Бӕрӕзгаты Харитоны царды фӕндӕгтӕ хуымӕтӕг нӕ рауадысты. Ацы рухс дуне 1916 азы федта. Йӕ гыццылӕй сӕрӕн ӕмӕ стыр ныфсы хицау рахаста. Дамгъӕтӕм фӕцарӕхст. Дзуарыхъӕуы скъолайы аст къласы сыгъдӕг фондзтыл фӕци. Хӕххон-металургон техникумы сырх диплом райста. Фадат куы фӕуа, уӕд ма дарддӕры ахуырӕн цы ‘фсон кӕныс? «Цветмет»-ы институтмӕ бацыд. Фӕстӕдӕр ӕрыгон инженеры Садоны здыйы-цинчы комбинаты сменӕйы хицауӕй сӕвӕрдтой.
Адӕмы сӕргъы балӕууын, уӕлдайдӕр ӕрыгонӕй, зӕрдӕйы фӕндонӕй аразгӕ хъуыддаг нӕу. «Цума» зӕгъын ӕнцон у, фӕлӕ дӕ ныхасы уӕз куы нӕ уа, уӕд дӕм чи хъусы? Дӕхӕдӕг цӕмӕ нӕ арӕхсыс, уый кӕмӕйдӕр куыд домыс? Афтӕмӕй кусджыты цӕсты бафтынӕн бирӕ нӕ хъӕуы. Харитон йӕхиуыл, ӕхсӕв-бон нӕ хынцгӕйӕ, куыста.
Цинӕйдзаг хъуыдытӕ ӕмӕ рӕсугъд бӕллицтӕй ӕххӕст ӕрыгон специалистмӕ амондджын фидӕн ӕнхъӕлмӕ каст. Разамонджытӕ Харитоны арӕхстдзинад уайтагъддӕр раиртӕстой. Ӕрыгон инженеры комбинаты директоры хӕдивӕгӕй сӕвӕрдтой. Фарнимӕ куыста ӕмӕ йӕ цард арӕзта. Фӕлӕ хӕст ракъахджыты уый ницӕмӕн бахъуыд. Ныгуылӕны арт бандзӕрстой, ӕмӕ уыцы фыдбылызы ранмӕ Харитон фыццӕгтимӕ ацыд.
…Немыцӕн уыцы гадзрахат ӕрбасенкӕй сӕ «амонд» дугъон ӕнхъӕлӕй хӕрӕгыл абадт. Харитон фыдбонты фӕстиуджытӕн сӕ фыццаг ӕвдисӕнтӕй уыд. Фашисттӕн сӕ бирӕ ӕвирхъаудзинӕдтӕ ӕмӕ зӕрдӕхалӕн нывтӕ йӕхи цӕстытӕй цас федта, уыйас ӕнауӕрдондӕр ссис.
…Махонты зиантӕ дӕр гыццыл нӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ иуцасдӕр фӕстӕмӕ цӕуын бахъуыд. Уӕлахизы сахатыл чи нал ӕууӕндыд, не ‘фсӕддонты ӕхсӕн ахӕмтӕ дӕр разынд. Сӕ ныфс алыгъд, се уӕнг азгъӕлд. Фӕлӕ лӕгдзинадӕй ӕххӕст гуырдтӕ Терчы дуртау бирӕ уыдысты, сӕ райсомы рухс боны рӕстдзинады сахатмӕ ӕмхуызонӕй лӕгӕрстой.
Бӕрӕзгаты Харитон тохы быдыры баззад. Дзуарыхъӕумӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстӕй цы 189 ӕфсӕддоны нал ссыдысты, уыдоны цыртдзӕвӕны сау къӕйыл Харитон дӕр йӕ мыггаг ӕмӕ номӕй бӕрӕггонд у.
…Хистӕр лейтенант Бӕрӕзджы-фырт цы ӕфсӕддонты къордӕн разамынд лӕвӕрдта, уымӕн хӕсгонд уыд уӕлбылӕй фашистты асурын. Знӕгты нӕ фӕндыд сӕ хицӕн бынӕттӕ ныууадзын. Зӕххы уыцы гӕппӕлыл сау тох самадтой. Махонтӕ сӕм уӕддӕр бырстой ӕмӕ бырстой. Иу»уылӕн» дзы тыхджындӕр рауад. Немыцӕгтӕм йӕ бауромыны хъару нал разынд. Фыдгултӕн сӕ фылдӕры махонтӕ уацары райстой.
