Гисойы хабæрттæ

0
17

Мырзаганты Махарбег нæм редакцимæ арæх цыдис. Уæлдайдæр ма куы базыдта æз куырттатаг хæрæфырт дæн, уæд ын уый та уæлдай æхсызгондæр уыд. Махарбег цæргæбонты милицæйы фæкуыста сыбираг горæтты, фæлæ Ирыстон, йæ фыдыуæзæг рох никуы кодта. Нæ фыдæлты царды хабæрттæ, фольклор æмæ æгъдæуттæ афтæ бæлвырд зыдта, æмæ-иу æм адæймаг хъусынæй не ‘фсæст.

Йæ фыд Уанейы тыххæй чиныг куы цæттæ кодта, уæд уырдæм бахаста иууылдæр йæ мысинæгтæ, мæнæн кæй радзырдта, уыдонæй  та æз тынгдæр мæ зæрдыл бадардтон Махарбегæн йæ фыды фыдыфыд Гисойы цымыдисаг хабæрттæ. Махар куыд дзырдта, афтæмæй Гисо фæцард  167 азы. Абон дæр йæ  цырт рагон  къæйдурæй  конд лæууы Хæрисджынæй Хилакъгомы ‘хсæн фæндаджыбыл.

– Мæ фыдæн йæ кæстæр æфсымæр Сахъман ма æрæййæфта Гисойы. Сахъман йæхæдæг 1900 азы гуырд уыдис. Гисо райгуырд 1746 азы,  йæ цардæй та  ахицæн 1913 азы. Сахъманæй фехъуыстон ацы хабар. Цæвиттон, Мырзаганты Джена æмæ Тепсарыхъо  Еглауы зæххытæ балхæдтой – 900 дæсæтины. Гисойæн æй æппæлæгау ракодтой, æнхъæл уыдысты æмæ уымæн уыцы базар йæ зæрдæмæ фæцæудзæн, зæгъгæ. Фæлæ сæм Гисо лæмбынæг байхъуыста, стæй сын загъта: «Бæргæ хорз хъуыддаг сарæзтат, фæлæ уын хорзæй нæ ахицæн уыдзæн. Ацы власт тагъд рæстæджы ивгæ кæндзæн æмæ бирæ фос, стæй зæххытæ кæмæ уа, уыдон æфхæрд æрцæудзысты. Уымæ гæсгæ, фæстæмæ ацæут æмæ уæ зæххытæ ауæй кæнут.  Цы гæнæн уыд Джена æмæ Тепсарыхъойæн. Фæстæмæ ауæй кодтой уыцы зæххытæ: фæйнæ ссæдз дæсæтины Гæбуатæн, Елхъанатæн, Цоколатæн, Мсойтæн, Хестантæн, Джелытæн, Хæдарцатæн æмæ Гæджынатæн. Фæйнæ фынддæс дæсæтины та  Цгъойтæн, Токатæн, Гусатæн, Дзанæгатæн æмæ æндæртæн. Хистæр фæлтæры ныхæстæм гæсгæ, Гисо дзырдта, æрцæудзæн, дам, ахæм рæстæг æмæ Кавказы хæхтыл дыууæрдæм рог хæдтулгæтæ цæудзысты. Фыдыбæстæйы Стыр хæст уыдзæн, уый дæр базыдта. Уæрæсе, дам, фæуæлахиз уыдзæн, фæлæ дзы тынг бирæ адæм фесæфдзæн. Сахъман, йæ фыд Хъамболат æмæ иннæтæ-иу дис кодтой, куыд æгъдауæй-иу базыдта Гисо, цы ‘рцæудзæн, уый.

