Æмдых-æмзондæй бавналæм

0
39

Уæ фарн бирæ уæд, Ирыстон, æмæ фæрнæйдзагæй цæрут, зæрдæрухсæй уæ бинонтимæ, хистæрæй-кæстæрæй, ноггуырдтæн сæ циндзинæдты сæдæгай азты кувут – цардæй бафсæдут. Хуыцауы хорзæхтæй фидар ут. Æз райгуырдтæн Хъарман-Сындзыхъæуы, фæндзæм къласмæ куы бацыдтæн, уæдæй абоны онг баст дæн нæ рухстауæг, амондхæссæг, ныфсдæттæг, зонынад, рухс фæндæгтыл аразæг, хуры тынты тауæг газет «Рæстдзинад»-имæ.

Нæ зонын, не ’мбарын, æгъда-уылхæст ирон лæг, куыд æхсæнады, афтæ адæмы ’хсæн дæр, куы йæ бафæрсай, ирон газет исыс, уæд ныкъкъуыхцы вæййы, иуцасдæр цыма ницы фехъуыста, афтæ, стæй йæ дзуапп вæййы: «Уæллæй, Таймураз, хатыр бакæн, фæлæ æз фылдæр кæсын уырыссаг æвзагыл ме ’взонг бонтæй абоны онг». Ахæм «уæрæседзаутæ» нæ алыварс – бирæ. Фæлæ, Хуыцауæн табу, ис æгъдауылхæст, уæздан æцæг ирон лæгтæ дæр. Бузныг, стыр арфæ кæнын, газет «Рæстдзинад»-ы йæ зонындзинæдтæ, йе ‘рмæджытæ чи не ’вгъау кæны, адæмы ’хсæн сæ чи тауы хуры тынау, царды хабæрттыл ирон литературон æвзагæй чи дзуры æмæ фыссы, йæ зонындзинæдтæ чи тауы, адæмы кæрæдзиимæ чи зонгæ кæны хохæй-быдырмæ, уыдонæн. Уæ хъару, уæ дæсны ахуырад макуы фæцудæд, æнæниз, фидар, зæрдæрухс ут уе ’ппæт дæр.

Ацы ныхæсты аккаг у, зилгæйаг Хæмыцаты Раман. Раманы Рахизфарсы районы, стæй Ирыстоны чи нæ зоны, ахæм адæм бирæ нæ разындзæн. У æцæг ирон æгъдауы лæг, йæ уацмыстæ, йæ чингуытæ адæмы царды уылæнты æфтауынц. Раман, низæй хызт у, æнæниздзинадæй – фидар. Чи ницы архайы, чи ницы кусы, уый никуы рæдийы, мæнæн исчи мæ рæдыд куы зæгъа æргом, уæд ын зæгъдзынæн стыр бузныг.

«Рæстдзинад»-ы №154 номыры 26 августы мыхуыры рацыд Хæмыцаты Раманы уацхъуыд «Цы фæцис уæны æгъдау»? Æппæты фыццаг æркæсæм, æрмæджы цы ныв æвæрд ис, уымæ – фынгмæ стæй йæм арфæмæ чи рацыд æгъдауимæ – æртæ чъирийы æмæ бæгæныйы къусимæ, уыдонмæ. Ацы ‘гъдау æз дæр кодтон ме ’взонджы бонты чызгæрвыстыты, чындзæхсæвты, куы-иу мын бабар кодтой, уæд. Мах-иу рацыдыстæм æртæ лæгæй фысымты номæй, куыд рæсугъддæр, куыд аивдæр уыдзæн, зæгъгæ, архайдтам. Æртæ чъирийыл хæцыд, астæуæй немæ чи уыд, уый, бæгæныйы къусимæ арфæ чи кодта, уый та лæууыдис рахизфарсырдыгæй фынджы хистæрмæ. Сылгоймаджы кой никуы уыдис, зæгъын дæр æй ничи уæндыд, уый уыдис стыр худинаг. Ныр мæнæ æркæсæм, ацы номыры кæй æвдисынц, уымæ. Арфæмæ рацыдысты æртæйæ, сылгоймаг хæцы бæгæныйы къусыл йæ дыууæ къухæй фидар. Кæд цыдис сылгоймаг лæгтимæ арфæ кæнынмæ хистæртæм? Æмæ уый Раманмæ нæ хауы, уый нæ систа уыцы къам, стæй йæ æрмæджы дæр уый нæ сæвæрдта. Кæд цыдис сылгоймаг лæгтимæ фынджы хистæртæм арфæ кæнынмæ? Цавæр æгъдауы? Цы хуызы? Цы уавæры?

