Аивадæн нывондæн æрхаста йæхи

0
36

Гæлæуты Анатолийы 80 азы бонмæ  

Цæгат Ирыстоны адæмон артист, республикæйы аивæдты сгуыхт кусæг ГÆЛÆУТЫ Анатолийы райгуырдыл сæххæст 80 азы. Юбилейы агъоммæ дзы ракуырдтам нæ газеткæсджытæн йæ хъуыдытæ раргом кæнын. Театр æмæ кинойы актер, режиссер, драматург, сценарист, поэт, прозаик, тæлмацгæнæг æмæ ахуыргæнæг Гæлæуты Ильяйы фырт Анатолийы сфæлдыстадон цард арæзт у, ирд трагикон фæлгонцты нывæфтыдæй райдай, æмæ цыргъзонд характерон сурæттæй фæу. Актер æмхуызон уарзон у ирон театрдзауæн дæр, киноаивадмæ йæ хъус чи дары, чи йæ уарзы, уыдонæн дæр.

Национ культурæйы хæзнадонмæ чи бацыд, уыцы аивадон кинонывтæ «Костры на башнях»-ы (1968 аз) ахъазыд суинаг хохаг ирон лæппу Аланы ролы. Уæдæ Махары – аивадон киноныв «Ах, любовь»-ы (1977 аз) сæйраг хъайтары сурæт йæхи хуызæн ирдæй чи баххæст кодтаид? Цас сыгъдæг рухс æнкъарæнтæ сæвзæрын кæны кинокæсæгмæ йæ хъазт! Йæ уарзондæр сфæлдыстадон куыст ацы роль у. «Сказание о Сиявуше»-йы (1976 аз) сарæзта Зангæйы сурæт, цыбырметражон киноныв «Фарн»-ы (1971 аз) – кæсгон уазæджы, «Во всем виновата Залина»-йы (1977 аз) – Солтанбеджы, «Марш – бросок»-ы (2003 аз) – хистæры, «Сель»-ы (2003 аз) — пассажиры, «Одиннадцать писем к Богу»-йы (2006 аз) – скульпторы æмæ «Ледниковый период»-ы ахъазыд эпизод. Кæмфæнды сæ ма истаиккой – Цæгат Ирыстоны телевизион студийы, кæнæ «Таджикфильм»-ы, науæд «Мосфильм»-ы, сæйраг роль æви эпизоды хъазыдаид – алкæм дæр бæрнон цæстæй каст йæ куыстмæ.

– Адæймагæн йæ цард бæллицтимæ баст у, æвзæргæ та ракæнынц цæйдæр æфсонæй. Мæнмæ дæр мæ гыццылæй равзæрд кинойы хъазыны бæллиц, Мызуры интернаты ахуыр кодтон, мæ фыдыхо дзы бухгалтерæй куыста. Фыдуаг лæппу уыдтæн, Алагирæй мæ Мызурмæ ахуыдта æмæ уым интернаты ахуыр кодтон. Иуахæмы поселочы кинотеатрмæ ацыдыстæм, уыцы изæр дзы цыд «Песня первой любви», сæйраг ролы хъазыд Рашид Бейбутов. Дурдзæфы хуызæнæй дзы рацыдтæн, афтæ арф мæ ахызт. Иу уаты цардыстæм уырыссаг лæппуимæ, йæ мыггаг – Суслов. Фынæйафон дæр ма кинонывы уацары уыдтæн, мæ риуы арфæй мæ схаудысты: «Черт побери, я буду киноактером!», – ныхæстæ. Æдзынæг мæм ныккаст æмæ мæ фæрсы, кæм фæхæст дæ уыцы хъуыдыйыл? Ахæм киноныв, зæгъын, федтон, æмæ ‘вæлмæстæй никæй ныууаддзæн. Уыцы фæндагыл æрлæууын мæ ацы киноныв сардыдта, мæ бæллиц мæ абоны онг дæр уæгъд нал суагъта, – йæ кусæн уаты къæлæтджыны бадгæйæ, йæ мысинæгты къуыбылой халын райдыдта адæмæн уарзон актер. Алцы ахъазыныл не сразы уаин, зæгъы. Кармæ гæсгæ йыл цы фидауы, йæхæдæг кæм сфидауа, ахæм кинонывы йæ ис сисæн. Фæлæ уый кинорежиссерæй аразгæ у.