Хилачъы Гуытъиаты хъæуæй Хæрисджыны астæу ис Гуытъиаты Тыркайы хуым. Уый у дзæбæх ран. Ис дзы хуымгæнæн, хосгæрдæн æмæ фосхизæн бынæттæ. Гисо йæ кæстæртæн бабар кодта, ацæут Тыркайы хуыммæ нæ фос батæрут æмæ уым хизой, зæгъгæ. Æмæ Гуытъиатæ та цы зæгъдзыс-ты, афарста Гисойы бинонты кæстæр. – Ацæут æмæ уын куыд загътон, афтæ кæнут, Гуытъиатимæ мæхæдæг дзурдзынæн, – дзуапп радта Гисо. Гуытъиатæ сæ хъаст пъырыстыфмæ бахастой. Пъырыстыф уæрдоныл бацыдис Тыркайы хуыммæ, цæмæй хъуыддаг равзара. Гисойы уым баййæфта æмæ йæ фæрсы: «Ды Тыркайы хуымы дæ фос цæмæн хизыс?. Гисо йæхи мæстыхуыз скодта, йæ къухтæ батымбыл кодта, йе ‘рфгуы-тæ арц слæууыдысты, афтæмæй пъырыстыфмæ хæс-тæг бацыд: « Зæгъ-ма, кæй зæххытæ сты? Пъырыстыф Гисойæ тæрсгæйæ уæрдоны алыварс зилы. Гисо та йæм ноджы хæстæгдæр балæууыд æмæ йæ тызмæгæй фæрсы: «Зæгъ-ма кæй зæххытæ сты? Пъырыстыф дзы бынтондæр фæтарст æмæ йын афтæ бакодта, абонæй фæстæмæ, дам, дæу зæххытæ. Афтæ Тыркайы хуымы зæххытæ Мырзаганты баисты. Абон дæр æй адæм Тыркайы хуым – Мырзаганты уæтæртæ хонынц.

Иу цалдæр азы размæ Хъæстуаты булкъон газет «Рæстдзинад»-ы фыста: «Мырзаганты Гисо фæцардис сæдæ азæй фылдæр, цавæрдæр тых æм лæвæрд уыдис Хуыцауæй. Уый фæдзæхста, зæгъгæ, дам, куы амæлон, уæд сылгоймæгтæ æхсæв мæ разы ма бадæнт. Куы амард 1913 азы, уæд нæлгоймæгтæ  Гисойы ныхас фехъусын кодтой сылгоймæгтæн. Уыдонæн сæ къæйныхдæр афтæ: «Гисо уый загъта, æгас ма куы уыд, уæд, фæлæ ныр мард у æмæ мах йæ разы æхсæв баддзыстæм.  Хæдзары сыгъдис сойын цырæгътæ. Дымгæ дæр нæ уыд, афтæмæй фæсæмбисæхсæв цырæгътæ иууылдæр ахуыссыдысты. Сылгоймæгтæ хъæргæнгæ, тарстæй талынджы фæйнæрдæм лыгъдысты.  Нæлгоймæгтæ сæм дзурынц: «Нæ уын загътам Гисойы фæдзæхст, фæлæ йæ нæ сæххæст кодтат æмæ уын кæй аххос у, зæгъгæ.  Иунæг сылгоймаг дæр Гисойы размæ æхсæвы нал бацыд. Йæ разы бадтысты æрмæстдæр нæлгоймæгтæ».

Гисойы тыххæй дзырдтой, зæгъгæ, баст уыдис хæйрæджытимæ, стæй йын уыдонæй ус уыдис.  Томайты Ахъмырзæ фæцардис сæдæ азæй фылдæр. Цардис Куырттаты комы  Къорайы. Арæх-иу дзырдта ахæм хабар: «Æз уыдтæн гыццыл лæппу, афтæмæй мæ хис-тæртæ арвыстой Гисомæ, цæмæй иумæ æртæ кæрдзыны скуывтаиккой. Гисо мын афтæ, цу, уал, æз дæр дæ æййафдзынæн. – Мæнæн хæдзары афтæ загътой, демæ-иу æй ракæн.

– Ацу дын зæгъын, мæнæн мемæ æмбæлттæ ис, – схъæр мыл кодта Гисо.  Къора æмæ Хæрисджын сты хохы фахсыл. Къорамæ фæндаг цæуы Уæлгъæуыл, стæй Никъусайыл. Уыдис дзы хорз уæрдонвæндаг, ныртæккæ та дзы машинæтæ дæр цæуынц.  Æнæ Гисо нæхимæ куы ссæ-уон, уæд мæм хистæртæ загъд кæндзысты, зæгъгæ Хæрисджыны хъæугæрон бамбæхстæн. Кæсын æмæ мæнæ Гисо æрбацæуы. Æз фестадтæн æмæ йæ размæ рауадтæн. Уый мæ куы ауыдта, уæд мыл фæхъæр кодта, æз, дам, дын афтæ нæ загътон, мæнæн æмбæлттæ ис, уæд мæм цæуылнæ хъусыс. Æз лидзæджы фæдæн. Бамбæхстæн Хъилдуры фæстæ, кæсын æмæ Гисо фæндагыл нæ, фæлæ йæхи æмраст Къорайы ‘рдæм сарæзта, йемæ цæуы бирæ адæм фæндырæй цæгъдгæ. Æз фæтарстæн æмæ хъæумæ лидзынмæ фæдæн. Гисо куы æрбахæццæ нæ хæдзармæ, уæд йемæ цы адæм уыд, уыдон цыдæр æрбаисты.

