Терроризм æмæ экстремизмы ныхмæ мадзæлттæ

0
7

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы терроризм æмæ экстремизм профилактикæйы къабазы информацион политикæйы экспертон советæн уыд æмбырд. Амыдта йæ Мыхуыры æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Эльдар Афашоков.

Æмбырды архайдтой хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнты æмæ регионæн разамынд дæттыны центры минæвæрттæ, стæй нæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты сæйраг редактортæ.

Ныхас цыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Терроризмы  ныхмæ къамисы цур терроризм æмæ экстремизм профилактикæйы æмæ уыцы къабазы информацион политикæйы фарстатæ лыг кæныны мадзæлттыл. Æмбырды боны фæткмæ гæсгæ йæ архайджытæ æркастысты ахæм фарстатæм: – нæ республикæйы Ахуырады министрады ахуыргæнæндæтты хъомыладон æмæ культурон-рухсадон мадзæлттæ аразын; уыцы мадзæлтты нысан у, терроризмы фæзындтытæй кæстæрты бахъахъхъæнын æмæ сæ удварны хуыздæр миниуджыты бындурыл хъомыл кæнын;

– терроризм æмæ экстремизм профилактикæйы къабазы нæ республикæйы муниципалон ахуыргæнæндæтты информацион политикæйы уавæрмæ цæст дарын; уыцы нысанимæ абоны уавæрыл бæстон ныхас кæнын æмæ уыцы уавæр нывылдæр кæныны мадзæлттыл архайын;

– РЦИ-Аланийы фæзуатыл чи ис, уыцы уæлдæр ахуыргæнæндæтты архайдмæ цæст дарын; уыцы нысанимæ терроризм æмæ экстремизмы хъуыдыты ныхмæ пропагандæ æмæ информацион мадзæлттæ æххæст кæнын æмæ сын аккаг аргъ кæнын.

Æмбырды архайджытæ равзæрстой, нæ республикæйы Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрад кæй бацæттæ кодта, террористон фыдракæндтæ профилактикæйы фæдыл методикон æрмæджытæ.

Мыхуыр æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг бафиппайдта, æппæт ведомствæтæ дæр æмгуыст кæй кæнынц, уый.

Уымæй уæлдай, æмбырды архайджытæ бахыгътой Экспертон советы ацы азы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ сфидар кодтой 2027 азмæ куысты пълан.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here