Куыд театралон актер, афтæ Гæлæуы – фырт сырæзт Ирон театры сценæйыл, 1970 азы ГИТИС каст фæуыны фæстæ. Институты ахуыр кæнын иу хъуыддаг у, зæгъы, кусын куы райдайай, уæд та – æндæр. Уым æндæр скъола ис. Ирон
театры актертæн сæ курдиат дæрддыл зылдис уыцы рæстæг, Тæбæхсæуты Балойæ райдай æмæ уымæй дæлæмæ – Саламты Къола, Баллаты Валодя, Хъалæгаты Федя, Хуырымты Уырызмæг, Годжыцаты Исахъ… Иу иннæмæй дæсныдæр, курдиатджындæр:

– Алы актермæ дæр ис йæхи уынынад. Лæгæй – лæгмæ куы сæмбæлай, кæимæ хъазыс, уыдонимæ, уæд бар – æнæбары адæймаг хатдзæгтæ скæны, хорз æмæ ‘взæр цы у, уымæн. Адæймаг æвзаргæ хъуамæ кæна, фидар кæна, йæ зæрдæмæ цы цæуы ‘мæ цы нæ цæуы. Цы мæ рауад, уый мæнæн дзургæ нæу. Æргом зæгъгæйæ, æдзухдæр бæллыдтæн сценæйæ рæсугъд æнкъарæнтæ ‘вдисынмæ, æргом куыд уа адæймаг, мæ алы ныхасыл дæр мын куыд æууæнда. Сценæйæ кæй зæгъон, уый царды куыд вæййы, афтæ ‘вдисын. Æппæрццæг рольты дæр хъазыдтæн. Уыдис ахæм спектакль – «Цæргæсты хох», пьесæ ныффыста Темыраты Дауыт. Уым мын бахæс кодтой Арсыбеджы ахъазын, бадт ахæстоны, рауагътой йæ. Чызджы бауарзта, фæлæ йæм уый йе ‘ргом не здæхта. Нуазын райдыдта, хорз фæндагыл нæ цыд. Фæлæ фæстагмæ раздæхт раст фæндагмæ, йæ уарзондзинад æй аирвæзын кодта. Æргом зæгъгæйæ, ахæм ролтæ уарзтон.  Уæззау хъысмæт кæмæн уыд, ахæм сурæт сараз, зындзинæдты сæрты хизын кæм хъæуы, хъайтары хъысмæт дзæбæх кæм скъахай æмæ равдисай, ахæм ролтæ. Дзæвгар уыдысты, æдзух дæр архайдтон, адæймаг цавæр æууæлтыл хæст у, уый равдисыныл: йæ характер, цы йæм ис хорз æмæ ‘взæрæй. Зæдтæ не сты адæм, хъæндзинæдтæ дæр сæм ис, хорздзинæдтæ дæр. Фæлæ, сæвзæрд уавæры адæймаг цы у, уый рабæрæг вæййы. Сурæтыл кусгæйæ, уыдæттæ æвзæрстам, — зæгъы сценæйы дæсны. Адæймагæн йæ цард афтæ у: цыдæр ын фæрæстмæ вæййы, цыдæр та – нæ! Уыцы раст æмæ æнæрастдзинад быцæу кæнынц æдзух, тыхджындæр дзы кæцы уа, уый адæймагæн йæ  хъысмæтыл фæстæдæр фæбæрæг вæййы. Анатолийæн тыхджындæр кæцы у, уый нæ зонын, фæрсырдыгæй йын кæнæнт хатдзæг, зæгъы.

Фондз азы бакуста Ирон театры, стæй йæ зæрдæ режиссурæмæ ахсайдта, уымæн дæр уыд æфсон. Фыццаг спектакль фæрæстмæ, сæвæрдта йæ Годжыцаты Исахъы пьесæ «О, ацы фæсивæд!»-мæ гæсгæ. Зæрдиагæй йыл бакуыста, æвддæс азы фæцыдис театры æмæ-иу алы хатт дæр залы уæгъд бынат нал баззад. Фыццагдæр цы спектакльты хъазыд, уыдон уыдысты «Фæндыры хъарæг», «Виндзойраг хъæлдзæг чызджытæ», фæстæдæр та – «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ». Уал азмæ театрдзауы зæрдæ иу æмæ дыууæ хатты нæ барухс кодта йæ удцырынгæнæн хъазтæй. Абон дæр Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йы бындурыл Кокайты Тотрадз цы пьесæ ныффыста, уымæ гæсгæ ‘вæрд спектаклы Наибы сурæты рахизы таурæгъон сценæмæ. Сценæйы æмæ царды  йæ чызг Зæлинæимæ (спектаклы хъазы Фатимæйы ролы) сты фыд æмæ чызг.

