Горæты арæзтад æмæ архитектурæ

0
16

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО амыдта Горæтаразæг советы æмбырд. Архайдтой дзы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат, горæтаразæг къабазы дæсны архитектортæ æмæ специалисттæ.

Æмбырды ныхас цыд къабазы рæзты ахсджиаг фарстатыл, сæ куысты цы лыггæнинаг фарстатыл сæмбæлынц, æмæ сæ куыд алыг кæнæн ис, ууыл.

Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, сæйрагдæр хæстæй иу у, республикæйы фæзуæтты рæзт, хъæутæ æмæ горæтты архитектурон æддаг бакастмæ иумæйаг цæстæнгас аздахын.

– Горæтаразæг советы сарæзт – ахсджиаг æмæ хъæугæ хъуыддаг у. Фæстаг æртын азы дæргъы иумæйаг горæтаразæг политикæ зæрдæрайгæ нæ уыд. Абон мах хъæуы горæты арæзтады иумæйаг уагæвæрдтыл бакусын. Хъуамæ æмбарæм, горæты архитектурон бакаст куыд рæзы, уый. Уый канд хицæн объекттæм нæ хауы, фæлæ территориты комплексон рæзтмæ дæр, сæ хицæндзинæдтæ сын бахъахъхъæнын, национ бакаст æмæ историон-культурон бынтæ, хæрзвадат горæтаг алфамбылай фæзуат саразын, – фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Республикæйы Сæргълæууæг бахахх кодта, горæтаразæг нысантæм тырнгæйæ, территориты рæзты нырыккон домæнтæ куыд ахсджиаг сты, афтæ хъуыдыйаг сты Цæгат Ирыстоны архитектурон хицæндзинæдтæ дæр.

Горæтаразæг советы хæс у, ахсджиаг проекттыл æмæ республикæйы рæзты фарстатыл профессионалон ныхас кæм цæудзæн, ахæм фæзуат суæвын, æрбаиу кæнын хицаудзинады оргæнты минæвæртты, архитектурон æхсæнад æмæ профилон специалистты.

Советы уæнгтæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй абон регионалон хицауад стыр æргом здахы горæты арæзтад æмæ архитектурæйы фарстатæм. Афтæ, цæрджытæ æхсызгонæй сæмбæлдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хъæппæрисыл, 2026 аз республикæйы Архитектурæйы азæй кæй расидт, ууыл. Уый сразæнгард кодта къабазы рæзтæн æрыгон курдиатджын кадртæ бацæттæ кæнын, горæты арæзтадмæ æргом раздахынмæ.

Æмбырды бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ архайджытæ снысан кодтой Цæгат Ирыстоны горæтаразæг политикæйы дарддæры куысты сæйрагдæр фарстатæ.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here