Республикӕйы цӕрджытӕм цы бирӕ фарстытӕ сӕвзӕры, цы куырдиӕттӕ сӕм фӕзыны, уыдон сӕ хӕдцӕфыл ӕвзарыны охыл хицаудзинады оргӕнтӕ скӕнынц фембӕлдтытӕ. Уым бӕстон ӕрныхас кӕнынц тыхстаг хъуыддӕгтыл. Алы министрады дӕр сӕ архайдӕй хатдзӕгтӕ скӕнынц.
Ивгъуыд азы фӕстаг кварталы граждӕнты куырдиӕттимӕ куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ рӕгъмӕ рахаста Арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министрад. Цӕмӕй хъуыддӕгтӕ рӕвдздӕр лыггонд цӕуой, уый охыл министрады бӕрнон кусджытӕ адӕмимӕ ӕмбӕлынц бӕлвырд графикмӕ гӕсгӕ. Афтӕмӕй кӕцыдӕр вазыгджын фарстытӕ уайтагъддӕр лыггонд ӕрцӕуынц. Фӕстаг кварталы министрадмӕ ӕрбарвыстой 87 фыстӕджы. Уыдонӕй электронон документты зилдухы фӕрцы — 38, министрадмӕ кӕй ӕрбахастой, уыдон уыдысты 49.
Иннӕ азтимӕ абаргӕйӕ, сӕ нымӕц фӕкъаддӕр, — уый дзуры фембӕлдтыты ахадындзинадыл. Ӕрбацӕуӕг адӕм дӕр фыст куырдиӕтты рӕгъмӕ рахӕссынц цӕрӕнуӕтты сертификаттӕ райсыны фарст. Министрад уыцы хъуыддагмӕ стыр ӕргом здахы: 2019 азы, ӕнӕбары сӕ хӕдзӕрттӕ чи ныууагъта, уыдонӕн сертификаттӕн радих кодтой 1,8 миллиард сомы. Граждӕнты уыцы категорийӕ 632 систы сертификатты хицӕуттӕ. Уыцы-иу рӕстӕг куыст цӕуы, цӕмӕй Чернобылы бӕллӕхы фӕстиуджытӕ иуварсгӕнджытӕ, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветеранты бинонтӕ, хӕстон цауты ветерантӕ, инвалидтӕ, инвалид сывӕллонджын бинонтӕ, Кӕройнаг Цӕгатӕй ссӕуӕг адӕм дӕр афойнадыл райсой сертификаттӕ.
Министрады ма ӕвзӕрстой ӕндӕр фарстытӕ дӕр: социалон ахадындзинадимӕ объектты арӕзтад, куысты бынӕттӕ ссарын. Цӕрӕнуӕттӕ аразыны программӕтӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уыдӕттӕ базоныны охыл адӕм ӕрбацӕуынц министрады пъланон хайадмӕ. Зӕгъӕм, хи ӕхца бавӕргӕйӕ, фатеры арӕзтады чи балӕууыд ӕмӕ йе ‘хца кӕмӕн фесӕфт, ӕнӕ цӕрӕнуатӕй чи баззад, ахӕмтӕ уыдысты 60 адӕймаджы. Уавӕр куыд у, уый тыххӕй сын дзуаппытӕ радтой. Ӕрыгон бинонтӕн цӕрӕнуӕттӕ аразыны программӕ куыд ӕнтысы, уый фӕдыл 70 адӕймагӕн ӕппӕт хабӕрттӕ радзырдтой. Кӕд ӕмӕ 2019 азы райдайӕны субсидитӕ 78 бинонтӕн радтой, уӕд ма цыппӕрӕм кварталы уӕлӕмхасӕн ӕхцайы фӕрцы 63 ӕрыгон бинонтӕн фӕзынд фатертӕ балхӕныны фадат.
Адӕмимӕ фембӕлдтыты архайынц министрады ӕппӕт бӕрнон кусджытӕ, ӕнӕмӕнг, министр йӕхӕдӕг дӕр.
Янӕ Войтова














