Профцæдисон змæлды зæрдиаг архайд

0
19

Дзæуджыхъæуы Цæдисты Хæдзары Культурæйы кусджыты æппæтуæрæсеон профцæдисы сæрдар Григорий ЗАСЛАВСКИЙ фембæлд Цæгат Ирыстоны профцæдисы республикон организацийы активимæ.

Цæгат Ирыстоны Культурæйы кусджыты æппæтуæрæсеон профцæдисы республикон организацийы сæрдар Годжиаты Еленæ куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ фембæлд арæзт æрцыд профцæдисон змæлд фæпарахатдæр æмæ фæфидардæр кæнын æмæ рæзты фæлгæты, Профцæдисы кад фæбæрзонддæр кæнын æмæ фылдæр адæмы ’ргом йæ рæнхъытæм раздахынæн.

Фембæлды ма архайдтой РЦИ-Аланийы Профцæдисты Федерацийы Сæрдар Касаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы Культурæйы комитеты сæрдар Мæрзойты Руслан, муниципалитетты Культурæйы комитетты æмæ республикæйы районты культурæйы къабазы куыстуæтты разамонджытæ, культурæйы уагдæтты фыццаг профцæдисон организациты сæрдартæ, спорты æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

Фембæлды рæстæг сæм ныхас рауад, культурæйы уагдæтты социалон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, сфæлдыстадон дæсныйæдтæн æххуысы мадзæлттыл. Æркастысты мызд æмæ къабазы бындурон мыздæвæрды бæрцмæ, къабазы специалисттæ æмæ лæггадгæнæг персонал æмхуызон мызд кæй исынц, уыцы фарстатæм дæр. Сбæрæг кодтой, культурæйы куыстуæтты æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты фæллойад хъахъхъæнынады мадзæлттæн финансон æххуыс кæй нæ цæуы, уый.

Григорий Заславский фæбæрæг кодта Профцæдисы централон аппарат, регионалон æмæ территориалон организациты ’хсæн æмархайд фæтыхджындæр кæныны ахсджиагдзинад, йе ’ргом аздæхта программæ «Земский работник культуры» æмæ «За наставничество»-мæ гæсгæ фиддонты бæрц фæфылдæр кæныны фарстатæм.

Культурæйы кусджыты æппæтуæрæсеон профцæдисы Сæрдар бахахх кодта сфæлдыстадон кусджыты бартæ бахъахъхъæныны ахсджиагдзинад æмæ фæбæрæг кодта:

— Культурæйы уагдæттæм хъуамæ ахæм ахастдзинад уа, куыд нæ Фыдыбæстæйы стратегион хæзнатæм. Мæн уырны, Уæрæсейы Президент уыцы хъуыддаджы нæ фарсмæ кæй æрбалæудзæн, уымæн æмæ уымæй аразгæ у нæ бæстæйы æдасдзинад.

Æмбырды архайджытæ рæгъмæ рахастой культурæйы къабазы кусджытæ, царды цы лыггæнинаг фарстатимæ сæмбæлынц, уыдон: хъæуты цæрæг культурæйы кусджытæ нæ исынц компенсацитæ цæрæнуатæн æмæ коммуналон лæггæдтæн фидыны тыххæй. Афтæмæй нæ республикæйы хъæуты ахуырад, социалон службæ æмæ ветеринарон службæйы кусджытæн ис ахæм льготæтæ.

Фембæлд фадат ратта профцæдисы барты фæлгæты ахсджиаг фарстатæм æркæсын æмæ сыл дарддæр бакусыны мадзæлттæ сбæрæг кæнынæн.

Йæ архайджытæ равдыстой цæттæдзинад конструктивон диалогмæ. Цæгат Ирыстоны Культурæйы кусджыты æппæтуæрæсеон профцæдисы республикон организацийы сæрдар Годжиаты Еленæ фæбæрæг кодта, ахæм фембæлдтыты ахсджиагдзинад бынæтты куысты ахадындзинад фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here