Дзӕуджыхъӕуы мидхъуыддӕгты управленимӕ бацыд бынӕттон 45-аздзыд нӕлгоймаг ӕмӕ пъӕлицӕйы кусджытӕн загъта:
— Ӕнӕзонгӕ нӕлгоймаг мӕм телефонӕй ӕрбадзырдта, йӕхи банчы ӕдасдзинады службӕйы кусӕг рахуыдта ӕмӕ мын фехъусын кодта: «Дӕ хыгъдтӕй дын ӕхца сфыссын бафӕлвӕрдтой. Цӕмӕй де ‘хцатӕ къӕрныхтӕй бахъахъхъӕнай, уый тыххӕй мын дӕ картӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ сусӕг код фехъусын кӕн».
Нӕлгоймаг ын йӕ банкон картӕйы номыртӕ фехъусын кодта, ӕмӕ йын цӕстфӕлдахӕг йӕ хыгъдӕй 90 мин сомы сфыста. 46-аздзыд камбилеевкӕйаг сылгоймаг дӕр цӕстфӕлдахджыты амӕттаг баци. Уымӕн та йӕ картӕйӕ сфыстой 70 мин сомы. Барадхъахъхъӕнджытӕ ацы фыдракӕндты ӕууӕлтӕ ӕвзарынц.
Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад адӕмы зӕрдыл лӕууын кӕны, ӕнӕзонгӕ адӕймагӕн йӕ банкон картӕйы номыртӕ чи раргом кӕны, уый цӕстфӕлдахджыты амӕттаг бавӕййы. Телефонӕй чи ӕрбадзуры, уый йӕ ныхас райдайы мӕнӕ афтӕ: «Здравствуйте! Вас беспокоит Финансовый контроль службы безопасности Главного управления по банковским обслуживаниям…».
Адӕймаг афтӕ фенхъӕлы, хабӕрттӕ бӕлвырд чи зоны, мемӕ ахӕм дӕсны кусӕг ныхас кӕны, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕнӕ ӕхцайӕ баззайы. Цӕстфӕлдахджытӕ кӕй фӕсайынц, уыцы адӕмы нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр. Ӕхца асайынӕн ис бирӕ гӕнӕнтӕ. Цӕстфӕлдахджытӕ хъуыды кӕнынц ногӕй-ногдӕр ӕфсӕнттӕ.
Пъӕлицӕйы кусджытӕ адӕмӕн фӕдзӕхсынц: къӕрцхъус ут, ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕн сайын ма комут!
РЦИ-Аланийы Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ














