæймæгты клиникæтæм цæуын нал хъæудзæн. Дохтыртæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй паддзахадон амбулаториты офтальмологон медицинон æххуыс æххæстæй лæвæрд нæ цыд. Аххосаг баст уыд хъæугæ ифтонггæрзты кадавардзинадимæ. Фæлæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй фæрæзтæ радих кодтой æмæ хъæугæ ифтонггæрзтæ балхæдтой. Цакъоты Жаннæ у паддзахадон кабинеты медицинон хо, йæ ныхасмæ гæсгæ кусынц дыууæ аппаратыл.
Сæ иу дзæбæх кæны цæсты гагуыйы зылындзаст, иуварс куы ахизы гагуы, уæд æй аппарат йæ бынатмæ рахоны сабыргай. «Сывæллæттæ ацы аппарат уарзынц, йæ ахадындзинад бæрзонд у, сабитæ ацы цæсткæсæнты руаджы бирæ нывтæ кæнынц», – зæгъы медицинон хо. Куыд фæбæрæг кодта Цакъоты Жаннæ, афтæмæй бонмæ æрбацæуы 10 рынчынæй фылдæр. Хъуамæ райсой дзæбæхгæнæн 10 мадзалы. Офтальмолог куыд зæгъы, афтæмæй цæстыты уынынад фæфылдæр вæййы 30 проценты онг, ноджы ма кабинетмæ цæуын кæй бахъæудзæн, ахæмтæ дæр дзы ис.
Кабинет ифтонг у хъæугæ аппараттæй, дзæбæхгæнæн фæрæзтæй. Ацы ран цæстыты низтæ, зæгъæм хæстæгмæ æвзæр уыныны, цæсты гагуыйы зылындзаст, æндæр низтæ иртасынц æмæ сæ дзæбæх кæнынц. Кабинеты фæзынд æнæмæнг хорзæрдæм фæбæрæг уыдзæн республикæйы офтальмологон службæйы рæзтыл. Нырыккон технологитæ бар дæттынц медицинон æххуыс райсынæн. Уымæ гæсгæ рынчын сывæллæттæм æххуыс афоныл хæццæ кæндзæн.
Низ раиртасын æмæ дзæбæх кæныны мадзæлттæ райсæн ис лæвар Медицинон фæдзæхстады полисы руаджы, æрмæстдæр офтальмологæй райсын хъæуы æрвыстæг.
Дзуццаты Мæдинæ














