Хорздзинад нæ сæфы

0
584

Рæхыс цæггай у, фæндаг — уадздзаггай, цард — фæлтæргай. Къостайыхъæуккаг Отарты Анютæйæн уал рæстæг йæ армытъæпæны 96 азы æрнымадта. Уыцы кары знон цы бахордта, уый дзы ферох вæййы, фæлæ кæддæры царды цаутæ, арвыл фæлурс мæйы нывау,  йæ цæстытыл ауайынц.

Анютæйы фыд Калоты Моисейæн лæгдзинад йæ разæй цыдис. Цыфæнды уæззау уавæрæй рацæуынæн дæр-иу хорз мадзал ссардта. Немыц Æрыдонмæ куы æрбаввахс сты, уæд Къостайыхъæуы колхозы фысвосы фермæйы сæргълæууæг уыди. Адæмы фæллой знаджы амæттаг ма фæуой, зæгъгæ, стыр дзуджы разæй Зæрæмæгмæ ацыдис. Уым сæ рæстæгмæ хæдзæрттыл байуæрстой.

— 1941 азы райдыдтон æмæ уæдæй фæстæмæ колхозы куыстон зæрдиагæй, — зæгъы Анютæ, — мæ фæндыры цагъдæй дæр адæмы хæлдзæг дардтон. Ахæм хабæрттæ мæм уыди (худы). Цæмæй дыууæрдæм ма рацу-бацу кæнæм, уый тыххæй æхсæв станы цардыстæм.

Уалдзæг-иу нартхор рывтам. Йæ рæнхъытæ тынг даргъ уыдысты. Фарныхъæуы зæххытæй, нæ колхозы быдырты дæллаг арæнмæ. Хæмпæл дзы цы уыдис, уымæй фæстæмæ æвзартæ тæнæг кодтам. Хуымтæй-иу фæззæг æрмæрины йас æфсиртæ æртыдтам.

Хæсты райдайæны мыл 17 азы цыди. Ме уæнгтæ цастæ куыстхъом уыдысты. Колхозы цы тухæнтæ бавзæрстон, уыдоныл куырой разылдаид. Фæлæ мæ мæллæг, фæллад къухты фыдæбон уæлахизы хъуыддагæн хъуыдис, æмæ мæхиуыл нæ ауæрстон. Зындзинæдтæн ныффæрæзтон. Уыцы фыдзаманы бонтæн мын ныр дæр æвдисæнтæ сты Джиоты Олгъа, Дзапарты Алик æмæ Отарты Георги. Бирæтæ дзы абон нал сты.

Анютæйы цардæмбал Отарты Майрæм фыццаг Финляндийы хæстмæ ацыд. Уайтагъддæр не ‘фсад уæлахиз æрхаста æмæ уымæй бæстæйы арæнтæ фæуæрæхдæр сты. Фæлæ Лексайы фырты æфсæддон фæндæгтæ нæ аскъуыдысты. Германимæ сау тохы бонтæ куы ныккодтой, уæд та йæ лæгдзинад ногæй бахъуыд. Сæрæгасæй сыздæхт уырдыгæй дæр. Фæлæ йæ дыууæ хистæр æфсымæры Тотрадз æмæ Ясон уым баззадысты. Сæ фондз сидзæры сын фæхъомыл кодта. Мæрдтæм сæм сыгъдæг цæсгомимæ бацыд.

Майрæм йæ хъæубæсты хорз лæгæй фæцардис. Сылгоймагæй амонд дæр дзы, чи зоны, уый тыххæй фæцис. Анютæ йын бæзджын цот ныккодта. Уый нæ, фæлæ ма йе ‘фсин Берионæн дæр бирæ фæлæггад кодта. Хуыцауæй куыд ницы ирвæзы, уый стыр диссаг у! Йæ фырт Болайы цардæмбал, беслæйнаг Фидараты чызг Светæ æмбисонды хорз сылгоймаг рауад.

Фæлæ чындз йæ сывæллонимæ Беслæны фыдбæллæхы куы бахауд, уæд та зæронд усыл ногæй йæ кæддæры мæт æмæ сагъæстæ æртæфстысты. Хуыцау сын баххуыс кодта. Абон Светæ Анютæйæн йæ балæуд, йæ базмæлд æмæ цæстæнгасæй бирæ лæггад кæны. Рæстæг рацæудзæн, йæ дыууæ фырты Давид æмæ Зауыр дæр бинонтæ æрхæсдзысты. Сæ мады хуызæн хайыр чындзытæ кæй рауайдзысты, уый дызæрдыггаг нæу. Уымæн æмæ хорздзинад нæ сæфы.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here