Цытджын поэты кадæн

0
54

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæдзæхстмæ гæсгæ нæ республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг  Алыбегты Эллæ Цæгат Ирыстоны ведомствæты разамонджытимæ сарæзта æмбырд. Ныхас цыдис ирон литературæйы бындурæвæрæг  Хетæгкаты Къостайы райгуырæн  167 азы боны мадзæлттыл.

Æмбырды архайджытæ бацæттæ кодтой бæрæгбоны нысантæ ахуырадон, культурон æмæ рухстауæн къабазы комплексон пълан. Хицæнæй се ‘ргом аздæхтой ведомствæты архайдмæ. Видеоконференцбастдзинады куыстмæ æрбаиу сты Хуссар Ирыстонæй дæр: ахуырад æмæ наукæйы министр Лолаты Алан æмæ  Культурæйы министры фыццаг хæдивæг Остъаты Мæдинæ.

Бæрæгбоны мадзæлтты ‘хсæн  сты  цымыдисаг  поэтикон-онлайн æмæ рухстауæн акцитæ  «Нæхи Къоста» æмæ  «Хетагуровский диктант», æппæтадæмон телехид «Весь мир – мой храм», стæй наукон-иртасæн конференци «Хетагуровские чтения», архайдзысты дзы УФ-йы æппæт регионты минæвæрттæ дæр.  Къостайы райгуырæн бон у, иу æмæ нæ æнгом чи кæны, ахæм бæрæгбон. Уыцы бон та йын ногæй йе сфæлдыстадон бынтæ æмæ дзырды хъомыс банкъардзыстæм ноджы тынгдæр.

Дадтеты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here