(Хъæуы равзæрдыл сæххæст 115 азы)
Кæрдоты таг – афтæ хуынд раздæр, абон Црауы хъæу цы бынаты ис, уыцы ран, цалынмæ дзы хохæгтæ не ‘рбынатон сты, уæдмæ. Цраудоны галиуварс Уынал, Зджыд, Мызур æмæ Тæмискъæй, фæстæдæр та – Карца, Быз, Дагом, Цъамад æмæ æндæр хохаг хъæутæй рацæуæг бинонтæн радих кодтой зæххы хæйттæ. Уыцы цау æрцыд 1911 азы, ноябры. Уæдæй рацыд æнусæй фылдæр, хъæу райрæзт, ныр дзы цæры 2 минæй уæлæмæ адæймаджы.
Азты цыдимæ хъæу йæ хуыз ивта, кодта хъомысджындæр, цæрыны фадæттæ хуыздæргæнгæ цыдысты. Фæлæ, раздæрау, уарзон у, йæ фæрнджын зæххыл чи райгуырд æмæ царды уæрæх фæндагмæ чи рацыд, уыдонæн. Уал азмæ дзы бирæ хорздзинæдтæ æрцыд, зындзинæдтæ дæр чысыл нæ бавзæрстой йæ цæрджытæ. Ивгъуыд æнусы 30-æм азты Црауы сырæзт «Раздзог»- ы колхоз, йæ сæрдар уыд Хлойты Хату. Уыд дзы 6 быдыры куыстгæнæн бригады, æхсыры – товарон, фыстæ æмæ хуытæ, стæй маргъдарæн фермæтæ. Фæстæдæр колхозы бынаты фæзынд совхоз «Путь к коммунизму», дардыл хъуыст йæ дыргъты куыстæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй Цраумæ нал сыздæх 90 хæстоны, сæ номыл хъæуы астæу лæууы цыртдзæвæн. 57-æм азы Црауы цæугæдоны рахизфарс бафтыд ног цæрæн бынат, Гæззаты хъæу кæй хонынц адæм, уый. Æрцардысты дзы ног æрбалидзджытæ. Ныр уынг хæссы, 1992 азы ирон-мæхъхъæлон быцæуы цы суинаг лæппу бацарæфтыд, уыцы Гæззаты Рафикы рухс ном.
Цы уавæрты цæрынц ныр црайуæгтæ, уый нæ уацхæссæг базыдта, хъæуы цæрджытимæ ныхас кæнгæйæ, стæй администрацийы сæргълæууæг БУТАТЫ Тамерланæй:
– Клуб, скъола, сывæллæтты рæвдауæндон, амбулатори, ветеринарон пункт, посты хайад – æппæт уыдæттæй æххæст у нæ хъæу. Сæ иутæ нацпроекттæм гæсгæ бындуронæй цалцæггонд æрцыдысты, иннæтæм æмбæлгæ уагыл базылдыстæм. Фæлæ нæм аразинаг хъуыддæгтæ нал ис, куы зæгъон, уæд раст нæ уыдзынæн. Сæйрагдæр, баст сты нуазыны донимæ, хæтæлтæ базæронд сты æмæ арæх атонынц. Бампъузынц сæ, фæлæ та ногæй æндæр ран стонынц, 12 километрæй фылдæр сты ивинаг. Архайд цæуы, фæлæ сындæггай. Фарон уал фæззæджы иу уынджы ‘рдæг баивтой, уæвгæ та нæм 7 ис. Системæ æнæхъæнæй дæр хъуамæ ‘рцæуа ивд. Алагиры Доныканал кæны уыцы куыстытæ, уынгтæм хæтæлтæ ‘рбаластой, фæлæ хъуыддаг ууыл æрлæууыд. Бæргæ хæссæм нæ хъаст æрвылбон дæр, фæлæ никуы æмæ ницы. Нæй нæм спортивон зал, нæ сывæллæттæ тренировкæмæ цæуынц Алагирмæ. Се ‘хсæн ис, республикæйы спортивон кад чи хъахъхъæны, ахæм фæсивæд. Æрæджы Хъæрджынты Эллæ сси дунейы чемпион армхæстæй, – зæгъы Тамерлан.