Ахæм хабар дæр ма дзырдтой, Къарджиатæ Хидыхъусы мæсыджы рæбын цардысты. Иу хатт бинонтæ сæ хæдзарæй лидзæг
фесты. Сыхæгтæ сæ фæрсынц, цы ‘рцыдис, æд сывæллæттæ уæ хæдзарæй цæмæн лидзут, зæгъгæ. Уыдон тарстæй радзырдтой, дæлимонтæ, дам, нæ нæ хæдзарæй ратардтой. Уæд Гисойы агурынтæ райдыдтой, уый йеддæмæ Къарджиатæн ничи
баххуыс кæндзæн, уый зыдтой. Уыцы рæстæг Гисо быдыры хор ласынмæ уыд æмæ куы æрбацæйцыд, уæд Къарджиатæ йæ размæ рацыдысты æмæ йын лæгъстæ кæнынц: «Фервæзын нæ кæн, нæ хæдзарæй нæ дæлимонтæ фæсырдтой.  Гисо фæллад уыд, фæлæ сын сæ куырдиатæн дæр æнæ дзуапп ратгæ нæ уыд.  Уæрдонæй рахызт, йæ сау нымæт райста æмæ бацагуырдта бæрзы къалиутæй быд уисой. Куы йын æй æрбахастой, уæд æй нымæты бын бакодта æмæ Къарджиаты хæдзармæ бацыд. Сыхæгтæ æмæ хъæубæстæ цымыдис фесты. Иууылдæр кæсынц æмæ дын Гисо хæдзары астæу нымæты бын уисой бакодта, нымæтыл æрбадт æмæ хъæрæй дзуры: «Рацæут æмæ симæм! – Афтæ цалдæр хатты. Гисомæ ничи цыд, уæд цалдæр номы ранымадта, цыдæр диссаджы нæмттæ. Уайтагъд хæдзар адæмæй айдзаг.  Райхъуыст фæндыры цагъд дæр. Уæд Гисо нымæты бынæй уисой фелвæста æмæ сæ уымæй нæмын райдыдта. Адæм лидзынмæ фесты æмæ сæм Гисо дзуры, ацы хæдзары, дам, уæ къах дæр куыд нæуал уа, афтæ. Уыйфæстæ рацыд æмæ Къарджиатæм дзуры, рацæут æмæ уæ хæдзары æнæмæтæй цæрут, – дзырдта йæ фыдæлты рагон хабæрттæ Махарбег.

Рагон адæм æнахуыргонд, талынг уыдысты. Уæд нæ уыд машинæтæ, рухсытæ æмæ адæймаг мæйдары йæ аууонæй дæр тæрсгæ кодта. Афтæ йæм каст æмæ чидæр у. Æндæр абон цы фесты, уыцы дæлимонтæ, бирæ хабæрттæ кæимæ баст сты, уыцы фæстæмæзæвæтджынтæ? Уæддæр адæймаджы цымыдисыл æфтауынц, уыцы хабæрттæ. Алы нацимæ дæр йæхи фольклор, æмæ уырнæнтæ ис. Нæ рагфыдæлтæ куы нæ æрхъуыды кодтаиккой Нарты кадджытæ, Даредзанты таурæгътæ æмæ бирæ æндæр аргъæуттæ, кадджытæ æмæ талынг тыхтæ,  уæд абон цæуыл дис кæниккам, цæмæй раппæликкам иннæ адæмтæн нæ ивгъуыды хъæздыг истори æмæ традицитæй?

Мырзаганты Гисойы цырт æз дæр федтон. Акъул ис иучысыл, фæлæ йæм адæмы къахфвæдтыл кæрдæг нæ зайы. Чидæриддæр ауылты цæуы, уыцы фæндаггонтæн цымыдисаг вæййы ацы тынг рагон объект æмæ йæм цымыдисæй бирæ фæкæсынц.

Саутæты Тамилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here