Раздзӕуджытӕ сбӕрӕг сты

0
212

1941-1945 азты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы кадӕн ӕппӕтуӕрӕсеон ӕфсӕддон-патриотон ӕхсӕнадон змӕлд «Юнармия»-йы регионалон хайады къордты ӕхсӕн арӕзт ӕрцыд рӕнхъӕй цыд ӕмӕ зарӕджы республикон конкурс.

Фыццаг бынат дзы бацахста Дзӕуджыхъӕуы 22-ӕм скъолайы командӕ, дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг бынӕттӕ та — Беслӕны 6-ӕм скъолайы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы 45-ӕм гимназы минӕвӕрттӕ.

Конкурсы архайдтой Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ республикӕйы ӕппӕт районты горӕтаг ӕмӕ хъӕууон скъолаты 4-6 кълӕсты ахуырдзаутӕй арӕзт 15 командӕйы — районты ӕмӕ горӕты ерысты уӕлахиздзаутӕ. Ахуырдзаутӕ равдыстой хорз цӕттӕдзинад. Раззаг бынӕттӕ бацахсӕг фӕсивӕд хорзӕхгонд ӕрцыдысты майдантӕй, дипломтӕ ӕмӕ грамотӕтӕй.

Цӕгат Ирыстоны Фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты, Фӕсивӕды патриотон хъомылады центры, ӕппӕтуӕрӕсеон ӕфсӕддон-патриотон ӕхсӕнадон змӕлд «Юнармия»-йы регионалон хайад ӕмӕ 58-ӕм ӕфсады ӕххуысӕй конкурсӕн фадӕттӕ сарӕзта Цӕгат Ирыстоны Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрад.

Фиппаинаг: ӕфсӕддон-патриотон ӕхсӕнадон змӕлд «Юнармия»-йы регионалон хайады ис 15096 адӕймаджы. Йӕ къордтӕ арӕзт ӕрцыдысты республикӕйы ӕппӕт ахуыргӕнӕндӕтты дӕр.

Гӕлӕуты Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here