Æрвылаз августы дыккаг хуыцаубоны нæ бæстæйы сбæрæг кæнынц Аразæджы бон. Ацы аз у юбилейон – райсом æй Уæрæсейы сбæрæг кæндзысты 70-æм хатт. Уый у, йе ‘рвылбоны архайдæй нæ республикæ æмæ нæ паддзахады фидæн чи аразы, уыдоны профессионалон бæрæгбон. Фидаргонд æрцыд 1955 азы 6 сентябры Советон Цæдисы Сæйраг Советы указмæ гæсгæ.
Аразæг у зæххыл æппæты рагондæр дæсныйад – равзæрд фыццаг адæймагимæ. Цæрæн бынат, доны сæрты хид, фæндаг – уыдон нын сты аразæджы лæвæрттæ. Æнцон нæу цыфæнды боныхъæды дæр куысты сæргъы æрлæууын, фæлæ нæ царды ахсджиаг бынат кæй ахсынц, уый дæр дызæрдыггаг нæу. Абон нæ горæттæ æмæ хъæутæ уыдоны къухты æвæллайгæ фæллойæ рæсугъд кæнынц, нырыккон хуыз исынц, æмæ сын уый тыххæй кад кæнæм.
Аразæджы боны кадæн Уырыссаг академион театры цы æмбырд арæзт æрцыд арæзтадон къабазы ветерантæ æмæ абоны хъазуатон кусджыты кадæн, уырдæм арфæтимæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георги, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат, культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеслав.
Регионы разамонæг йæ арфæйы ныхасы загъта:
– Цæгат Ирыстоны егъау проекттæ æххæстгонд цæуынц: аразæм æмæ цалцæг кæнæм скъолатæ, рæвдауæндæттæ, культурæйы артдзæстытæ, рынчындæттæ, цæрæн хæдзæрттæ. Нæ хъæутæ æмæ горæтты æддаг бакаст аивдæр кæны, фæзынди дзы зæрдæмæдзæугæ ног фæлладуадзæн бынæттæ, æнцонвадат фалдзустæ. Æппæт уыдæттæ сты сымах æрвылбоны æнæхин куысты руаджы.
Уæлдай арфæйы аккаг сты, абон Запорожъейы облæсты Черниговскаг муниципалон зылды уæззау уавæрты чи архайы, социалон объекттæ чи цалцæг кæны, уыцы ирыстойнаг аразджытæ, мах сæ сæрбæрзонд стæм.
Нæ зæрдæ райы фæсивæды архайдæй дæр – колледжтæ æмæ уæлдæр ахуыгæнæндæтты студентты ныртæккæ фенæн ис республикæйы арæзтадон фæзты. Абон уым цы фæлтæрддзинад райсой, уый сын сæ фидæны царды ахъаз уыдзæн.
Зæрдиаг арфæ кæнын арæзтадон къабазы кусджытæн! Бузныг уæ куыстуазондзинад æмæ арæхстдзиады тыххæй. Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын ут, æнæниз æмæ æнæ-мастæй цæрут! – загъта Сергей Меняйло.
Бæрæгбон æнæ хæрзиуæг нæ вæййы, æмæ сæ фæллойадон бæрзонд бæрæггæнæнты фæстиуæгæн регионы Сæргълæууæг сæмбæлын кодта, хорзæхджын дзы чи ‘рцыд, уыдоныл.
Æнæххæстбарджын æхсæнад «Южстальконструкция»-йы разамонæг Дзидзойты Хъазыбеджы фырт Мурат райста арфæ Уæрæсейы Федерацийы Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады бардзырдмæ гæсгæ; РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указмæ гæсгæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт аразæджы ном лæвæрд æрцыд Мæздæджы муниципалон районы архитектурæ æмæ арæзтады хайады хицау Эльнарæ Рамизы чызг Заздравныхæн. Арæзтады къабазы æнтыстджын куысты тыххæй РЦИ-Аланийы Кады гæххæттæй хорзæхджын æрцыдысты Æнæххæстбарджын æхсæнад «Ремгражданреконструкция»-йы кусæг Бæззаты Тузары фырт Толик, Æнæххæстбарджын æхсæнад «Корпорация – Регионстрой»-ы сæйраг бухгалтер Бестауты Русланы чызг Эльвирæ æмæ къабазы иннæ æнтыстджын кусджытæ.
Кæронбæттæны республикæйы аивадон коллективтæ сæ курдиæттæй барухс кодтой бæрæгбоны архайджыты зæрдæтæ.
ГАПБАТЫ Алетæ