Мӕнӕ куыд радзырдта Харитоны тыххӕй йе ‘мдугон ӕмӕ хӕлар капитан М. И. Пушков: «Бӕрӕзджы-фырты зыдтон 1942 азы апрелӕй фӕстӕмӕ. Ацы тохӕхсыст ирон афицеры мӕ хуыздӕр ӕмгар хуыдтон. Тӕппуддзинад нӕ зыдта. Йӕ хӕстон сгуыхтдзинӕдтӕ кӕуылты уыдысты! Абоны онг дӕр сӕ мӕ зӕрдыл дарын. Фадат мын куы вӕййы, уӕд сӕ таурӕгъты хуызы кӕстӕртӕн ракӕнын».
…Батальоны ахизын хъуыдис доны сӕрты. Фӕлӕ немыцӕгтӕ иннӕ былыл топпӕргъӕвд ӕмӕ цӕттӕйӕ лӕууыдысты. Комкоммӕ ныббырстӕн, ӕндӕр цы мадзал хъуыд, уый ссардтой, чъылдымӕй знӕгтыл ныккалдтой. Фашисттӕй афтӕ, ӕмӕ ӕрхъулайы бахаудтой. Фӕйнӕрдӕм фӕпырх сты.
Харитоны арӕхстджын ӕфсӕддон командир хуымӕтӕджы нӕ хуыдтой. Ӕхсӕнадон хъуыддӕгты хӕсты размӕ дывӕр хъарутӕй архайдта. Техникумы студент уӕвгӕйӕ, фӕскомцӕдисон организацийы нымӕрдар, Садоны комбинаты коллективӕй та ссис бӕстӕйы металлургон промышленносты кусджыты профцӕдисы Центрон Комитеты уӕнг. Ныр уыцы уӕззау рӕстӕг салдаты зӕрдӕйы ныфс бауадзыны фаг ныхас ссарынмӕ арӕхстис.
…Ӕрмӕстдӕр ма йӕ къордӕй 27 ӕфсӕддоны баззадысты карз тохы фӕстӕ ӕгасӕй. Чысыл аулӕфынӕн сын рӕстӕг фӕцис. Харитон йӕ дзыппӕй систа газеты сыф. Ныллӕг хъӕлӕсӕй йӕ кӕсын райдыдта. Иу хъуыдыйад, иннӕ. Фӕстӕмӕ иу къахдзӕф дӕр акӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ, ӕрмӕджы уыцы рӕнхъытӕ ноджы хъӕрдӕрӕй загъта. Иууылдӕр ард бахордтой. Цы уыдысты, уымӕй немыцимӕ ноджы карздӕрӕй дарддӕр хӕцын райдыдтой.
… Сталинграды хӕстыты махонтӕ знаджы салдӕттимӕ ӕддӕг-мидӕг ауадысты. Бӕрӕзджы-фырт ӕрыгонӕй хъӕбысӕй хӕцыдис ӕмӕ йын ныр мӕлӕтдзаг тохы йе ‘мбӕлттӕй къаддӕр не ‘нтыстис. Дыууӕйӕн уал сӕ цард аскъуыдта, ӕртыккагмӕ нал фӕцарӕхстис, ӕмӕ йӕ уый барӕхуыста. Фӕцӕф. Хӕстонтӕ сӕ командиры йӕ цинелыл ӕдасдӕр бынатмӕ ахастой. Ӕрчъицыдта:
— Кӕм дӕн?
— Ӕдас ран.
— Ме ‘мбӕлттӕ цы баисты?
— Дарддӕр хӕцынц.
— Мӕн дӕр сӕ цурмӕ ахӕссут.
Харитоны фӕстаг бардзырд ӕххӕстгонд нал ӕрцыд. Уӕлахиз нӕ федта, фӕлӕ уый сӕраппонд йӕ уд нывондӕн ӕрхаста. Волгограды иу уынг хӕссы Бӕрӕзгаты Харитоны ном.
Дзуццаты Къоста














