Ныййарджытӕ радтой Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн

0
222

Цыппар азы размӕ райдыдта ӕппӕтуӕрӕсеон акци «Ныййарджыты иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн дӕттыны бон». Бындур ӕвӕрд ын ӕрцыд Наукӕ ӕмӕ ахуырадмӕ цӕстдарды федералон службӕйы хъӕппӕрисӕй.

Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕны ахсджиаг канд зонындзинӕдтӕ не сты, фӕлӕ ма сывӕллӕтты психологон уавӕр дӕр. Ӕмӕ ацы ран ныййарджыты ахадындзинадӕн аргъ нӕй. «Рособрнадзор» ацы акци ӕрхъуыды кодта, цӕмӕй ныййарджытӕ дӕр сӕхиуыл банкъарой фӕлварӕны ӕппӕт фӕзилӕнтӕ. Ома, зын кӕй нӕу, ӕмӕ дзӕгъӕлы сагъӕссаг уавӕрмӕ хи кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый бамбарынӕн.

Дзӕуджыхъӕуы 27-ӕм астӕуккаг скъолайы Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн лӕвӕрдтой ныййарджытӕ, нӕ республикӕйы Хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты кусджытӕ. Ӕдӕппӕтӕй — 60 адӕймаджы. 2020 аз Зӕрдылдарӕн ӕмӕ нымысы азыл нымад кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ фӕлварӕн лӕвӕрдтой историйӕ. Сӕ зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕныны ӕмӕ фӕлварӕн банкъарыны тыххӕй семӕ уыдысты: РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан, РЦИ-Аланийы сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Кокайты Артур ӕмӕ РЦИ-Аланийы национ ахастдзинӕдты хъуыддӕгты министр Цуциты Аслан ӕмӕ иннӕ бӕрнон кусджытӕ. Фӕлварӕны домӕнтӕ уыдысты, алы хатт дӕр куыд вӕййынц, афтӕ: ӕнӕ телефонтӕй, видеоцӕстдардимӕ. Фӕлварӕн цыдис 20 минуты. Уый фӕстӕ нӕ республикӕйы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз журналисттӕн радзырдта:

— Стыр ӕхсызгондзинад райстон ацы фӕлварӕнӕй. Мӕхи та кӕддӕры скъоладзауӕй банкъардтон. Ӕмӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Цыколайы скъолайы историйы ахуыргӕнджытӕ: Цориты Фатимӕ, Баликъоты Рамазан ӕмӕ Айдарты Тотрадз. Махӕн цы хъӕздыг зонындзинӕдтӕ лӕвӕрдтой историйӕ, уыдон мӕ ацы фӕлварӕны дӕр бахъуыдысты. Нӕ республикӕйы ахуырады системӕ кӕддӕриддӕр бӕрзонд ӕмвӕзадыл лӕууыд. Абон цы фарстытӕн дзуаппытӕ лӕвӕрдтам, уыдон ахсджиаг сты ӕхсӕнадон царды. Иу хъуыддаг — фӕрсӕрдыгӕй фӕлварӕнмӕ цӕст дарын ӕмӕ афтӕмӕй хатдзӕгтӕ кӕнын, иннӕмӕй та — фӕлварӕн дӕхиуыл банкъарын ӕмӕ фенын, базонын, скъоладзаутӕн цавӕр уавӕртӕ арӕзт цӕуы Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн дӕтгӕйӕ, уый. Фидарӕй мӕ бон у зӕгъын: зынӕй дзы ницы ис. Фӕлварӕны размӕ батыхстӕн, кӕддӕрау мӕ зӕрдӕ тынгдӕр гуыпп-гуыпп кодта, фӕлӕ куы ӕркастӕн ӕмӕ куы федтон фарстытӕ ӕмӕ фӕлварӕны фӕтк, уӕд ӕрсабыр дӕн ӕмӕ хъуыдыты аныгъуылдтӕн. Ӕнцон хӕслӕвӕрдтӕ. Фӕлварӕны уыдис советон скъолайы фӕлтӕрддзинад дӕр, ног фӕзилӕнтӕ ахуырады системӕйы, ӕмӕ мах, республикӕйы разамынд, архайдзыстӕм сывӕллӕттӕн фӕлварӕнты фадӕттӕ ӕмӕ уавӕртӕ хуымӕтӕгдӕр аразыны хъуыддагыл. Цӕмӕй ма тӕрсой, ма тыхсой, фӕлӕ сӕхи нывыл цӕттӕ кӕной.

ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан дӕр фӕлварӕны тыххӕй йӕ хъуыдытӕ загъта ӕмӕ фӕнысан кодта: Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕны домӕнтӕ хъуамӕ иунӕг сывӕллонӕн дӕр «уӕззау» ма уой. Уый тыххӕй та ныййарджыты архайд семӕ у тынг ахсджиаг.

Ӕппӕтуӕрӕсеон акци «Ныййарджыты иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн дӕттыны бон» сси ӕрвылазон, ӕмӕ йӕ архайджыты нымӕц алы аз дӕр цӕуы фылдӕргӕнгӕ.

Саутӕты Тамилӕ

Къамтӕ систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here