Уæрæсейы адæмты культурон бынтæ бахъахъхъæнын æмæ национ литературæты райрæзты хъуыддаджы уырыссаг æвзаг цы ахсджиаг бынат ахсы, уый фæдыл Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты знон йæ куыст кодта фæсивæдон форум «Æвзаг. Традицитæ. Фидæн». Архайдта дзы республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.
– Абон мах дарддæр ныхас кæнæм не ‘взаджы историйыл, фыссынад æмæ литературон бынтыл. Ныхас та райдыдта, ирон граждайнаг кириллицæйы 190 азы бон сбæрæг кæныны фæдыл цалдæр мæйы размæ цы наукон конференци арæзт æрцыд, уым. Зындгонд уæрæсейаг ахуыргонд, академик Андрей Михаилы фырт Шегрен уырыссаг граждайнаг графикæйы бындурыл бакуыста ирон алфавитыл. Ууыл сырæзыд нæ латературон традици, æмæ нын балæвар кодта нæ сомыгæнæг Къостайы æмæ бирæ зындгонд ирон фысджытæ, поэттæ æмæ рухстуаджыты. Абон ныхас цæуы ирон литературæ рапарахат кæныныл, фыццаджыдæр, уырыссаг æвзагмæ аивадон æгъдауæй хæрзхъæд тæлмацты фæрцы. Ацы ран тынг ахсджиаг у тæлмацгæнджыты курдиат æмæ дæсныдзинад, уымæн æмæ, тæлмац кæнгæйæ, автор хъуамæ бахъахъхъæна оригиналæн йæ мидис, йæ хъуыды, – форумы архайджытæн арфæ ракæнгæйæ, загъта Сергей Меняйло.
Уымæй уæлдай, республикæйы Сæргълæууæг бафиппайдта, æвзаджы истори ахуыр кæнгæйæ, ахсджиаг кæй у наукон, академион цæстæнгас бахъахъхъæнын. Йæ ныхасмæ гæсгæ, наукæ æмæ ахуырадæн сæ нысан хъуамæ уа мæнг хъусынгæнинæгтæ æмæ историон цаутæ зылын кæныны архайды ныхмæ тох кæнын, уымæн æмæ уыцы халæн митæ сты, знаг кæмæй архайы, Уæрæсейы ныхмæ уыцы идеологон хæсты фæрæзтæ.
Форумы ма архайдта Максим Горькийы номыл Дунеон литературæйы институты директор, филологон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы Наукæты Академийы уæнг-уацхæссæг Вадим Полонский. Цæгат Ирыстонмæ уый ссыд Сергей Меняйлойы хуындæй. Вадим Полонский равдыста, Уæрæсейы Президенты хъæппæрисæй æххæстгонд чи цæуы, «Библиотека литературных шедевров народов России», зæгъгæ, уыцы проект. Йæ фæрцы бацæттæ кæндзысты уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй Уæрæсейы адæмты литературæйы зындгонддæр уацмысты 20 томы. Ирон том цæттæгонд æрцыд фыццæгтимæ æмæ дзы мыхуыргонд æрцыд Къостайы «Ирон фæндыр».
Зындгонд ирон поэт, ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бынтæ адæмы размæ рахæссын æмæ йе сфæлдыстад ноджы тынгдæр рапарахат кæныныл кæй архайы, уый тыххæй Сергей Меняйло ахуыргондæн арфæ ракодта.
Форумы архайдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан дæр. Амонæг уыд университеты историон факультеты декан Плиты Зæлинæ.
Форумы программæйы сты ахуыргæндты докладтæ, ныхас – литературон бынтыл æмæ æргом ныхас – фæсивæдимæ. Форум саразæг у РЦИ-Аланийы Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты фæдыл министрад.
Уыцы бон ма Сергей Меняйло æмæ Вадим Полонский сарæзтой кусæг æмбырд æмæ æрныхас кодтой национ литературæйы райрæзты æмæ Цæгат Ирыстоны культурон бынтæ бахъахъхъæныны фарстатыл.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














