Мæздæджы районы скъолайы агъоммæ ахуырадон организациты хуыздæр практиктæн цы конкурс уыд, уым 29 рæвдауæндоны хуыздæр хъомылгæнæгæн уыд фадат, сæ дæсныйады ногæй цы ис, сæ архайды цы цымыдисаг методикæтæй пайда кæнынц, стæй кæрæдзийы куысты хатдзæгтимæ практикон æгъдауæй базонгæ кæнын.
Скъолайы агъоммæйы ахуырад у, лыстæг хабæрттæ кæм нæй, ахæм дуне. Ахсджиаг дзы сты сывæлллоны æмбæхст æвæрæнтæ раргом кæнын, фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ йæм цырд лæууын, йемæ хæларæй цæрын, аудын ыл, фарстытæ дæттын æмæ сын дзуаппытæ арын. Сывæллоны алы æнтыст дæр баст у хъомылгæнæджы æнтыстджын архайдимæ. Уыцы адæймаг та у, лæмбынæг цæстæнгасимæ, сфæлдыстадон æгъдауæй цæттæ æмæ йæ куыстмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнæг.
Конкурс арæзт æрцыд Хъомылгæнæг æмæ скъолайы агъоммæйы кусджыты боны размæ. Æрбамбырд кодта, æппæты æрыгондæр фæлтæры дарддæры рæзт æмæ ахуыр кæнынæн æрвылбон бындур чи æвæры, уыцы хъомылгæнджытæ æмæ ахуыргæнджыты. Сæ алкæмæн дæр уыцы куыст у, фæлтæрддзинад æмæ хъомылгæнджыты тырнындзинад сывæллæттæн дуне гом кæнын, ахуырады цыд скъолайы агъоммæйы сабитæн уæлдай цымыдис æмæ ахадгæ скæнын. Йæ архайджытæ равдыстой сабитимæ куысты ахуырады нырыккон хуызтæ æмæ хи педагогон æвæрæн уыцы хъуыддаджы. Ахæм хъæппæрис та уымæй хорз у, æмæ канд хи куысты хатдзæгтæ равдисынæн кæй нæ дæтты фадат, фæлæ ма дарддæр дæр æмкусджыты фæлтæрддзинадæй пайда кæнын.
Конкурсы уæлахиздзаутæ – Мæздæджы 3-æм рæвдауæндон «Малыш» (разамонæг Просулкин), райцентры 7-æм рæвдауæндон (разамонæг Дружинина), Луковскæйы 9-æм рæвдауæндон «Казачата» (раза-монæг – Соненко), «Родничок» – Мæздæджы 30-æм рæвдауæндон (разамонæг Тогъуызты И.). Уыдон раздæр сæ фæлтæрддзинадимæ базонгæ кодтой, Дзæуджыхъæуы æрæджы цы скъолайы агъоммæйы ахуырады 2-æм форум «PRO-детство 2026: Лаборатория дошкольных инноваций» ацыд, уый архайджыты. Йæ фæзы радзырдтой сæ сæххæстгонд проекттæ æмæ дæсны-йады ног ссарæггæгты тыххæй. Ахæм мадзæлтты архайгæйæ, базонгæ уæвынæн ис ног дæсны æмкусджытимæ фенын, нырыккон скъолайы агъоммæйы ахуырад куыд рæзы, уый. Хъомылгæнджыты размæ бирæ алыхуызон хæстæ лæууы: сабийы алфамбылай дуне базонынæн æххуыс кæнын, йæ курдиат ын раргом кæнын, иннæтимæ йæ æхсæнады мидæг цæрын ахуыр кæнын, уыцы-иу рæстæг архайын хъæуы, цæмæй йæ зонындзинæдтæм уарзондзинад, сывæллоны æвæрцон ахаст æппæтмæ æмæ цард æргом кæныны циндзинад цæмæй ма фесæфа. Уымæй аразгæ у рæзгæ адæймаджы сабибонты амондджын цард.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
къамтæ систа Наталья Марухина














