Фæстиуджытæ иуварсгонд æрцыдысты

0
11

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ уынаффæйæ РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Роман БАТРШИН сарæзта кусæг æмбырд республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ХЪАРАТЫ Тимур æмæ акционерон æхсæнад «Россести Северный Кавказ – «Севкавказэнерго»-йы филиалы директоры хæстæ æххæстгæнæг ТАБОЛТЫ Алыксандримæ.

Ныхасы сæр уыд, 25 октябры æрцæуæг аварийы аххосæй Дзæуджыхъæуы цалдæр уынджы æнæ электрон тыхæй кæй баззадысты, уый. Æнæнхъæлæджы æрцæуæг цау аиуварс кæныныл архайдтой энергетикты цыппар бригады æмæ сæрмагонд лаборатори. Ныртæккæ энерги хæццæ кæны æнæкъуылымпытæй.

Роман Батршин байхъуыста, авари цæй аххосæй æрцыд, йæ фæстиуджытæ куыд иуварсгонд цыдысты, уый, æмæ дарддæр ахæм хабар не ‘руадзыны мадзæлтты фæдыл докладмæ. Фыццаг вице-премьер бафиппайдта, ахæм цаутæн æруадзæн кæй нæй, стæй цæрджыты хъæстытæм кæй хъуамæ уа æвæсиат каст.

– Горæты цалдæр уынджы цæрджытæ дзæвгар рæстæг æнæ электрон тыхæй уой, уымæн æруадзæн нæй ницы хуызы. Сергей Меняйлойы уынаффæйæ æрцæуæг фыдбылызы аххосæгтæ лæмбынæг æвзарæм. Йæ фæстиуджытæ ныридæгæн иуварсгонд æрцыдысты, фæлæ нæ хæс у сæ не ‘руадзыныл бакусын. Энергетиктæ хъуамæ сбæрæг кæной  хызтæ æмæ ифтонггæрзты уавæр, стæй, фыццаградон цæстдард чи домы, ахæм участоктæ, – загъта Роман Батршин.

Хъараты Тимур раныхас кодта, æнæнхъæлæджы цауы фæстиуджытæ иуварс кæнгæйæ, министрад æмæ коммуналон æгъдауæй лæггадгæнæг компани иумæ куыд архайдтой, ууыл.

– Цалцæггæнæн куыстытæ цалынмæ цыдысты, уæдмæ энергетиктимæ бастдзинад дардтам, хъуыддæгтæ бæстонæй зыдтам æмæ семæ зонгæ кодтам цæрджыты. Æмбарæм æй, тыхстдзинад кæй бавзæрстой, уый. Уымæ гæсгæ ныртæккæ электрон тыхдæттæг компаниимæ иумæ бæрæг кæнæм, ахæм фыдбылызтæ фидæны не ‘руадзыны тыххæй цавæр уæлæмхасæн мадзæлттæ хъæуынц, уый, – загъта Хъараты Тимур.

Таболты Алыксандр куыд фехъусын кодта, афтæмæй рухсытæ ахуыссыдысты, телтæ, стæй трансформаторы дæлстанцæ хъыгдард кæй æрцыдысты, уый аххосæй. Æмæ радзырдта, хъыгдард баййафæг объекттæ энергетиктæ куыд бæрæг кодтой, уый тыххæй дæр.

Æмбырды кæронбæттæн Роман Батршин бахæс кодта профилон министрадтæ æмæ энергетиктæн се ‘мгуыстад фæахадгæдæр кæнын, «Севкавказэнерго»-йæн та – хызæгты инфраструктурæйы фидардзинады мадзæлттыл бакусын æмæ, электрон тыхы къуылымпытæ, стæй сæ иуварсгæнæн мадзæлтты тыххæй адæмæн афойнадыл хъусын кæныныл бацархайын.

Æгайты З.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here