Хуссар Ирыстоны цæрджытæ бацархайдтой республикæйы Президенты рагацау равзарыны хъуыддаджы. Официалон æгъдауæй æвзæрстыты бæрæггæнæнтæ куы сбæрæг сты, уæд паддзахады разамонæг Хъамболты Марат фæсидт Хуссар Ирыстоны цæрджытæм.
Уый, фыццаджыдæр, æвзарджытæн йæ фарсмæ кæй æрлæууыдысты, уый тыххæй бузныг загъта, разæй сæм цы стыр куыст æнхъæлмæ кæсы, уый иумæйагæй кæй æххæст кæндзысты, уымæй сын зæрдæ бавæрдта. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй адæмæй райста æууæнк, уый руаджы социалон-экономикон вазыгджын фарстатæ лыггонд цæудзысты.
«Равзæрстат Президент, хъæлæс кæныны хатдзæгтæ сбæрæг сты. Æвзарæн къамистæм чи æрбацыд, мæ фарс чи рахæцыд, уыдонæн бузныг зæгъын. Цы æууæнк равдыстат, уый мæнæн у стыр бæрнондзинады хос. Разæй нæм æнхъæлмæ кæсы стыр куыст, адæм сты царды хуыздæр уавæрты аккаг, æмбæлгæ æмæ аккаг медицинæ хъуаг, хорз ахуырад райсыны аккаг, райгуырæн бынаты цæрыны фадæттæ сын хъуамæ уа. Уыдон домынц комкоммæ уынаффæтæ, алы боны æвæллайгæ архайд. Уыдæттæ мах, зынаргъ æмбæлттæ, иумæ араздзыстæм!», – загъта Хуссар Ирыстоны республикæйы ног Президент Хъамболты Марат.
Уæрæсейы Президент Владимир Путин раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны республикæйы ног Президент Хъамболты Маратæн. Йæ арфæйы телы загъд куыд æрцыд, афтæмæй æвзæрстытæ равдыстой хуссарирыстойнæгты бæрзонд æууæнк Хъамболы-фыртмæ. Уæрæсейаг разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Мæскуы æмæ Цхинвалы ‘хсæн ахастытæн ис хæлардзинады, æмцæдисонты фæтк.
Владимир Путины хъуыдымæ гæсгæ Хъамболты Мараты фæрцы дыууæ бæстæйы адæмты хуыздæр цардæн ахъазгæнæг фадæттæ, регионалон æдасдзинад æмæ нывылдзинад фæзындзæн. Уымæй уæлдай, Уæрæсейы Президент Владимир Путин Хъамболты Маратæн фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгады арфæтæ ракодта.
Нæ уацхæссæг














