Нӕ чызджытӕ — амӕй ай сӕрӕндӕртӕ

0
384

Цӕцӕны Республикӕйы сӕйраг горӕт Грознайы дзюдойӕ цыдысты Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыстӕ. Ирыстойнаг чызджытӕ уыцы ерысты сӕхи равдыстой хъомысджынӕй ӕмӕ рамбылдтой 3 сыгъзӕрины, фӕйнӕ иу ӕвзист ӕмӕ бронзӕ майданы.

Тренертӕ: Гӕбӕраты Автандил, Туаты Виссарион, Гӕбӕраты Витали, Дзукъаты Игор ӕмӕ Джиголаты Иринӕйы хъомылгӕнинӕгтӕ командӕты ‘хсӕн бацахстой фыццаг бынат.

Нӕ чызджытӕй фыццаг фесгуыхт Гӕбӕраты Софя. Уый 52 кг онг уӕзы фӕуӕлахиз йӕ фондз ныхмӕлӕууӕгыл ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ схызт 1-аг бынатмӕ.

Афтӕ ӕнтыстджын архайд кодта Касаты Фатимӕ дӕр. Уый 78 кг онг уӕзы татамимӕ рацыд цыппар хатты ӕмӕ цыппар хатты дӕр тархонгӕнджытӕ ӕнӕдызӕрдыгӕй уӕлахиз радтой Фатимӕйӕн.

78 килограммӕй уӕззаудӕр уӕзы тынг сӕрӕн хӕст ракодта ӕлборты Аланӕ. Уый бафӕзмыдта Софя ӕмӕ Фатимӕйы, ӕмӕ йӕ цыппар ныхмӕлӕууӕгӕй иуӕн дӕр фадат нӕ радта йӕ ныхмӕ фӕлӕууынӕн.

Цыппӕрӕм сыгъзӕрин майдан рамбулынмӕ хӕстӕг уыд Къӕбысты Эланӕ дӕр, фӕлӕ кӕронбӕттӕн тохы иу чысыл фӕкъуылымпы, ӕмӕ бацахста 2-аг бынат.

Четиты Алинӕ дӕр йӕхи равдыста сӕрӕнӕй. Цы фондз ныхмӕлӕууӕгимӕ хӕцыди, уыдонӕй фӕхӕрд ӕрмӕстдӕр иуӕн, фӕлӕ йын уыцы хӕрд 3-аг бынатӕй уӕлдӕр схизынӕн фадат нал радта ӕмӕ 63 кг онг бронзӕ майданӕй хорзӕхджын ӕрцыди.

Нӕ дзюдоисткӕтӕй 1-3 бынӕттӕ чи бацахста, уыдон балцӕгтӕ райстой Уӕрӕсейы чемпионатмӕ. Уый цӕудзӕн апрелы горӕт Тюмены.

Ирыстойнаг дзюдоисткӕтӕ ма фесгуыхтысты горӕт Орелы дӕр. Уым цыдысты Уӕрӕсейы Астӕуккаг федералон зылды чемпионаты ерыстӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ‘хсӕн.

Ерысты архайдтой Горӕтгӕрон районы 1-ӕм спортивон скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ, ӕмӕ сын бантыст сыгъзӕрин ӕмӕ бронзӕ майдантӕ рамбулын.

Кокайты Кристинӕ 48 кг онг уӕзы иттӕг сӕрӕн хӕст ракодта йӕ цыппар ныхмӕлӕууӕгимӕ, ӕмӕ бацахста 1-аг бынат. 57 кг онг уӕзы спорты мастер Зыгъуытаты Ирэнӕ дӕр хӕстӕг уыд 1-аг бынат бацахсынмӕ. Йӕ цыппар ныхмӕлӕууӕгыл куы фӕуӕлахиз, уӕд кӕронбӕттӕны фембӕлд Уӕрӕсейы иугонд командӕйы уӕнг Карина Черванимӕ. Сӕ фембӕлд рауад тынг хъазуатон ӕмӕ ахицӕн Карина Черваны пайдайӕн, хӕрзчысыл хыгъдимӕ.

Нӕ чызджыты тренер Гӕбӕраты Автандил куыд зӕгъы, афтӕмӕй ахӕм тыхджын ныхмӕлӕууӕгӕн Кристинӕ хӕрзчысыл хыгъдӕй кӕй фӕхӕрд, уый дзурӕг у, йӕ гӕнӕнтӕ гыццыл кӕй не сты, ууыл, ӕмӕ дарддӕр кусдзыстӕм, ног бӕрзӕндтӕм тырнгӕйӕ.

Нӕ чызджытӕ Сылгоймӕгты дунеон боны хӕд размӕ сӕхицӕн ӕмӕ Ирыстоны спортуарзджытӕн сӕ сӕрӕн архайдӕй скодтой рӕсугъд лӕвӕрттӕ, ӕмӕ сын нӕ зӕрдӕ зӕгъы ноджы стырдӕр сгуыхтдзинӕдтӕ!

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here