Бабæрæг кодтой рæвдауæндон

0
16

Æрæджы Республикæ Бурятийы делегаци  РЦИ-Аланийы ЮНЕСКО-йы кафедрæйы минæвæрттимæ иумæ бабæрæг кодтой  Беслæны сывæллæтты 8-æм рæвдауæндон. Ацы рæвдауæндоны  сентябрæй фæстæмæ кæстæр къорды  райдыдтой æххæст кæнын, поликультурон ахуырады полилингвалон модель кæй хонынц, уыцы проект.

Делегаци базонгæ ис, национ культурæ æмæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны, сывæллæтты патриотон-хæрзуагон хъомыладмæ  уæлдай фылдæр цæстдард кæм цæуы, уыцы ахуырадон программæимæ.  Республикæ Бурятийы минæвæрттæ  бæрзонд бæрæггæнæнæй фæнысан кодтой рæвдауæндоны куыст, бафиппайдтой, национ традицитæм дзы цы арæхстджын ахастдзинад  ис, алы сывæллоны  курдиаты рæзтæн дæр уавæртæ арæзт куыд цæуы, уыцы практикон мадзæлттæ. Рæвдауæндоны коллектив зæрдæбын арфæтæ ракодта уазджытæн, сæ куыст æмæ сын архайдмæ ахæм цымыдисдзинад кæй равдыстой æмæ сæ фембæлды рæстæг æмгуыстады фæдыл дæр баныхас кодтой.

Республикæ Бурятийы делегаци уыцы бон, æдзæмæй иу минут алæугæйæ, ссардта,   Беслæны теракты 2004 азы чи фæмард, уыцы ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ æмæ сывæллæтты рухс нæмттæ.

Дадтеты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here