Ветераны бабӕрӕг кодтой

0
452

Политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы цӕгатирыстойнаг регионалон хайады секретар Ортабайты Тимур ӕмӕ партийы цалдӕр уӕнджы бабӕрӕг кодтой Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг Мамсыраты Исламы ӕмӕ йын Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнӕджы боны фӕдыл раарфӕ кодтой. Ацы аз ыл апрелы ӕххӕст кӕны сӕдӕ азы.

— Хӕсты архайджытимӕ ӕхсызгонӕй фембӕлӕм, сӕ мысинӕгтӕм сын зӕрдиагӕй байхъусӕм. Ацы адӕм стыр зындзинӕдтӕ кӕй бавзӕрстой, уый ӕххӕстӕй бамбарӕм, семӕ ныхас кӕнгӕйӕ. Нӕ хӕс у куырыхон хистӕртӕн кад кӕнын. Ахӕм фембӕлдтыты фӕрцы адӕймаджы зонындзинӕдтыл бафты, — зӕгъы Ортабайы-фырт.

Мамсыраты Миткайы фырт Ислам райгуырд 1920 азы Дӕргъӕвсы. Уырдыгӕй бинонтӕ алыгъдысты Фарныхъӕумӕ. Скъола каст фӕуыны фӕстӕ Ислам ахуыр кӕнынмӕ бацыд Дзӕуджыхъӕуы хӕххон-металлургон техникуммӕ, фӕстӕдӕр та — ӕфсӕддон училищӕмӕ. Хӕст куы райдыдта, уӕд ӕй арвыстой Турчы арӕнмӕ. Фронтмӕ бахауд 1943 азы. Знаджы дӕрӕнгӕнгӕйӕ, бахӕццӕ Австримӕ. Уӕлахизы боныл дӕр сӕмбӕлд уым. Хӕстон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй хорзӕхгонд ӕрцыд Сырх Стъалыйы, Фыдыбӕстӕйы хӕсты 2-аг къӕпхӕны ордентӕ ӕмӕ цалдӕр майданӕй.

— Ме ‘фсӕддон ардбахӕрд никуы фехӕлдтон. Кӕддӕриддӕр мӕ Райгуырӕн бӕстӕйыл ӕнувыд уыдтӕн ӕмӕ уыдзынӕн, — зӕгъы ветеран.

Хӕст куы фӕци, уӕд службӕ кодта Хъырымы, 1966 азы демобилизацийы фӕстӕ ӕрбаздӕхт Ирыстонмӕ, дзӕвгар рӕстӕг бакуыста инженерӕй.

Хӕсты ӕмӕ фӕллойы ветеран ӕнцад нӕ бады, рауагъта ӕртӕ чиныджы, ӕрвылбон фистӕгӕй тезгъо кӕны, газеттӕм уацхъуыдтӕ фыссы. Партийы уӕнгтӕ йыл кӕй баузӕлдысты, уый тыххӕй сын загъта бузныг ӕмӕ сӕ фӕхуыдта йӕ юбилей бӕрӕг кӕнынмӕ.

Цомартаты Альбинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here