Дзæуджыхъæумæ æндæрæбон æрцыдысты Поэзийы дунеон 3 фестиваль «Ирон фæндыр»-ы архайджытæ æмæ уазджытæ Уæрæсейы регионтæ, Цæгат Кавказ, хæстæг æмæ дард фæсарæнты бæстæтæй. Фестиваль арæзт цæуы нæ бæстæйы Фысджыты цæдис æмæ йæ Цæгат Ирыстоны хайады хъæппæрисæй нæ бæстæйы адæмты иудзинады азы кадæн.
Фестиваль «Ирон фæндыр»-ы фæлгæты суанг 16 октябрмæ Дзæуджыхъæу æмæ нæ республикæйы районты, стæй Хуссар Ирыстоны арæзт æрцæудзæн тематикон изæртæ, фембæлдтытæ нæ бæстæ æмæ хæстæг æмæ дард фæсарæнты зындгонд фысджытæ æмæ поэттимæ, литературон критиктимæ, чингуыты презентацитæ, конференцитæ, концерттæ.
Дзæуджыхъæуы уазæгуат «Амыран»-ы уыд тымбыл стъолы уæлхъус фембæлд «Единство народов – единство литератур». Архайдтой дзы Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы секретариаты бæрнон нымæрдар национ литературæты фæрстыты фæдыл, прозаик, публицист Николай Иванов, нæ бæстæйы Фысджыты цæдисы бæрнон нымæрдары хæдивæг, фыссæг, поэт Валерий Латынин, æхсæнадон фарстаты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы бæрнон нымæрдары хæдивæг Нина Попова, поэт, нæ бæс-тæйы Фысджыты цæдисы бæрнон нымæрдары хæдивæг регионтимæ куысты фæдыл Елизавета Хапланова, Белоруссийы Фысджыты цæдисы сæрдар Александр Карлюкевич, Таджикистаны Фысджыты цæдисы сæрдар, поэт Низом Косим пури Джахонгир, Астраханы облæсты Фысджыты цæдисы сæрдар Юрий Щербаков, Мурманскы Фысджыты цæдисы сæрдар Илья Виноградов, нæ республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис.
Фембæлды ныхас цыд адæмты ‘хсæн аивадон литературæйы уацмыстæ алы ‘взæгтæм тæлмац кæныны руаджы, хæларад, культурон-рухсадон бастдзинад фидар кæнын æмæ уый фæрцы сфæлдыстадон интеллигенци æмæ алы адæмыхатт чиныгкæсджыты фæлтæрты, æмдзæвгæтæ, прозæ æмæ публицистикæйы уацмысты руаджы адæмты истори, культурæ, удварны хæзнатимæ зонгæ кæнын.
Фембæлды амынд фарстайы фæдыл раныхас кодтой æмæ фестиваль «Ирон фæндыр»-ы архайджытæн, саразджытæн арфæ ракодтой Николай Иванов, Валерий Латынин, Низон Косим пури Джахонгир, Хозиты Барис.
Изæры та фестивалы уазджытæ æмæ архайджытæ æвдисæн уыдысты ноджыдæр ма иу æхсызгон цауæн. Уазæгуат «Амыран»-ы кæрты байгом æмæ амæй фæстæмæ нæ республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты, фестиваль «Ирон фæндыр»-ы архайæг фæлтæрты цинæн æмæ удварн æмæ сфæлдыстадон хъаруйы рæзтыл ахаддзæн Поэзийы театр. Цалдæр азы размæ йæ саразыны хъуыды фæзынд фестиваль «Ирон фæндыр»-ы аразджытæй иу, поэт, тæлмацгæнæг, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг, нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Баситы Зæлинæмæ. Йæ фæнд бамбарын кодта нæ бæстæйы Фысджыты цæдисы раздæры сæрдар, ныр йæ бæрнон нымæрдар Николай Ивановæн. Йæ хъæппæрисы фарс рахæцыд нæ республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис. Арфæйаг хъуыддаг царды рауадзынмæ сæм фæкаст Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы сæрдар Мæрзойты Тамерлан æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артист, режиссер Пагæты Фатимæ, æмæ ацы аз театр йе ‘мбæрзæн байгом кодта. Уыцы æхсызгон цауы фæдыл аивады ног артдзæсты арæзт æрцыд кадджын изæр. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Нациты хъуыддæгтæ æмæ æддагон бастдзинæдты фæдыл министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бæгъиаты Алан, нæ республикæйы культурæйы министры хæдивæг Рæмонты Маринæ, Николай Иванов, Нина Попова, Елизавета Хапланова, Валерий Латынин, нæ республикæйы Парламенты депутат Цæгæраты Руслан, Хозиты Барис, Хуссар Ирыстоны Национ музейы директор, поэт Зассеты Мераб, нæ бæстæ, Цæгат Кавказ, хæстæг æмæ дард фæсарæнты Фысджыты цæдисты разамонджытæ.
