Аэропорты инфраструктурæйы рацарæзт

0
21

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд «Новапорт Холдинг»-ы генералон директор Евгений Янкилевичимæ. Ныхасы архайдта Дзæуджыхъæуы аэропорты генералон директор Андрей Чурюмов.

Рæгъмæ рахастæуыд аэропорты инфраструктурæйы ныры уавæр, уæлдæфон атахтыты географи фæуæрæхдæр кæныны нысантæ. Уымæй уæлдай базонгæ сты Цæгат-Кавказы «Новапорт»-ы къордты ног разамонæг Евгений Ильинимæ дæр.

Уæлдæфон наулæууæны рæзты фæлгæты пъланмæ бахастой хорз фадатджын ног терминалы сарæзт, паддзахадон арæнты сæрты ахизæн пункты рацарæзт. Уыцы мадзæлттæ фадат ратдзысты аэропорты бæлццæтты нымæц фæфылдæр кæнынæн. Куыстытæ кæронмæ ахæццæ уыдзысты 2027 азы, проекты руаджы бæлццæтты лæггæдтæ хæрзхъæддæр фæуыдзысты, Цæгат Ирыстонмæ ссæуыны фадæттæ фæхуыздæр уыдзысты.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ
Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here