– Афтæ куы зæгъон, уымæй ахсджиагдæр æмæ мын хуыздæр роль нæ уыдис, уæд раст нæ уыдзæн. Уыйразмæ та Къостайы хъазыдтæн, мæнæн уый тынг уæззау куыст уыд. Йæ сурæтмæ бавналын – стыр хъуыддаг уыд, бауæндын дæр æм хъуыд. Бекъойты Розæ йæ ‘вæрдта æмæ мын куы загъта, фæнды мæ, цæмæй ды саразай уыцы сурæт, уæд, зæгъын, нæ, цытæ дзурыс, ахæм актерты фæстæ куы рацæуон, уæд уый куыд уыдзæнис. Уататы Бибо дæр мæм фæсидт æмæ мын афтæ, Атто, ды, дам, æй куы нæ саразай, уæд – ничи! Мæнæн сæйрагдæр уыдис йæ хъуыдытæ, йе ‘нкъарæнтæ ‘ргомæй равдисын, цæмæй мыл театрдзау баууæнда. Маст дæр, цин дæр – иууылдæр зæрдæйæ куы нæ цæуой, уæд раст нæ уыдзæн.

Æвæццæгæн, фæрæстмæ ис, – афтæ кæй у, уымæн æвдисæн, Гæлæуты Анатолийæн Хетæгкаты Къостайы номыл преми кæй æрцыд лæвæрд, уый.

Туг хæссы, зæгъгæ, хуымæтæ-джы нæ фæзæгъынц. Йæ кæс-тæртæ Зæлинæ æмæ Аслан дæр ацыдысты сæ фыды фæндагыл, райстой актеры дæсныйад. «Хъыгагæн», – зæгъы, Анатолий. Цæмæн, зæгъгæ, йæ куы бафарстам, уæд йæ дзуапп уыд:« Уæззау куыст у! Стæй ацы хъуыддаджы, кæнæ «о», кæнæ «нæ», хъеллаугæнæныл куы бадай, уый хуызæн. Фæрæстмæ уыдзæн аивады йæ хъысмæт æви нæ, уый зын зæгъæн у, адæймагæн æрдзæй цыдæр лæвæрд хъуамæ уа». Гæлæуы-фырт йæхиуыл никуы фервæссыд, йæхæдæг йæхицæн у иуыл карздæр критик. Сурæт аразгæйæ-иу цæуыл хъуыды кодта? Йæ хъайтармæ хорздзинадæй, æвзæрдзинадæй цы ис, уыдæттæ хъуамæ фæлгонцы куыд уой. Кæмдæр тæппуд дæр разыны, лæгдзинад дæр æм ис, у ныфсхаст, царды адæймаг куыд вæййы, афтæ.

– Мæ роль-иу æдзух фысгæ кодтон, рахиз фарс – авторы ныхæстæ, галиуырдыгæй – мæхи хъуыдытæ, цы мæ змæлын кæны ацы ран. Сурæт аразгæйæ, адæймаг æрхъуыды кæны йæхи царды фæлтæрддзинад, театрдзау мыл куыд æууæнда, йæ зæрдæмæ, зондахастмæ йæ куы  хæццæ кæна, йæ туг ын змæлын кæна, æнкъарæнтæ йæм æвзæрын кæна. Уый æнцон куыст нæу, хорз психолоджы архайдмæ хæстæг лæуд у актер. Уый дæр зондахаст æмæ зæрдæмæ ‘вналы. Уыдон куы сгуппар вæййынц, уæд йæ хæс баххæст кæны. Дæнцæгæн æрхæсдзынæн, Къостайы фæлгонцыл куыд куыстон, уый. Аст килæйы мæ ахауд, æнæуый дæр мæллæг уыдтæн. Къостайы та цы уыд, царм æмæ стджытæ, æдзух, мæгуыр, хæринагхъуаг æййæфта. Уыдæттыл хъуыды кæнгæйæ, сценæмæ цардхуызæй куыд хъуамæ рацыдаин? Спектаклы фæстæ-иу æрæгмæ рахызтæн театрæй. Æнафон уыд, кæсын, æмæ кæддæр мæнимæ чи ахуыр кодта, уыцы Хъæрджынты Симæ театры раз лæууы. Дæумæ ‘нхъæлмæ кæсын, зæгъгæ, мæм дзуры. Йæ цæссыгтæ згъæлынц, базыдтон, ацы спектакль фенынмæ цалдæр хатты кæй æрбацыд. Фæкæуын, дам, мæ кæныс. Уый, зæгъын, Къостайы аххос у. Раарфæ мын кодта, æгайтма, дам, уыцы æнамонд лæджы хъысмæт афтæ хорз равдисын бацис дæ бон, – йæ мысинæгтæ дзуры Анатоли. Бамбæрста, йæ хæс кæй сæххæст кодта. Раздæр, зæгъы, Хетæгкаты Къостайы ‘вдыстой тохгæнæгæй, æз та ма йын æндæр æнкъарæнтæ агуырдтон æмæ сæ театрдзаумæ фæхæццæ кодтон. Уымæй æнамонддæр лæг нæ уыдис, фæлæ йын цы уацмыстæ ныффыссын бантыст!

