Коммуналон хъӕбӕр ӕппарӕццӕгтимӕ архайыныл дзуапп цы регионалон оператор лӕвӕрдта, уый кӕй аивта, уыцы хъуыддаг информацион тыгъдады расайдта бирӕ ныхас.
— Коммуналон хъӕбӕр ӕппарӕццӕгтӕ ӕмбырдгонд ӕмӕ ласт цы уавӕрты цӕуынц, уымӕй аразгӕ у нӕ горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты санитарон уавӕр. Фарст ахсджиаг кӕй у, уый алчидӕр ӕмбары. Компани «Эко-Альянс»-ӕй регионалон операторы статус ист кӕй ӕрцыд, уыцы уынаффӕйӕн уыд бындуртӕ. Бирӕ йыл фӕхъуыды кодтам, ӕмӕ иу бонмӕ хаст не ‘рцыд, — загъта республикӕйы цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Таматы Майрӕн.
Компаниӕ «Эко-Альянс»-ӕй регионалон операторы бартӕ райсыны фарст фыццаг хатт ӕвӕрд ӕрцыд 2019 азы июны. Уый сӕвзӕрд, республикӕйы алы районты бырон чи ӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ чи ласта, уыцы оператортӕй компани стыр хӕстӕ кӕй дардта, уымӕ гӕсгӕ. 2019 азы фыццаг кварталы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, хӕсӕн йӕ бӕрц уыд 62,5 милуан сомы, ӕмӕ афӕдзы фыццаг ӕмбисмӕ дӕр уавӕр нӕ фӕхуыздӕр. ӕмӕ уӕд «Эко-Альянс»-имӕ бацайдагъ ныхас, архайдтой дзы тӕрхондоны оргӕнтӕ дӕр, ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, цы фидыды уынаффӕ хаст ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ «Эко-Альянс» йӕхимӕ райста, оператортӕй цы ӕхцатӕ дары, уыдон бафидыны хӕс, уыимӕ, документы амынд чи ӕрцыд, уыцы ӕмгъуыдтӕм.
Уымӕй уӕлдай, фидыды уынаффӕйы «Эко-Альянс»-ӕн амынд ӕрцыдысты хъӕбӕр коммуналон ӕппарӕццӕгтимӕ архайд рацаразыны мадзӕлттӕ дӕр, уыдонӕн сӕ сӕйрагдӕр — оператортӕй цы хӕстӕ дары, уыдон бафидын. Уый тыххӕй ивгъуыд азы 25 сентябрмӕ компани хъуамӕ бацӕттӕ кодтаид йӕ хӕстӕ хайгай бафидыны пълан. Фӕлӕ амынд ӕмгъуыдмӕ гаххӕтт цӕттӕ нӕ уыд.
Ноябры оператортӕ хъаст кӕнын райдыдтой республикӕйы Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министрадмӕ, уавӕрмӕ цӕмӕй каст ӕрцӕуа, уый тыххӕй. Хъуыддаг ӕрцыд уый онг, ӕмӕ, оператортӕ сӕ кусджытӕн мызд цӕмӕй фыстаиккой, артаг цӕмӕй ӕлхӕдтаиккой, уый сӕм нӕ уыд, ома, сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын сӕ бон нӕ уыд.
Ноябры кӕрон арӕзт ӕрцыд ведомствӕты ‘хсӕн координацион къамисы ӕмбырд, сӕрдариуӕг дзы кодта вице-премьер Фадзайты ӕхсарбег. Къамисы куысты архайдтой ӕппарӕццӕгтӕ ӕмбырд кӕныныл ӕмӕ сӕ ласыныл дзуапдӕттӕг оператортӕ, стӕй компани «Эко-Альянс»-ы минӕвӕрттӕ. Ӕмӕ та ногӕй «Эко-Альянс» йӕхимӕ райста, оператортӕй цы ӕхцатӕ дары, уыдон бафидыны, стӕй 2020 азӕн оператортӕ равзарыны тыххӕй конкурс ӕвӕстиатӕй бацӕттӕ кӕныны хӕс. Дыууӕ хӕсӕй иунӕг дӕр ӕххӕстгонд не ‘рцыд.
Ивгъуыд азы кӕронмӕ оператортӕй компани цы ӕхцатӕ дардта, уыдонӕн сӕ бӕрц 142 милуан сомӕй фӕфылдӕр. 2020 азы цы оператортимӕ хъуамӕ куыстаид, уыдон равзарыны тыххӕй конкурс дӕр арӕзт не ‘рцыд. Оператортӕн сӕ егъаудӕртӕ, уыимӕ Дзӕуджыхъӕуы Цӕгат-Ныгуылӕйнаг, Терчыфалейы ӕмӕ Промышленнон районтӕн лӕггад чи кӕны (уыцы районты цӕрджытӕ сты 300 мин адӕймагӕй фылдӕр), уыдон дӕр фидарӕй загътой, 2020 азы «Эко-Альянс»-имӕ кусыныл разы кӕй нал сты. Уавӕр бынтондӕр цӕмӕй ма скарз уыдаид, уый тыххӕй республикӕйы Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министрад рахаста ӕнӕххӕст бӕрнондзинады ӕхсӕнад «Эко-Альянс»-ӕй регионалон операторы статус сисыны уынаффӕ. Уый фидаргонд ӕрцыд 2019 азы 30 декабры бардзырд бафыссынӕй.
Закъонмӕ гӕсгӕ министрады бафӕндыд регионалон операторы статус рӕстӕгмӕ компани «Сыгъдӕг горӕт»-ӕн рӕттын. Фӕлӕ компанийы разамонӕг ууыл не сразы. Ӕмӕ уӕд ныхас кӕнын бахъуыд, республикӕйы цы егъаудӕр профилон организаци ис, уыимӕ — Дзӕуджыхъӕуы муниципалон бюджетон кусӕнуат «Сӕрмагонд экологон сервис»-имӕ. Уымӕ разынд кусджыты хъӕугӕ штат ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйы хъӕугӕ нымӕц. Куыстуаты разамынд сразы, ӕмӕ 2020 азы 1 январӕй компанийыл ӕвӕрд ӕрцыд рӕстӕгмӕйы регионалон операторы статус.
«Эко-Альянс»-ы разамынд министрады уынаффӕимӕ не сразы ӕмӕ хъаст балӕвӕрдта Арбитражон тӕрхондонмӕ, ӕмӕ ныр хъуыддагмӕ каст цӕуы.
Иринӕ Горбунова














