Ирон дзырдаивад æмæ зонады рæзтмæ, куыд поэт, тæлмацгæнæг æмæ литературæиртасæг, афтæ, зынгæ æвæрæн чи бахаста, уыцы разагъды лæгтæй иу уыдис филологон наукæты кандидат, рухстауæг Ардасенты Навийы фырт Хадзыбатыр. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 115 азы.
Национ культурæйы фидæны зæрдиаг лæггадгæнæг райгуырд 1911 азы 15 сентябры Цæгат Ирыстоны Æрыдоны районы Хъæдгæроны. Ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы Æфсæнвæндаджы техникумы, уырдыгæй фæстæдæр раивта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультетмæ. Æнтыстджынæй йæ каст фæци, æмæ йæ бафæндыд дарддæр ирон филологийы къабазы фылдæр æмæ арфдæр зонындзинæдтæ райсын. Йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæн институты (ныры Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны Гуманитарон æмæ Социалон иртæстыты институт) аспирантурæмæ. Йæ ахуыр дзы кæронмæ æнтыстджынæй æрхæццæ 1937 азы. Бахъахъхъæдта филологон зонæдты кандидаты диссертаци.
Æрыгон цардбæллон ахуыргонд – литературæиртасæг Ардасенты Хадзыбатыр 1938-1940 азты Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты каст лекцитæ ирон литературæйы историйæ. Уый фæстæ та уыд Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæн институты ахуыргонд – нымæрдар æмæ зонадон кусæг. Уыцы иу рæстæг каст лекцитæ Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты (ныры университет) ирон-уырыссаг филологийы хайады.
Фыста уацтæ, рецензитæ, очерктæ æмæ монографитæ ирон литературæйы иумæйаг истори æмæ нæ фысджытæ æмæ поэтты, драматургты, публицистты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Астæуккаг æмæ уæлдæр скъолатæн арæзта ирон литературæйæ ахуыргæнæн чингуытæ.
Ивгъуыд æнусы 20 азтæй райдыдта æмдзæвгæтæ, драмæтæ фыссын. Мыхуыры йын цыдысты газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Æрыгон большевик»-ы, журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фидиуæг»-ы. Ирон æвзагмæ тæлмац кодта номдзыд уырыссаг æмæ нæ бæстæйы адæмты литературæйы классикты уацмыстæ. Зынгæ æвæрæн бахаста тæлмацы жанрмæ æмæ иттæг дæсны раивта нæ мадæлон æвзагмæ Хетæгкаты Къостайы кадæг «Фатимæ». Йæ поэзийы сæйрагдæр зыны Райгуырæн бæстыл æмæ ног советон цардарæзтыл фидар æууæнк, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Сырх Æфсады лæгдзинад æмæ фæсфронты архайæг фæлтæрты удуæлдай фæллой. Нæ литературæйы зынгæ бынат ахсы йæ драмон ныв «Ирвæзынгæнæг». Хадзыбатыр дзы равдыста хæсты тугуарæн азты ирон адæмы фæразондзинад, фыдæлты æгъдæутты арф мидис æмæ хъуыды.
Алы азты нæ республикæйы рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рацыдысты Хадзыбатыры поэтикон, прозаикон уацмыстæ, тæлмацтæ æмæ зонадон чингуытæ: «Сæуæхсид», «Равзæрст æмдзæвгæтæ», «Ирон литературæйы рæзты очерк», «Цард æмæ поэзи», «Рæстæджы улæфт» (ацы дыууæ чиныджы сты йæ литературон критикон уацтæ).
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг дæр Хадзыбатыр йæ зонадон, сфæлдыстадон куыст нæ бамынæг кодта. Немыцаг лæгсырдтæ Дзæуджыхъæумæ куы ‘рбацæйхæццæ кодтой, уымæй бирæ раздæр йæ райгуырæн хъæу Хъæдгæронмæ аласта æмæ йæхи хæдзары бамбæхста Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæн институты хъæздыг архив. Æмæ йæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ сæмбæлын кодта йæ раздæры бæстыхайы.
Зындгонд поэт, литературæиртасæг, тæлмацгæнæг Ардасенты Хадзыбатыр йæ цардæй ахицæн 1968 азы 15 декабры.
Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы Хадзыбатыры райгуырды 115 азы кадæн уыд йæ номарæн изæр. Йæ саразыныл бацархайдтой ацы музейы зонадон кусджытæ æмæ нæ республикæйы Фысджыты цæдис.
Номарæн изæр амыдта æмæ Хадзыбатыры царды зынгæдæр цаутыл лæмбынæг æрдзырдта музейы хистæр зонадон кусæг, поэт, тæлмацгæнæг, журналист Цыхуырбаты Сергей. Фысджыты цæдисы сæрдар, филологон наукæты кандидат Хозиты Барис æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан Гуыриаты Эльмирæ бæстон афæлгæсыдысты Хадзыбатыры æмдзæвгæтæ, тæлмацтæ æмæ литературон-зонадон уацты, монографитæ æмæ ахуыргæнæн чингуыты мидисыл.
Йæ зындгонд æрвады тыххæй йæ мысинæгтæ номарæн изæры радзырдта педагогон куысты ветеран Ардасенты Тамарæ. Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны иугонд «Талатæ»-йы архайджытæй Ардасенты Альберт æмæ ацы артдзæсты иннæ уæнгтæ аив бакастысты Хадзыбатыры æмдзæвгæтæ.
Номарæн изæры хъисфæндырæй ирон фыдæлтыккон инструменталон композицитæ аив ацагъта Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты 1 курсы студент æмæ курдиатджын музыкант Георгий Степанов.
Ирон литературæйы музейы зонадон кусджытæ ма номарæн изæрмæ бацæттæ кодтой Хадзыбатыры чингуытæ æмæ къамты равдыст.
Мысæн изæр саразджытæ, архайджытæ æмæ уазджытæн зæрдиаг арфæ ракодта Ардасенты Таймураз.
Гасанты Валери