Скъола, клуб æмæ амбулатори бындуронæй сцалцæг кодтой, хъæуы фæзынд ног ветеринарон пункт. Бабæрæг кодтам хъæуы æртæуæладзыгон скъола, нырыккон ахуырады домæнтæ ‘ххæст кæнынæн дзы ис æппæт фадæттæ дæр.
– Профилон кълæстæ нæм ис, дæсæм кълас у универсалон, æртæ предметæй – хими, истори æмæ профилон математикæйæ скъоладзаутæ исынц арфдæр зонындзинæдтæ. Ис нæм технологон профиль дæр, дæсæм къласы йыл ахуыр кæнынц фондзæй, иуæндæсæмы – цыппарæй. ФГОС-ы программæтæ равзæрст предметтæ арфдæр ахуыр кæнынмæ здæхт сты. Ахуыргæнджытæй æххæст стæм, сæ фылдæр црайуæгтæ сты, цæуынц нæм Алагирæй дæр. Скъола 1924 азы сарæзтой, йæ агъуыст базæронд, æмæ 2008 азы, ныр кæм ныхас кæнæм, уыцы скъола арæзт æрцыд. Иумæйагæй нæм ис 108 скъоладзауы, – зæгъы директоры хæдивæг Цæрукъаты Фатимæ.
Рæзгæ фæлтæры хъомыладон куыстмæ Црауы уæлдай цæстдард цæуы. Скъолайы фарсмæ ис сывæллæтты рæвдауæндон. Сихорафон нæ бацыдмæ сабитæ фынæй кодтой, хæрзæфснайд бæстыхайыл апырх хæринаджы хæрздæф – сабитæ куы райхъал уой, уыцы рæстæгмæ сын Хестанты Таисия цæттæ кодта хæринаг. Рæвдауæндоны фылдæр æрыгон хъомылгæнджытæ кусы, сæ фарсмæ сты сæ хистæртæ. Æнæзæрдæхудтæй бирæ рæстæг фæллой кæнынц рæвдауæндоны. Фæндзай азы сабиты музыкалон хъомыладæн дзуапп дæтты Дудиаты Михалы чызг Людмилæ, йе ‘нтыстджын архайды фæдыл иу æмæ дыууæ хатты нæ райста Кады гæххæттытæ. Конкурсты архайгæйæ, йæ хъомылгæнинæгтæ раззагдæрты рæнхъы вæййынц. Даураты Зæлинæ ныр 13 азы кусы рæвдауæндоны сæргълæу-уæгæй, уымæй размæ та уыд хъомылгæнæнг. Црайуаг чызг у, йæ амонд дæр ацы хъæуы ссардта, Дзебойтæм. Куыд зæгъы, афтæмæй Федералон ахуырадон программæмæ гæсгæ кусы рæвдауæндон, æртæ къордмæ цæуы 55 сывæллоны. Сæ иуимæ кусынц полилингвалон программæ «Осетия – мой край родной»-мæ гæсгæ. Иннæ программæ – порционалон, у иумæйаг ахуырады программæйы иу хай. Физкультурон – æнæнизкæныны æмæ аивадон программæ «Цветные ладошки»- йы домæнтæ ‘ххæст кæнынмæ уæлдай æргом здæхт цæуы рæвдауæндоны.
– Мах хуызæн клуб алкæм нæй, – загъта хъæуыхицау. Культурæйы артдзæстмæ бындурон цалцæджы фæстæ уæлдай зæрдæргъæвдæй цæуынц адæм, сæ фылдæр хъæуы фæсивæд сты. Алыхуызон къордты архайгæйæ, тырнынц, аивадон фæндагыл цыд хъомысджындæр кæнынмæ. Æрæджы Црауы Культурæйы хæдзарыл сæрмагонд программæмæ гæсгæ сæмбæлын кодтой æртæ дала-фæндыры. Национ инструментты ансамбль сæм рагæй ис, 30 азæй фылдæр ын разамынд дæтты Хъуылаты Маринæ.
