Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Европӕйы чемпионат ацы аз цӕудзӕн Италийы сӕйраг горӕт Римы 14-16 февралы.
Уӕрӕсейы иугонд командӕйӕ чемпионаты архайдзысты ӕртӕ ирон богалы — Тускъаты Азӕмӕт (57 кг), Найфонты Артур (86 кг) ӕмӕ Цӕкулаты Батырбег (92 кг).
Нӕ богӕлттӕ ӕртӕйӕ дӕр ӕрӕджы систы дунеон турнир Гран-при «Иван Ярыгин»-ы уӕлахиздзаутӕ. Уыцы турниры нӕ цыппӕрӕм уӕлахиздзау Байцаты Владиславы уӕзы (97 кг) Европӕйы чемпионаты хӕцдзӕн Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзау Абдулрашид Садулаев. Уыдонӕй уӕлдай ма Римы Уӕрӕсейы спортивон кад хъахъхъӕндзысты: 61 кг — Александр Богомоев, 65 кг Курбан Шираев, 70 кг Исраил Касумов, 74 кг Магомедрасул Газимагомедов, 79 кг Магомед Рамазанов, 125 кг Балдан Цыжинов.














