Республикæйы Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз архайдта Нарты кадджытимæ баст равдыст-конкурс «Нартиадæ»-йы байгом кæныны кадджын цауы. Равдыст æрбынæттон Цæгат Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы Равдыстыты залы.
Нарты кадджытимæ йе сфæлдыстад чи сбаста, уыцы нывгæнджыты куыстытæ иу ран баиу кæныны хъæппæрис равдыста нæ республикæйы сгуыхт нывгæнæг, скульптор Зæнджиаты Таймураз. Равдыст арæзт æрцыд сфæлдыстадон фæзы хуызы. Уыцы фæзы Уæрæсейы алы регионты нывгæнджытæ адæмон традицитæ æмæ нырыккон аивады ахорæнты фæрцы ногæй гом кæнынц Нарты кадджыты сюжеттæ æмæ нæ семæ зонгæ кæнынц.
Равдысты фенæн ис Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары Республикæйы, Республикæ Адыгейы, стæй, нæ бæстæйы иннæ регионты цæрæг Ирыстонæй рацæугæ дæсны нывгæнджыты куыстытимæ.
Равдыст саразджытæ æмæ уазджытæн арфæ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз бафиппайдта, проекты æхсæнадон æмæ хъомыладон нысаниуæг æмæ йæ ахсджиагдзинад, стæй, адæмыхæттытæ æмæ фæлтæрты ‘хсæн бастдзинад фидардæр кæныны хъуыддаджы аивад цы стыр бынат ахсы, уый.
– Нарты кадджытæ баиу кодтой æфсымæрон республикæты дæсны нывгæнджыты. Аивады фæрæзты фæрцы уыдон фæсивæдæн дæттынц сæ уидæгтæ хуыздæр базоныны фадат. Ацы аз у Уæрæсейы Адæмты иудзинады аз, æмæ, нæ тыхтæ баиу кæнгæйæ, кæрæдзийы æмбаргæйæ, царды алы хъуыддаджы дæр æнтыстджын кæй уыдзыс-тæм, уымæн ацы проект у ирд цæвиттон, – загъта
Тускъаты Таймураз.
Конкурс арæзт цæуы цыппар номинацийы: «Нывкæнынад», «Скульптурæ», «Графикæ» æмæ «Декоративон-куыстадон аивад». Уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцæудзысты дипломтæ æмæ премитæй.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