– Кусынæн нын ис æппæт фадæттæ дæр, ис нæм адæмон кафты ансамбль «Амонд» æмæ йæ дæлкъорд «Бæлон». Нæ вокалон къордæн разамынд дæтты Илаты Тимур. Ис нæм аивадон дзырд æмæ театралон къорд дæр, йæ разамонæг – Болататы Зæринæ. Беккуызарты Зæринæйы къорды архайынц, æрмдæсныйы куыстмæ ‘мхиц чи у, уыцы адæймæгтæ. Иумæйагæй, нæ Культурæйы хæдзары къордты архайынц 225-æй, – Культурæйы хæдзары куыстимæ нæ базонгæ кодта, директорæй дзы ныр æртæ азы чи кусы, уыцы Икъаты Аланæ. Алы æмвæзады фестивальтæ æмæ конкурсты сæ архайджытæ бацахсынц раззаг бынæттæ. Ахсджиаг ма уый у, æмæ хъæууон культурæйы артдзæсты инклюзивон сывæллæттимæ кæй кусынц, уый.
Фæлладуадзæн бынат нæ уыд хъæуы, æмæ фæсивæд рахастой йæ саразыны уынаффæ. Сфæнд кодтой æмæ йæ аразгæ дæр скодтой. Æрæмбырд кодтой æхца, 400 мин сомæй балхæдтой бандæттæ, херытæ, фанартæ, зайæгойтæй фигурæтæ самал кодта хъæуыхицау йæхæдæг, æмæ фæлладуадзæн бынат хъæубæстæн сси уарзон. Ныр æм цæуынц зæрондæй – ногæй. Канд ацы хъуыддагыл нæ бакуыстой Црауы фæсивæд. Хъæуы алыварс ис цалдæр кувæндоны, сæ иутæм базылдысты иумæйаг тыхтæй, иннæтæм дæр рæхджы базилдзысты:
– Хуыцауы Дзуар, Уастырджи, Елиа, Джермух, Аларды æмæ Мады Майрæмы кувæндæттæм адæм цæуынц бакувынмæ. Уастырджийы кувæндоны дурыл фыст ис 1921 аз, зæгъгæ. Мæрзойты Константин æмæ Дудиаты Вовæимæ – кувæндонæн лæггадгæнæг лæгтимæ – бауынаффæ кодтам, Джеоргуыбайы бæрæгбоны рæстæг цæмæй Галæргæвдæн бон кусарт кæнæм æмæ-иу йæ быны хъæугуывд скæнæм. Бирæ адæм æрбацæуынц дзуары бынмæ сæ кувинæгтимæ. Табу йæхицæн, фæкувынц æмæ фæкурынц сабырдзинад зæххыл, æнæниздзинад æмæ амонд. Бæрæгбон Уастырджийы кувæндоны уыдзæн ныр дæр.
Елиайы кувæндоны бынаты кæддæр арв æрцавта, æмæ дзы, æгъдаумæ гæсгæ, сарæзтой кувæндон, лæггадгæнæг уыд Кæсæбиты Хадзымурат. Базилын æм хъуыд, йæ фырт Асланы фæрцы йæ сног кодтой. Йæ рæстæджы Дагом, æндæр хъæутæй чи ралыгъд, уыдон хæхбæстæй раластой дур, æмæ сывæллæтты бардуаг Алардыйы кувæндон ис хъæуы, уыцы рæстæг-иу кувинæгтæ йæ быны скуывта адæмæн уарзон сылгоймаг Госæда. Стæм хатт ма йæм цæуынц ныр, базилын æм хъæуы. Ныридæгæн кувæндоны нæ къухы бафтыд сывæллæттæн тапка саразын, æрмæг ын æлхæд у. Фæрæзтæ йын ратта Созæты Олег, йæ цæрæнбон бирæ! Сног кæнын хъæуы Мады Майрæмы Кувæндон. Мысайнæгтæ, хъæуы фæсивæд цы ‘хца æрæмбырд кæнынц, уыдонæй балхæнæм æппæт дæр, иумæ базилæм нæ кувæндæттæм, – радзырдта нын, Црауы зæххыл цы кувæндæттæ ис, уыдонæн лæггадгæнæг Бутаты Аслан.
Сæдæ фынддæс азы рацыд, Црауæй хъæу куы равзæрд, æмæ уæдæй абонмæ йæ цæрджытæ, хуыздæр цардмæ бæлгæйæ архайынц сæ райгуырæн хъæуы хорздзинадыл, йæ бæркад, цардхъомдзинад æмæ рæсугъд фидæныл.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
авторы æмæ Црауы Культурæйы хæдзары архивæй ист къамтæ














