Хуын

0
711

Изӕрӕй Саухал Хуыппитӕм бадзырдта:

— Ам стут, цы?

— Мидӕмӕ, Саухал, — ракаст ӕм хӕдзары ӕфсин Азаухан.

— Хуыппи хӕдзары ис?

— Абон ын райсомӕй цы зокъотӕ ӕрбарвыстай, уыдон иууылдӕр бахордта ӕмӕ хуыррытт фынӕй кӕны.

— Нӕ мӕ уырны… Кӕд мӕрдфынӕй баци. Фен-ма йӕ…

Азаухан хӕдзармӕ бацыди, ӕмӕ чысыл фӕстӕдӕр Хуыппиимӕ тыргъы фӕзындысты.

— Саухал, дӕ хуынтӕ бирӕ уӕнт! Дӕ зокъотӕ тынг хӕрзад уыдысты! — дзуры йӕм Хуыппи.

— Ӕгас ма дӕ?..

— Куыд уыныс, афтӕ!

— Уӕдӕ бирӕ цӕрдзынӕ, — фӕцӕуӕг Саухал.

— Фӕлӕу-ма, кӕдӕм цӕуыс?

— Цӕуын ӕз дӕр уӕдӕ нӕхимӕ зокъотӕ хӕрынмӕ! — дзуры Саухал Хуыппимӕ. — Ӕз та сыл дызӕрдыг кодтон, кӕд, зӕгъын, мыййаг, маргджын зокъотӕ сты!

Сланты Руслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here