Иннæ ахæм. Иухатт ма æркæсæм ацы къаммæ лæмбынæгдæр. Сæр чердæм æвæрд у хистæрты стъолыл, йæ мукъутæ – хистæрты ’рдæм, йæ сыкъатæ – кæстæртæм. Фынджы хистæр – худимæ, астæуккаг – худистæй, кæройнаг – худимæ. Æртæ хистæры хъуамæ бадой худистæй. Афтид хистæртæ нæ, фæлæ, кæрæй-кæронмæ хистæрты фынгыл чи бады, уыдон дæр. Бадты æгъдау дæр халæм. Цины, куывды, чындзхасты хистæрты фынг хъуамæ уа рахизырдыгæй сылгоймæгты фынгæй, куыд хистæртæ, афтæ, æмæ, арфæмæ чи рацæуы фысымтæй, уыдон дæр хъуамæ лæууой рахиз фарс.

Июны æз хонæгæй сæмбæлдтæн горæты рестораны чындзхасты. Арфæ кæнынмæ куы рацыдысты, галиуырдæм хæстæгдæр, уæд æз, куыд фынджы хистæрты кæстæр, дзурын уæзданæй, ныллæг хъæлæсæй, сусæггомау: «Рахизфарсырдæм хæстæг байсут уæхи». Æмæ дын мын сæ иу афтæ бакодта, цæмæ, цы хъауджыдæр ис, цы уæлдай у, зæгъгæ. «Æгъдау афтæ амоны», – йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кодта фынджы дыккаг хистæр, мæ фарсмæ чи уыдис, уый. Махæн нæ кæстæрты иумæ никæд ничи æрæмбырд кæндзæн, æрныхас кæнæм не ’гъдæуттыл, зæгъгæ, фæлæ йын йæ рæдыд, цины дæр, зианы дæр, куы нæ зæгъай, уæд æй никуы бамбар-дзæн. Акæсут-ма, цы хуызы цæут зианмæ. Нæлгоймæгтæ – æнæ худтæй, цыбырдыс, кæнæ фæлдæхт дыс, сæ тæрттæ гом, спортивон уæлæдарæсы, æнæфснайд – сæппи дзабырты – ома, хæдзары æнæчъил фæсмын къахбакъуырæнты. Сылгоймæгтæ дæр вæййынц цыбырдыс, гом риу, пæлæз къаба æмæ æнæ сæрбæттæнæй, гом зæнгæй.

Беслæны Марковы уынджы кæрæй-кæронмæ арæх вæййын хистæр æмæ кæртмæ кæсæгæй. Куы æрæмбырд вæййынц хистæрæй-кæстæрæй, – æнæхудæй, цыбырдысæй, спортивон дарæсы, уæд сæ арвитын, ацу æмæ дæ сæрыл худ ныккæн, дæ дарæс аив, зæгъгæ. Уыдонæй иу ныхас никуы никæд скодта мæ ныхмæ, фæлæ рæвдз аздæхынц, сæ дзаумæттæ аивынц къахæй-сæрмæ æмæ уæзданæй фæзынынц фæстæмæ. Ацы ныхæстæ хи ‘ппæлинаг тыххæй не сты, фæлæ мах не ’ппæт дæр афтæ куы нæ бавналæм, чи кæм цæры, уыцы хъæуы, уыцы сыхы, уæд нæ ныхæстæ сты дзæгъæл, хуымæтæг, æнæхъапп. Дæ дзыхæй кæй зæгъай, уый та кæнын хъæуы, аразын хъæуы адæмы ’хсæн!

