Ерыстӕ — Джеоргуыбайы бӕрӕгбоны кадӕн

0
379

Ӕхсӕнадон змӕлд «Ирон фӕсивӕд» ӕмӕ нӕ республикӕйы Гиртӕ исыны спорты федерацийы хъӕппӕрисӕй спортивон комплекс «Динамо»-йы ивгъуыд сабаты цыдысты цымыдисаг ерыстӕ гиртӕ исынӕй.

Турнир арӕзт ӕрцыд ирон адӕмы уарзон бӕрӕгбон Джеоргуыбайы кадӕн. Нӕ республикӕйы тыхджындӕр спортсментӕй уӕлдай ма дзы архайдтой ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ дӕр. Бӕрӕгбоны арфӕтӕ сын ракодтой Дзӕуджыхъӕуы Рахизфарсы районы «Стыр ныхас»-ы сӕрдар Туаты Руслан, ӕхсӕнадон змӕлд «Ирон фӕсивӕд»-ы сӕрдар Багаты Эрик, Цӕгат Ирыстоны Гиртӕ исыны спорты федерацийы сӕрдар Цӕрикъаты Мехи. Нӕ республикӕйы зындгонд зарӕггӕнӕг Зӕнджиаты Мӕдинӕ та сын арфӕ ракодта «Бӕрӕгбоны зарӕг»-ӕй. Ерыстӕ цыдысты хъӕлдзӕг уавӕры. Адӕмы дисы бафтыдтой канд лӕппутӕ нӕ, фӕлӕ ма чызджытӕ дӕр.

Чызджытӕ ерыс кодтой ӕртӕ уӕзы: 58 кг, 63 кг ӕмӕ уымӕй уӕлдӕр уӕзты. 58 кг уӕзы фӕуӕлахиз Илонӕ Гончарова (ӕрыдоны район, тренер Цӕрӕкты Ирлан) 63 кг онг уӕзы тынг сӕрӕн разынд 58-ӕм ӕфсады службӕгӕнӕг Екатеринӕ Евдокимова. Уый 12 кг уӕзӕн гир дӕс минутмӕ систа 203 хатты ӕмӕ бацахста фыццаг бынат. Йӕ тренер у Цӕрикъаты Мехи.

63 кг уӕлдӕр уӕзы дӕр 1-аг бынат бацахста 58-ӕм ӕфсады службӕгӕнӕг Алеся Яткина. Йӕ уӕзы 2-аг бынатмӕ рацыд Дзӕгъойты Иринӕ. Ацы уӕзы чызджытӕ ерыс кодтой 16 кг уӕзӕн гир исгӕйӕ.

Нӕлгоймӕгтӕ ерыс кодтой дыууӕ хуызы исгӕйӕ. Фыццаг уыдон дыгай гиртӕ схуыстой сӕ риуӕй хӕрдмӕ, уый фӕстӕ та уыцы-иу схуыстӕй истой иугай гиртӕ.

Ӕппӕты рогдӕр уӕзы 58 кг онг 1-аг бынат бацахста ӕрыдойнаг тренер Цӕрӕкты Ирланы хъомылгӕнинаг Мамыхъаты Барис. Уый йӕ риуӕй дыгай гиртӕ сысхуыста 26 хатты, ӕвиппайды истӕй та йын бантыст 180 хатты. 2-аг ӕмӕ 3-аг бынӕттӕ бацахстой Хусен Шихаев (Мӕздӕг) ӕмӕ Томайты Мӕирбег.

68 кг онг уӕзы фӕуӕлахиз 49-ӕм ӕфсады службӕгӕнӕг Станислав Копытин. Ацы ӕфсады иннӕ службӕгӕнӕг Василий Михайлов та 1-аг бынат бацахста 73 кг онг уӕзы.

Тынг цымыдисаг рауадысты 85 кг ӕмӕ уымӕй уӕлдӕр уӕзты ерыстӕ.

Ацы уӕзты нӕлгоймӕгтӕ ерыс кодтой 24 кг уӕзон гиртӕ исгӕйӕ. Тынг хорз рауад дзӕуджыхъӕуккаг спортсмен Сергей Лукьяненкойы архайд. Уымӕн фидар ныхкъуырд радта Эдуард Семещенко, фӕлӕ уӕддӕр Лукьяненкойӕн бантыст 1-аг бынат бацахсын.

