Форумы архайы

0
4

Уæрæсе æмæ Китайы æртын университетæй фылдæры разамонджытæ æмæ минæвæртты чи æрæмбырд кодта, Пекины университеты Шэньчжэны уæлдæр скъолайы бындурыл цæуы уæрæсейаг æмæ китайаг университетты ректорты ахæм 8-æм форум.

Цæгат Ирыстоны номæй дунеон æмбырды архайы нæ республикæйы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан.

Нæ университет китайаг уæлдæр скъолатимæ наукон æмгуыс-тад кæны. Шанхайы инженерон наукæты университетимæ иумæ профессор Магкоты Тамерлан цæттæ кæны ног æрмæджытæ æмæ химийы къабазы проекттæ. Цæгатирыстойнаг ахуыргæнæндон математикон наукæты къабазы æмгуыстад кæимæ кæны, ЦИПУ-йы доцент Гутнаты Алинæ наукон стажировкæтæ ацыд Харбины уыцы технологон институт æмæ инженерон университеты. Уымæй уæлдай, Алинæ æмæ физикон-математикон наукæты кандидат Плиты Марат китайаг ахуыргæндтимæ иумæ наукон æрмæджытæ ныммыхуыр кодтой.

– Владимир Путин æмæ Си Цзиньпины расидтмæ гæсгæ, 2026-2027 азтæ нымад æрцыдысты ахуырады къабазы уæрæсейаг-китайаг æмгуыстады иумæйаг азтыл. Уæлдæр ахуырады къабазы уæрæсейаг-китайаг æмгуыстады ног къæпхæн университеттæн дæтты наукон авналæнтæ иу кæныны, дисциплинæты иумæйаг командæтæ аразыны æмæ наукæйы вазыгджын фарстатæ иумæйагæй лыг кæныны фадат. Ныридæгæн нæ университет Китайы уæлдæр скъолатимæ æмгуыст кæны, ацы бастдзинæдтæ фæуæрæхдæр кæныныл архайæм. Практикон уагæй кæй æххæст кæндзыстæм, ацы æмбырды фæрцы ахæм ног бадзырдтæ æмæ проекттæ кæй фæзындзысты, ууыл зæрдæ дарын, – загъта Огъуайы-фырт.

Форумы архайджытæ ныхас кæнынц уæлдæр ахуырады къабазы уæрæсейаг-китайаг æмгуыстады фадæттыл, стæй иумæйагæй специалистты цæттæ кæнын æмæ наукон иртæстытæ æххæст кæныны фарстатыл.

Дунеон æмбырды архайджытæн арфæ кæнгæйæ, Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко æмæ наукæйы министр Валерий Фальков куыд загътой, афтæмæй дыууæ бæстæйы университетты ‘хсæн наукон бастдзинæдтæ рæзынц, иумæйаг ахуырадон программæтæ æххæстгонд цæуынц.

Пекины университеты ректор Гао Суны ныхасмæ гæсгæ, амынд ахуыргæнæндон уæрæсейаг университеттимæ иртасæн æмгуыстад парахат кæнынмæ æмæ иумæйаг ахуырадон проекттæ æххæст кæнынмæ цæттæ у.

Уымæй уæлдай, форумы архайджытæ сæ къухтæ æрæвæрдтой Уæрæсе æмæ Китайы университетты ‘хсæн æмгуыстад дарддæр æххæст кæныны тыххæй ног документты.

Хъайырты Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here