Ныр ма мæ ныхæстыл бафтауинаг дæн сæры æгъдауы тыххæй. Сæр нæ цины дæр, нæ зыны дæр æвæрдтам стъолы астæу, кæронæй, хистæртæ кæм фæбадынц уым, нæ – галиуфарс, нæ – рахизфарс йе ’вæрд нæ ивы, йе ‘вæрд ивы æрмæстдæр бæрзæй, цины йæ æвæрæм рахизфарс, зыны та – сæры галиу фарс. Хистæр кувы базыгæй, дыккаг хистæр – æртæ фæрскæй, æртыккаг та – раззаг хуылфыдзауматæй уæхстыл физонæгæй. Хистæр куы ракувы кæронмæ, уæд кæстæр ацаходы, æмæ уæд базыг æмæ бæгæныйы къус адæттынц кæстæртæм. Фысы базыг куы вæййы, уæд æй асæтты кæстæртæй иу йе уæнгты хъару æмæ йæ къухы тыхæй, æмæ йæ æрбахæссынц фынджы хистæрмæ. Уый арфæ ракæны, де уæнгты хъару, дæ ныфс куыд никуы фæцуда, ахæм амонд дæ уæд, зæгъгæ.

Иннæ ахæм – «Цы фæцис уæны æгъдау?» Раман раст фыссы, уæны æгъдау, уæны мидис, мæнæ фæстаг 40-60 азы размæ дæр ма уæны уыдис биноныгдæр, зынгæдæр æмæ кадджындæр, фæлæ йæм æцæг дæр цыргъагæй не ’внæлдтой, уый æз мæхи дыууæ цæстæй уыдтон. Хистæр-иу æм куы акаст, уæд-иу бæгуыдæр, загъта æргомæй, Раман куыд фыссы, афтæ, æмæ-иу, æцæгдæр, кæй загъта, уый æрцыд. Фæлæ дзы кувгæ нæ кодтой, рахастой-иу æй фыдызгъæлимæ, куыд физонæг, афтæ иннæ дзидзатимæ иумæ фынгæвæрдмæ.

Æрæджы Мæрзатæ æмæ Гогатæн уыдис мыггаджы куывд, дуне дзыллæ, уазæгæй, хионæй, хæстæгæй, сылгоймагæй, нæлгоймагæй æрæмбырд сты. Фынгтæ фæрзиуæй дæлæмæ састысты кувинæгтæй, халсартæй. Æз, куыд мыггаджы хистæр, бадтæн дыккаг хистæрæн. Хистæр гаджидау гаджидауы фæстæ уадзы, æгъдаумæ гæсгæ комдзаг кæнынц, фæлæ уæнмæ ничи ‘вналы. Уæны ‘гъдау скæнæм, зæгъгæ, æз хистæрæй хатыр ракуырдтон. Мæ фарсмæ иу бандон дæлдæр чи бадтис, уый дын афтæ: «Кæм ма ис ахæм хистæртæ, уæнмæ чи ’ркæса, чи йын зæгъа йæ мидис, – стæй, йæ ныхас фæцыргъдæр, фæбæрзонддæр кодта, – хистæртæ не стут, æркæсут-ма йæм сыгъдæгæй». Хистæр ацамыдта, нæ уæлхъус чи лæууыдис, уыцы дзагдармæ, къухæй йæ асыгъдæг кæн, зæгъгæ. Уый йæ сыгъдæгæй, аивæй æрæвæрдта хистæрты раз, афтæ фысымтæ арфæмæ рацыдысты æгъдауимæ, æмæ ныхас æрсабыр.

Ацы фарстатæ цæмæй сæ бынат ссарой, сæ кады бацæуой, уый тыххæй Аланты Ныхас æмæ республикæйы ветеранты сæрдар Фриаты Хъазыбег æмæ Ирыстоны кувæндонты советы сæрдар Уататы Зелим, æмдых, æмзондæй иумæ  дысвæлдæхтæй бавналæм, нæ фыдæлты æгъдæуттæ сæ бынаты, сæ гаччы сæвæрæм.

 МÆРЗАТЫ Таймураз,

Беслæны ветеранты советы сæрдар, Беслæны кадджын гражданин

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here