Цӕгат Ирыстон — Греци: ӕмархайды ног гӕнӕнтӕ

0
331

Цӕгатирыстойнаг куыстуат «Токар» Грецимӕ ӕрвитын райдыдта, йӕхӕдӕг кӕй уадзы ӕмӕ, арӕзтадон куыстыты пайдагӕнӕн кӕмӕй ис, ахӕм хус арӕзтадон ӕмхӕццӕтӕ. Арӕзтадон ӕрмӕджы ахӕм хуыз ныры онг нӕма уыд.

Уый у Ирыстон ӕмӕ Грецийы ‘хсӕн промышленнон ӕмгуыстады фыццаг ахӕм цау. Ӕрвитгӕ та йӕ кӕнынц, Экспортӕн ӕххуысы республикон центр цы куыст ӕххӕст кӕны, уый фӕлгӕты. Ацы хабар фехъусын кодта республикӕйы Экономикон рӕзты министрады амалхъомадӕн ӕххуысы хайады хицау Цӕболты Отар.

— Экспортӕн ӕххуысы республикон центр арӕзт ӕрцыд «Дунеон корпораци ӕмӕ экспорт», зӕгъгӕ, ахӕм проектмӕ гӕсгӕ. Йӕ нысан у, республикӕйы амалхъомтӕ цы продукци уадзынц, уый ӕддагон базарадмӕ хӕццӕ кӕнын, — загъта Цӕболы-фырт.

Греци ӕмӕ Кипры амалхъомтӕ Цӕгат Ирыстонмӕ фыццаг хатт ссыдысты сӕрды. Сӕ балц саразӕг дӕр уыд Экспортӕн ӕххуысы республикон центр. Дзӕуджыхъӕуы уӕд арӕзт ӕрцыд дунеон конференци «Кавказ, Греци ӕмӕ Кипры ‘хсӕн базарадон-экономикон бастдзинӕдтӕ парахат кӕнын». Уым архайдтой 40 фӕсарӕйнаг амалхъомы, ӕмӕ уӕд сӕхицӕн фӕбӕрӕг кодтой, цымыдисагдӕр сӕм цы къабӕзтӕ фӕкаст, уыдон, зӕгъӕм, арӕзтад, хъӕууон хӕдзарад, туризм. Фӕстӕдӕр та, сентябры, уыцы бӕстӕтӕм хъуыддаджы балцы ацыдысты цӕгатирыстойнаг амалхъомтӕ.

— Куыстуат «Токар» цы хус ӕмхӕццӕтӕ уадзы, уыдонмӕ се ‘ргом аздӕхтой  Грецийы арӕзтадон компанитӕй цалдӕр. Фӕлварӕны хуызы дзы фыццаг хатт спайда кодтой паддзахадон бӕстыхӕйттӕй иу аразыны рӕстӕг, ӕмӕ, куыстыты цы бюджетон хӕрдзтӕ бахъуыд, уыдонӕй фӕстауӕрц скодтой 30 проценты. Афтӕмӕй, нӕ продукци фӕсарӕнтӕм ӕрвитын райдыдтам, — загъта министрады специалист.

Арӕзтадон хус ӕмхӕццӕмӕ, бетон ӕмӕ цементмӕ «Д-5», зӕгъгӕ, цы уӕлӕмхасӕн ӕфтауынц, уый уадзӕг куыстуат «Токар» ӕппӕт Уӕрӕсейы дӕр у иунӕг ахӕм промышленнон куыстуат.

Национ проект «Дунеон корпораци ӕмӕ экспорт» арӕзт у фондз федералон проектӕй. Се ‘ппӕтӕн дӕр сӕ иумӕйаг нысан у хомаг куыстгӕнӕг продукцийы, хъӕууонхӕдзарадон продукцийы ӕмӕ лӕггӕдтӕн сӕ гуырахст мидбӕстон иумӕйаг продукцийы фӕфылдӕр кӕнын 20 процентӕй, стӕй 2024 азмӕ ӕнӕэнергетикон ӕмӕ ӕнӕхомаг товарты экспорт 250 миллиард доллӕры фӕфылдӕр кӕнын.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here