РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО йæ амыдта, афтæмæй уыд Промышленнон продукцийы æнæзакъон зилдухы ныхмæ республикон къамисы æмбырд.
Архайдтой дзы Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджыны аппараты сæйраг федералон инспектор Цæгат Ирыстоны Сергей Гончаров, республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ, барадон æмæ цæстдарæг кусæндæтты минæвæрттæ.
Æмбырды ныхас цыд карз нозты æнæзакъон зилдухæн кæрон сæвæрыныл, социалон кусæндæттæм ласт хойраджы æдасдзинады мадзæлттыл, хоры культурты æнæзакъон зилдухы ныхмæ архайын æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны къабазы адæмы барадон ахуырад фылдæр кæныныл.
– Продукцийы æнæзакъон зилдух канд закъонæвæрынад нæ халы, фæлæ ма у тæссаг адæмы æнæниздзинад æмæ æдасдзинадæн дæр. Нæ хæс у, хъуыддаг кæмæ хауы, уыцы профилон ведомствæты æнгом архайд фæкарздæр кæнын, товартæм сæ зилдухы алы къæпхæныл дæр цæст дарын, халæн цауты ныхмæ архайын æмæ сын афоныл кæрон æвæрын. Уæлдай цæстдард домы, социалон кусæндæттæм чи хæццæ кæны, уыцы хойраг, уымæн æмæ йæ хæрзхъæддзинадæй аразгæ у нæ сывæллæттæ æмæ хистæрты, стæй, социалон æгъдауæй æххуысхъуаг чи у, уыцы адæймæгты æнæниздзинад, – загъта Сергей Меняйло.
Уæлдай æргом здæхт цæуы карз нозт æнæзакъонæй уадзын æмæ йæ уæй кæнынмæ. РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады Коррупцийы ныхмæ архайыны æмæ экономикон æдасдзинады управленийы хицау Дзантиаты Юри куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрмæст ацы азы фараст мæймæ разынд закъонхалæн 40 ахæм цауы. Уголовон æфхæрд баййæфтой 29 адæймаджы.
Профилон кусæндæттæн Сергей Меняйло бабар кодта, æнæзакъонæй уагъд æмæ уæйгонд чи цæуы, уыцы карз нозт кæм кæнынц æмæ йæ кæуылты ласынц, уыдæттæ æргом кæныны хъуыддаг фæкарздæр кæнын æмæ карз нозт сусæгæй уадзæг «куыстуæтты» архайдæн æнæ ракæ-бакæйæ кæрон æвæрын. Уымæй уæлдай, продукци куыд ласт цæуы, уымæ, стæй йæ хæрзхъæддзинад æмæ æдасдзинадмæ лæмбынæг цæст дарын.
Æмбырды иннæ фарста уыд, фосдарынады продукци социалон кусæндæттæм закъонмæ гæсгæ ласыны хъуыддаг. Федералон службæйы РЦИ-Алани æмæ Кæсæг-Балхъары Республикæйы Ветеринарон æмæ фитосанитарон управленийы паддзахадон службæйы кадртæ æмæ барадон куысты хайады эксперт Адырхаты Тимур раныхас кодта, уыцы къабазы Управлени йæ куыст куыд æххæст кæны, уый фæдыл. Афтæ, иудадзыг арæзт цæуынц нысанмæарæзт бæрæггæнæн мадзæлттæ, каст цæуы, хъæууонхæдзарадон продукци ласыны куыст чи кæны, уыдоны архайдмæ.
Республикæйы Сæргълæууæг бадомдта социалон кусæндæтты хæринаг цæттæ кæныны хъуыддагмæ санитарон-эпидемиологон домæнтæ фæкарздæр кæнын. Профилон ведомствæты раз сæвæрдта хæс, цæмæй, сæ дæлбар цы кусæндæттæ ис, уырдæм ласт хойраджы хæзхъæддзинадмæ уа уæлдай фылдæр цæстдард.
Уымæй уæлдай, æмбырды ныхас цыд хоры культурты æнæзакъон зилдухы ныхмæ архайыны мадзæлттыл, пестицидтæ æмæ агрохимикаттæм цæстдард фæкарздæр кæныныл, «Зерно», зæгъгæ, уыцы информацион системæ базарады архайджытæ раст бæрæггæнæнтæ куыд хæссой æмæ хъалон фидынæй сæхи иуварс куыд нæ ласой, ууыл, стæй нæ республикæйæ иннæ регионтæм хоры культуртæ ласыны хъуыддаджы халæн цаутæ нæ уыдзыныл. Уыцы куыст æххæст кæнынц профилон цæстдарæг, хъалонты, барадхъахъхъæнæг æмæ таможняйы оргæнтæ.
Адæмы барадон ахуырад фæфылдæр кæныныл ныхас кæнгæйæ, «Роспотребнадзор»-æн бабар кодтой муниципалон районтæм цæуын æмæ уым, бынаты уæвгæйæ, консультацитæ аразын, товартæ æлхæнгæйæ æмæ лæггæдтæй пайда кæнгæйæ, адæмæн сæ бартæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уый сын æмбарын кæнын, стæй, цæстфæлдахджыты къухтæм цæмæй ма хауой, уый тыххæй сæм закъонæвæрынады ивддзинæдтæ афоныл хæццæ кæнын.
Æмбырды кæронбæттæны профилон ведомствæтæн бæлвырдгонд æрцыдысты сæ комкоммæ хæстæ ведомствæты ‘хсæн æмархайд фæкарздæр кæныны фæдыл, цæстдарæн мадзæлттæ банывыл кæнын æмæ промышленнон æмæ хойраджы продукцийы зилдухы закъон халæн цаутæн кæрон скæнын.
Дедегкаты Зæлинæ