Кадджын æмбырды райдайæны фестиваль «Ирон фæндыр»-ы архайджытæ æмæ саразджытæн РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æмæ йæхи номæй зæрдиаг арфæ ракодта Бæгъиаты Алан. Уый ма бакаст Хуссар Ирыстоны Президент Хъамболты Мараты арфæйы фыстæг поэзийы театр байгом кæнын æмæ, фестиваль «Ирон фæндыр» Дзæуджыхъæуы ныр æртыккаг хатт кæй байгом, уый фæдыл. Арфæгæнджыты ‘хсæн уыд зындгонд фыссæг Дзасохты Музафер.
Ног сфæлдыстадон артдзæст – Поэзийы театры арæзт цæудзысты литературон-музыкалон изæртæ, фембæлдтытæ, чингуыты презентацитæ, ног литературон уацмыстыл афæлгæстытæ, равдыстытæ, диспуттæ. Йæ артистты сæйрагдæр къорды сты нæ республикæйы театралон аивад æмæ аив дзырд æмæ вокалон сфæлдыстады дæснытæ Пагæты Фатимæ, Годжыцаты Георги, Дзахоты Зæлинæ, Гуыдиаты Маринæ æмæ Аслæнбег, Бæззаты Эдуард. Театры сценæйæ зæлыдысты номдзыд æмæ нырыккон уырыссаг, нæ бæстæ æмæ Цæгат Кавказы республикæты зындгонд поэтты æм-дзæвгæтæ. Нæ бæстæйы регионтæй Цæгат Ирыстоны Поэзийы театр у дыккаг. Ахæм хуызы сфæлдыстадон артдзæст ма ис Дагестаны дæр.
Фестиваль «Ирон фæндыр»-мæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн Ирон поэзийы ног антологийы презентаци. Нæ поэттæй дзы кæй æмдзæвгæтæ бакæсæн ис, уыдон уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæныныл бацархайдтой ацы литературон жанры нæ бæстæйы курдиатджындæр минæвæрттæ. Уымæй уæлдай ма фестивалы архайджытæ бабæрæг кæндзысты Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуаны кæрты Хетæгкаты Къостайы ингæн, сæвæрдзысты йыл дидинджытæ. Фембæлдзысты Хуссар Ирыстоны сфæлдыстадон æмæ зонадон интеллигенциимæ. Бабæрæг кæндзысты Дзæуджыхъæуы Суворовон æфсæддон училищæ, 13-æм астæуккаг скъола, Ирон литературæйы, Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музейтæ Дзæуджыхъæу æмæ Нары хъæуы.
Афтæ ма фестиваль «Ирон фæндыр»-мæ гæсгæ уыдзæн зындгонд фысджытæ æмæ поэттæ Николай Иванов, Нинæ Попова æмæ Аламахад Ельсаевы уацмысты ирон æвзагмæ тæлмацты æмбырдгæндты, стæй Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр»-ы æмдзæвгæты балхъайраг æвзагмæ тæлмацты презентацитæ.
Фестивалы кæронбæттæн – 16 октябры та арæзт æрцæудзæн презентаци – проект «Баллада о героях»-ы.
ГАСАНТЫ Валери,
къам систа ТЕБИАТЫ Златæ














