Цардис иу хъæуы хуымæтæг лæг, куыста, хор тыдта йæ чысыл зæххы гæбазы, йæ бинонтыл мæт кодта. Иубон йæ кæстæр фырт æрбацыди сæхимæ æмæ æнæдзургæйæ стъолы цур æрбадти. Фыд æй фæрсы:
— Цæуыл сагъæс кæныс?
Лæппу арф ныуулæфыд æмæ йын æнкъардæй радзырдта:
— Абон ме ‘мгæрттæ сæ фыдæлты кой кодтой. Иу дзы æппæлыдис йæ фыды мулкæй, дыккаг — йæ фыды бæхтæй, æртыккаг та — йæ фыды хæцæнгæрзтæй.
Ницы сдзырдта фыд. Райсомæй фæдзырдта йæ фыртмæ æмæ йын афтæ:
— Акæн де ‘мбæлтты демæ æмæ нæ хæстæджыты бабæрæг кæн.
Фырт æмæ йе ‘мбæлттæ араст сты сыхаг коммæ. Бирæ фæцыдысты æмæ изæрæй иу хъæумæ бахæццæ сты. Кæсынц, æмæ уынджы бадынц зæронд лæгтæ. Æрхызтысты лæппутæ сæ бæхтæй, хæстæгдæр бацыдысты зæрæдтæм, салам сын радтой.
— Уазæг — Хуыцауы уазæг! Чи стут? Кæцæй стут? — фæрсынц сæ фысымтæ.
— Æз Иналы фырт дæн, йæ бæхтæн æмбал кæмæн нæй, уыцы Иналы, — загъта фыццаг лæппу.
— Уæ цæрæнбон бирæ дæуæн дæр æмæ дæ фыдæн дæр, — раарфæ кодта зæронд лæг.
— Æз дæн Зауырбеджы фырт, йæ мулкæн кæрон кæмæн нæй, уыцы Зауырбеджы, — загъта дыккаг лæппу.
— Уæ цæрæнбон бирæ дæуæн дæр æмæ дæ фыдæн дæр, — ногæй та раарфæ кодта зæронд лæг.
— Æз та дæн Чермены фырт, йæ хæцæнгæрзтæм знæгтæ кæмæн хæлæг кæнынц, уыцы Чермены, — загъта æртыккаг лæппу.
— Уæ цæрæнбон бирæ дæуæн дæр æмæ дæ фыдæн дæр, — æртыккаг хатт раарфæ кодта зæронд лæг.
— Æз та Зелимханы фырт дæн, — сабыргай сдзырдта мæгуыр лæджы фырт æмæ фæсырх и. Урсбоцъо зæронд лæг бацин кодта:
— Фæлæуу-ма, фæлæуу, æз дæ фыды хорз куы зонын: кæддæр мæ знаджы къухæй фервæзын кодта.
— Дæ фыдæй куыстуарзагдæр нæй æнæхъæн комы, — йæ мидбылты бахудтис дыккаг лæг.
— …Æмæ рæдаудæр, — йæ ныхас ын дарддæр ахæццæ кодта æртыккаг зæронд лæг.
— Зелимханы фыртæн мæ хæдзары кæддæриддæр уыдзæни кад, — загъта фыццаг зæронд лæг æмæ уазджыты ахуыдта сæхимæ. Цалдæр боны фæстæ лæппутæ æрыздæхтысты сæ хæдзæрттæм.
— Цæй, ныр зоныс, цæмæй æппæлай, уый? — бафарста фыд йæ фырты.
— Æмæ ма цы ‘ппæлон: ме ‘мгæрттæ мæм афтæ дæр хæлæг куы кæнынц, уæд, — йæ мидбылты бахудти фырт.
ХЪЫЗЫНТЫ Данæ,
Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы
10-æм къласы ахуырдзау