– Зæрдæмæ фæндаг ссарын хъæуы, цыдæр ахсджиаг хъуыдыйыл хъуамæ фæхæст уай, ахсджиаг æнкъарæн бавзарай. Уый у актерæн йæ сæйраг мæт, ууыл фæхъуыды кæны драматург дæр. Къухы куы бафты, уæд æй уæлахизыл банымайæн ис. Ис ахæм фæзилæнтæ дæр: режиссертæй чидæртæ тырнынц театрдзауы дисы бафтауынмæ. Мæнмæ сæйрагдæр цы кæсы, ууыл комдзог никуы рацæудзынæн, уымæн æмæ сæйрагдæр адæймаг, театрдзау, йæ зондахаст, йе ‘нкъарæнтæ сты. Уыдонмæ фæндаг куы ссарай, уæд раст фæндагыл лæуд дæ, –  зæгъы Анатоли.

Театралон режиссурæйыл ныхас кæнгæйæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ, иуæй-иу режиссертæм афтæ кæсы, æмæ нырыккон театралон аивады сты раздзогтæ. Раздæр дæр уыдысты, фæлæ царды бындурон бынат чи ссардта, уыдон не ‘нæзонгæ не сты. Режиссурæйыл ахуыр кодта Гончаров æмæ Товстоноговмæ. Цыдис Ленинградмæ Товстоноговы репетицитæм, уымæн сæйрагдæр уыдис сценæйы дыууæ адæймаджы ахастдзинæдтæ раргом кæнын, кæрæдзийæ цы домынц, уый равдисын. Алцæмæн дæр хъуамæ уа бындур. Уыдæттæ ‘взаргæйæ – иу мæм ахæм хъуыдытæ æмæ ‘нкъарæнтæ равзæрдис, æмæ-иу йæ дисы бафтыдтой. Фæлтæрддзинад алы режиссерæн дæр ахсджиаг фарста у, уый нæй, уæд дыл 100 азы куы цæуа, уæддæр сывæллонау хъуыды кæндзынæ.

Гæлæуты Анатолийæн йæ царды сæйрагдæр у исты аразын. Сфæлдыстады хиуыл куы нæ куса адæймаг, уæд йæ зæрдæ, æнкъарæнтæ ихсийгæ кæнынц. Æрвылбон сæ истæмæй, мæнæ, хуымыл хъацæнтæ куыд фæкæнынц, афтæ кæнын хъæуы адæймагæн æдзухдæр. Раздæр бæллыд киноактер суæвынмæ, уый куы бавзæрста, уæд æм режиссурæмæ бæллиц фæзынд. Куы сæххæст, уæд та фыссын райдыдта. Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты чиныг «Мæ уды сагъæстæ» иронау, стæй уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй рацыдысты мыхуыры. Йæ дыккаг чиныг – пьесæтæ, цæттæ сæ кæны рауадзынмæ. Сæ фæстæ нысан кæны æртыккаг æмбырдгонд дæр бацæттæ кæнын, бахаста йæм сывæллæттæн фыст æмдзæвгæтæ æмæ аргъæуттæ. Автор цæуыл ныхас кæны чиныгкæсæгимæ? Фыдыбæстæмæ уарзондзинадыл, йæ сæраппонд тохыл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рæсугъд, сыгъдæг æнкъарæнтыл.

Гæлæуты Анатоли бирæ азты лæууыд Ирон театры, стæй республикæйы Театралон архайджыты цæдисы сæргъы. Йæ хъæппæрисæй 2010 азы сырæзт профессионалон преми «Театралон маскæ». Драмон æмæ оперон спектаклтæ цыппорæй уæлæмæ сæвæрдта Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион, Дыгурон драмон, Оперæ æмæ балеты националон театрты, стæй французаг театр Капитолий Тулузæйы.

Уæрæсейы президенты уынаффæмæ гæсгæ  Гæлæуты Анатоли хорзæхджын æрцыд майданæй «За заслуги перед Отечеством 11 степени».

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here