Цæгат Кавказы регионты райрæзты ахсджиаг фарстатæ

0
6

Республикæйы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис видеобастдзинады хуызы архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвары цур Координацион советы æмбырды. Амыдта йæ Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Владимир НАДЫТКО.

Ныхас цыд «Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзт»-ы паддзахадон программæйы мадзæлттæ æххæст кæныны хъуыддаджы федералон æмæ регионалон хицаудзинады оргæнты æмархайдыл, регионты экономикæ нымæцон æхцайæ пайда кæнынмæ йе ‘ргом тынгдæр цæмæй аздаха, ууыл, чысыл бизнес рапарахат кæныныл, патриотон хъомыладимæ баст проекттæ æххæст кæныны хъуыддаджы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ цæмæй архайой, ууыл, инновацион-технологон амалхъомад рапарахат кæныны тыххæй уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ амалхъомадон æмæхсæнады ‘хсæн бастдзинæдтæ фидардæр кæнын æмæ æндæр фарстатыл.

Сæйраг æргом здæхт æрцыд «Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзт»-ы паддзахадон программæйы развæлгъауы бæрæггæнæнтæм æмæ ацы азмæ нысангонд мадзæлттæ нывыл æмæ афоныл сæххæст кæнынмæ. Уыцы фарстайы фæдыл сæйраг докладимæ раныхас кодта Уæрæсейы Экономикæйы райрæзты министрады департаменты директоры хæдивæг Шамиль Каппушев. Уый аргъ скодта, программæмæ гæсгæ ацы аз æххæстгонд чи ‘рцыд, уыцы куыстытæ æмæ бæрæггæнæнтæн, стæй бафиппайдта цыппар бæрæггæнæнтæм гæсгæ регионты социалон-экономикон нывыл рæзт.

Афтæ, ацы азы фыццаг æмбисы инвестициты бæрц сæйраг капиталмæ фæфылдæр 18,7 проценты, ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, æмæ ссис 456 миллиард сомæй фылдæр.

Ныхас ма цыд, Цæгат Кавказы регионты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады райрæзты программæйы амынд мадзæлттæ æххæст кæныныл. Уыцы фарстайыл дзырдта Уæрæсейы Федерацийы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы аудитор Наталья Трунова.

Æмбырды хатдзæгтæн аргъ кæнгæйæ, Дзанайты Барис бафиппайдта, «Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзт»-ы паддзахадон программæ кæй у социалон æмæ æндæр нысантæ æххæст кæныны ахсджиаг фæрæз.

– Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ энергетикæйы куыстуæттæ экономикон æгъдауæй фæфидар æмæ сæ размæ кæныны программæйы æппæты фыццаг архайын чи райдыдта, уыцы регионтæй иу у Цæгат Ирыстон дæр. Уый нын дæтты инфраструктурæ рацаразыны фадат, уый та, æнæмæнг, хорзырдæм ахады коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинадыл. Куыс-тытæн ацы аз федералон бюджетæй хъуамæ лæвæрд æрцæуа 1,5 миллиард сомы бæрц, – загъта Дзанайты Барис.

Амынд программæйы фæлгæты сæ фæрæзтæ баиу кодтой донуадзæн, хъармдæттæн, сыгъдæггæнæн æмæ коммуналон лæггæдты æндæр объекттæ, æмæ сæ рауад иу регионалон оператор –  паддзахадон унитарон куыстуат «Дондæттæн æмæ донуадзæн куыстгæнæг республикон куыстуат». Уымæй уæлдай, 2023 азæй арæзт цæуынц Алагиры районы хæххон хайы цæрæнбынæтты донуадзæн хæтæлтæ рацаразыны егъау куыстытæ.

– Уæрæсейы Президенты уынаффæйæ æмæ Уæрæсейы Хицауады хæс æххæст кæнгæйæ, дарддæр арæзт цæуынц Беслæны мемориалон комплекс «Зæдты горæт» рацаразын æмæ йæ банывыл кæныны куыстытæ. Уымæй уæлдай, дарддæр цæуы æххуыс æмæ реабилитаци, теракты хъыгдард чи баййæфта, уыцы адæмæн. Куыд зонæм, афтæмæй нæ бæстæйы Президент Владимир Путин нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ фембæлыны фæстæ рахаста субсиди фæфылдæр кæнын æмæ хъыгдардбаййафджытæн æххуысы мадзæлттæ 2030 азмæ адарддæр кæныны уынаффæ. Æнæмæнг, æппæт мадзæлттæ дæр нæ республикæйæн сты ахсджиаг, æмæ се ‘ххæст кæнынмæ цæуы уæлдай фылдæр æргомздæхт, – загъта Дзанайты Барис.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here