Ӕппӕты цымыдисагдӕр ерыстӕ рауадысты уӕззау уӕзы, ӕмӕ 85 кг уӕлдӕр уӕзы. Ацы уӕзы уыди цалдӕр ӕмдых спортсмены ӕмӕ фыццаг бынат бацахсыныл цыди хъазуатон тох.

Фыццаг хуызы ерысты фӕстӕ разӕй цыд 58-ӕм ӕфсады службӕгӕнӕг Александр Евдокимов. Уый йӕ риуӕй дыууӕ гиры сысхуыста 178- хатты. Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ: Анатолий Шугалей, Алексей Щелкунов ӕмӕ Дмитрий Загоруйкойӕн уый бӕрц сисын нӕ бантыст, фӕлӕ дыккаг хуызы ерысты уыдон ӕртӕйӕ дӕр тырныдтой Евдокимовы баййафынмӕ. Уый тыххӕй та хъуыди ӕвиппайды схуыстӕй уымӕй дзӕвгар фылдӕр хӕттыты сисын. Александр Евдокимов (уый тренер дӕр у Цӕрикъаты Мехи) 10 минутмӕ сысхуыста 232 хатты. Уымӕй фылдӕр хӕттыты систа Анатолий Шуголей — 240 хатты, фӕлӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ Евдокимовӕй рамбулын йӕ къухы нал бафтыд ӕмӕ бацахста 2-аг бынат. 3-аг бынат бацахсынмӕ хӕстӕг уыди РЦИ-Аланийы прокуроры хӕдивӕг Дмитрий Загоруйко. Уый ӕвиппайды истӕй равдыста 212 хатты, фӕлӕ фыццаг хуызы зынгӕ къаддӕр хӕттыты кӕй сысхуыста дыууӕ гиры, уый аххосӕй хӕрз чысыл фӕхӕрд Алексей Шелкуновӕн (136+150) ӕмӕ бацахста 4-ӕм бынат.

Ацы уӕзы фыццаг ӕртӕ бынаты бацахсджытӕ сты 58-ӕм ӕфсады службӕгӕнджытӕ. Ерыстӕм сӕ бацӕттӕ кодта Цӕрикъаты Мехи. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй у разы ӕмӕ зӕгъы: «ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕн гиртӕ исыны спорт у пайдайы хос. Ноджы ма сӕхӕдӕг ӕнӕзивӕг куы вӕййынц, уӕд уыдонимӕ кусын тренерӕн хӕссы ӕхсызгондзинад. Ӕз разы дӕн не ‘фсӕддон спортсменты тырнындзинадӕй. Мӕнӕ та тагъд сӕхи равдисдзысты ног ерысты. Раздӕр 4-ӕм декабры архайдзысты 58-ӕм ӕфсады чемпионаты, уый фӕстӕ та хъуамӕ ерыс кӕной Бетъырбухы Уӕрӕсейы ӕфсады Кубок рамбулыныл ерысты. Уырдӕм цӕттӕ кӕнынӕн сын ацы ерысты архайд у пайдайы хос. Мах зӕрдиагӕй арфӕ кӕнӕм ӕхсӕнадон змӕлд «Ирон фӕсивӕд»-ы сӕргълӕуджытӕ Багаты Эрик, Саламты Осмӕн, Быгъуылты Леойӕн ахӕм ерыстӕ кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй. Бирӕ хорз фӕндтӕ сӕм ис ӕмӕ сӕ къухы бафтӕнт!»

Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призон бынӕттӕ бацахсджытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты майдантӕй, дипломтӕй, кады грамотӕтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕй. Сӕрмагонд призтӕ радтой Мӕздӕджы районы спортсментӕ Сарвар Бардзинадзе ӕмӕ Юсуп Исаковӕн.

Ерысаразджытӕ арфӕйы фыстӕджытӕй схорзӕхджын кодтой РЦИ-Аланийы Самбойы федерацийы президент Фидараты Таймуразы, нӕ республикӕйы Фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты сӕрдар Джусойты Русланы, ерысты сӕйраг тӕрхонгӕнӕг Цӕрикъаты Мехийы, РЦИ-Аланийы мидхъуыддӕгты министр Михаил Скоковы, РЦИ-Аланийы прокуроры хӕдивӕг Дмитрий Загоруйкойы. Ерысты архайджытӕ ӕмӕ тренертӕ зӕрдиаг арфӕ ракодтой Багаты Эрик, Саламты Осмӕн, Быгъуылты Лео ӕмӕ сӕ иннӕ ӕххуысгӕнджытӕн, ерыстӕ хорз уавӕрты кӕй ацыдысты, уый тыххӕй.

БАСКАТЫ Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here