Абон Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театр ацыд балцы «Сывæллæтты егъау фестиваль»-ы архайынмæ. Спектакль «Чысыл принц» рахæсдзæн жюрийы тæрхонмæ. Ирон театрæн ацы фестивалы архайын уæлдай ахсджиаг кæй у, уый тыххæй нæ уацхæссæгæн радзырдта йæ аивадон разамонæг УАЛЫТЫ Гиви.
– Уæрæсейы ис дыууæ егъау театралон проекты – «Сызгъæрин маскæ» æмæ «Сывæллæтты егъау фестиваль», иу æмвæзады лæууынц. «Сызгъæрин маскæ»-йы архайгæйæ, нæ театр хорзæхджын æрцыд, тæрхонмæ рахастам спектакль «Паддзах Лир»-ы, Æлбегаты Алан дзы сæйраг ролы хъазы, афтæмæй. Абон нæ театры ис уыцы маскæ. Ныр цы фестивальмæ абалц кодтам, уый стыр æмæ тыхджын у, дыууæ азы размæ сæвæрдтам Экзюперийы радзырдмæ гæсгæ спектакль «Чысыл принц». Йæ сæвæрынмæ ‘рбахуыдтам Антон Калипанов, Ольга Шайдулина æмæ нывгæнæг Надежда Скомороховайы. Амæй размæ нæ театры нæ уыд ахæм спектакль, мадæлтæ сæ сывæллæттимæ кæмæ ‘рбацыдаиккой фенынмæ, йæ феныны фæстæ та, хæдзары цæуыл ныхас кодтаиккой сæ 6 – 10-азыккон сывæллæттимæ, – спектаклы тыххæй радзырдта театры аивадон разамонæг.
Уымæй театрдзауты рæзгæ фæлтæр хъомыл кæнынц бæрзонд аивадмæ æмхиц уæвыныл, ахуыр кæнынц театр уарзыныл, арæхдæр æм цæуыныл, куы бахъомыл уой, уæд. Театры репертуары сты фæсивæд, астæуккаг, стæй хистæр кары фæлтæрæн спектакльтæ, ацы сценикон куыст сæ тынг фæндыд баххæст кæнын, æмæ йæ æххæст дæр скодтой. Театрдзауты хъуыдымæ гæсгæ, тынг хорз рауад, Уæрæсейы егъаудæр сывæллæтты фестивалы архайынмæ йæ кæй арвыстой, æмæ йæ иннæты ‘хсæн кæй равзæрстой, уый. Алы фестивалы, уæлдайдæр та ахæм фестивалы архайын ахсджиаг у театры рæзтæн, йæ æмвæзад бæрзонддæр кæнынæн. Йæ фæлтæрддзинадыл æфты, разæнгард æй кæны архайд фæтыхджындæр, стæй хъомысджындæр кæнынмæ. Канд актерты нæ, фæлæ спектакльтыл чидæриддæр бакусы, уыдоны: цехтæ æмæ службæты кусджыты, сахат куыд кусы, афтæ хъуамæ архайой. Искуы куы вæййынц, уæд та куысты фæткæвæрд саразын хъæуы, рæстæг дзы бирæ нæ вæййы. Бынаты уæвгæйæ, боны дæргъы ис рæстæг изæры спектаклы райдайæнмæ ‘ппæт дæр бацæттæ кæнын. Балцы ацæугæйæ – нæ, рæстæг хæрз чысыл вæййы, афоныл æппæт дæр хъуамæ цæттæ уа æндæр театралон фæзы.
– Нæ цехтæ дæр ахæм фестивальты кæнынц фæлтæрдджындæр, цымæ фæлварæнмæ фæцæттæ кæнынц, афтæ кусынц. Академион театр ахæм фестивальмæ цæуы, кæй дзы архайы, уый кады хос дæр у. Цы нæ вæййы, хæрзиуæг дæр ма куы райсæм, уæд уый кæуылты уыдзæн, – загъта театры разамонæг. Дызæрдыг кæныс, зæгъгæ йæ куы бафарстам, уæд йæ дзуапп уыд:
– Ахæм адæймаг дæн, æмæ цалынмæ «оп» зæгъон, уæдмæ нæ агæпп кæндзынæн. Дызæрдыг куы кодтаин, уæд æй æрвитгæ дæр нæ акодтаиккам. Махæй уæлдай дзы нæ регионæй раздæр дæр ничи архайдта, ныр дæр нæ архайы, ахæм бæрзонд æмвæзады фестиваль у, – сæ балцы размæ нын радзырдта Уалыйы-фырт.
Театр ацы бонты йæхи цæттæ кæны Черчесты Георгийы роман «Фæдзæхст»-мæ гæсгæ спектакльмæ. Сценæмæ хаст кæй æрцæудзæн, уый ахсджиаг у, уымæн æмæ дзы цы фарстатыл цæуы ныхас, уыдон нæ абоны царды дæр хъуыдыйаг сты. Спектаклы режиссер-æвæрæгæй бæлвырддæр базыдтам хабæрттæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, театр ахæм уацмыс æвæрынмæ куы бавналы, уæд, тыхджын кæй у, уый нысан у. Тыхтæ йæм куы нæ уа, уæд никуы бавналдзæн ахæм уацмыстæ сæвæрынмæ:
– Æхсызгон дæр мын у, сæрыстыр дæр дæн, ахæм тыхтæ нæ театры кæй ис, уымæй. Ахæм фæлтæр – хистæр, астæуккаг æмæ кæстæртæй, нæ бон бакусын кæимæ у. Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр хæс райстам нæхимæ, ахæм уæрæх, алывæрсыг æрмæгмæ бавнал æмæ йæ сценæйы чысыл фæзуатыл адæммæ фæхæццæ кæн цыбыр рæстæгмæ. Ис дзы сæйраг хъуыды: адæймаг кæдæмфæнды дæр куы фæцæуа, цасфæнды йæхицæй куы лидза, дæ зæрдæйы цавæрдæр маст бацыд, лидзыс адæмæй, дардмæ сæ куы фæлидзон, уæд дзы суæгъд уыдзынæн, ферох мæ уыдзæн. Фæлæ дæхицæй никуыдæм алидздзынæ, райсом уа – иннæбон, фæстæмæ, дæ уидæгтæ кæм сты, уырдæм æрцæудзынæ. Абон уа, сом уа – Хуыцауæй дæ хатыр курын бахъæудзæн. Иунæгæй куы баззайы адæймаг, уæд æм æрдзуры Хуыцау, аныхас кæнæм, зæгъгæ. Æмæ та дзы лидзы уымæй дæр. Уацмысы хъайтартæ Мурат æмæ Таймураз дæр лыгъдысты сæ фыдæлты уæзæгæй, сæ зæрдæты цы дур æвæрд уыд, цы уæззау хабар æмбæхстой, уымæй Манчжурийы, Мексикæйы онг лыгъдысты, суанг Аляскæмæ ныххаудысты. Иунæгæй-иу кæм аззадысты, уым-иу сыл сæ хъысмæт æртыхст, баиу сæ-иу кодта. Уый нæ фæнды фæхæццæ кæнын адæммæ, – загъта спектаклы премьерæйы тыххæй Уалыты Гиви.
Æцæгдзинадæй, абон нæ фæсивæд дард ранмæ лидзынц. Куыдфæнды ма уæд, уæддæр ахæм æхца нæй, бинонтæ, фыдæлты зæхх, дæ уидæгтæ дын чи баива. Уыдæттæ хъуыдыйаг сты нæ рæстæджы. Спектаклы инсценировкæйы автор у Михаил Левитин – кæстæр, Гарий Гумель – нывгæнæг, Уалыты Ларисæ – костюмтæ, Сихъоты Тимур – хореогрæф, спектакльмæ музыкæ ныффыста Ольга Шегелева.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ















