Профессионалон боксæй ирон фæсивæдæй стырдæр уæлахизтæ кæмæн бантыст, уыдонæй иу у тренер БАСКАТЫ Батрадзы хъомылгæнинаг АЙЛАРТЫ Зауыр.
Уæззау уæзы ерыс кæнгæйæ, Зауыр сси Уæрæсейы чемпион. Уый фæуæлахиз йæ æртæ ныхмæлæууæгыл. Се ‘ртæйы дæр рамбылдта нокауттæй.
Уый фæстæ Зауыр ерысы бацыд дунеон профессионалон лигæ WBF-йы чемпионы рон рамбулыныл, æмæ та ам дæр æнæкъуылымпыйæ рацыд кæронбæттæны тохмæ. Уыцы сæйраг тохы йæ ныхмæлæууæг уыди тыхджын камерунаг боксер Моло. Сæ хъазуатон тохы Зауыр равдыста уæлахизмæ тырнындзинад, æмæ та уым дæр йæ ныхмæлæууæджы арвыста нокаутмæ.
Айлары-фырт рамбылдта дунеон чемпионы рон WBF-йы лигæйы. Уыцы уæлахизыл рацыди афæдз, æмæ та æрæджы Айларты Зауыр рамбылдта ног ерыстæ. Ацы хатт тох цыди Европæйы чемпионы ном рамбулыныл.
Европæйы профессионалон лигæ EBL-йы, Зауыры сæйраг ныхмæлæууæг уыди африкæйаг боксер Кристиан Вейп. Уый ныр цалдæр азы цæры Австрийы, æмæ ерысты дæр архайы уыцы бæстæйы номæй. Кристиан Вейп ма боксæй уæлдай æнтыстджынæй архайы кикбоксингæй дæр. Ацы спорты хуызæй у дунейы чемпион.
Зауыр æмæ Кристиан Вейпы тох цыди Анапæйы. Уырдæм Ирыстонæй ацыди сæдæмæ ‘ввахс спортуарзæджы. Уыдон уыдысты Айлары-фырты иузæрдион фарсхæцджытæ. Зауыр рингмæ куы рацыд, уæд ын сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд æмæ йæм сидтысты: «Зауыр, размæ!».
Зауыр сæ нæ фæфыдæнхъæл кодта. Куыддæр тæрхонгæнæг бар радта тох райдайынæн, афтæ йæ цырд æмæ уæззау цæфтæ ныккалдта йæ ныхмæлæууæгыл. Вейп йæхи Зауыры цæфтæй бахъахъхъæныныл бæргæ архайдта, фæлæ уыцы цæфтæй иу йæ игæрыл куы ауад, уæд ринджы пъолыл адæргъ ис, æмæ йæ бон дарддæр хæцын нал баци. Тæрхонгæнджытæ тох баурæдтой, æмæ 1-аг раундыл сæ ныхмæлæуд ахицæн. Айларты Зауырæн лæвæрд æрцыди Европæйы чемпионы рон. Ацы тох Зауырæн уыд, профессионалон боксы хæцгæйæ, 9-æм æмæ се ‘ппæты дæр фæуæлахиз нокауттæй.
Йæ фæстаг уæлахизы тыххæй Зауыр зæгъы: «Мах ме ‘мбæлттимæ кастыстæм Вейпы тохтæм, æмæ сфæнд кодтам тохæн йæ тæккæ райдайæнæй цырд ныббырстытæ ныккалын мæ ныхмæлæууæгыл. Куыд федтат, афтæмæй нæ фæнд раст рауад.
Тохмæ куы рацыдтæн æмæ залы нæ ирыстойнаг спортуарзджыты хъæлæстæ куы айхъуыстон, уæд ма мын уый мæ тыхтыл тых бафтыдта. Вейп мæ цæфтæй йæ сæр бахъахъхъæныныл архайдта, æмæ йын уæд йæ игæрмæ фæхъавыдтæн. Уыцы цæфæн нал бафæрæзта æмæ æрхауди. Тох куы фæци, уæд мæ хатыр ракуырдта бон раздæр, пресс-конференцийы рæстæг схъæл ныхæстæ кæй кодта, уый тыххæй. Æз зæрдиаг арфæ кæнын не спортуарзджытæн. Уыдон мын цы Анапæйы, цы уый фæстæ нæхимæ Ирыстоны дæр, мæ цæрæнбонмæ кæй куывтой, уый бирæйы аргъ у, æмæ мæнæй никуы ферох уыдзæн. Архайдзынæн дарддæр дæр уыдоны фæндиаг уæвыныл».
Зауыры тренер Баскаты Батрадз йæ хъомылгæнинаджы тыххæй зæгъы: «Зауыры канд йæ уæлахизты тыххæй нæ уарзынц йæ иузæрдион фарсхæцджытæ. Хæрзæрыгонæй фæстæмæ у æмгаруарзаг. Стыр спорты дæрзæг уæвын дæр фæхъæуы, фæлæ Зауырæн йæ тохтæ куы фæвæййынц, уæд та свæййы хуымæтæг, æгъдауылхæст лæппу. Йæ хорз миниуджытæй иу у, кæстæртыл кæй ауды, бирæ сæ кæй уарзы, уый. Зауыр йæхи хардзæй иу æмæ дыууæ хатты нæ сарæзта ерыстæ нæ кæстæр хъомылгæнинæгтæн. Уæдæ нæ нæ кæстæрты искуыдæм ерыстæм ласын куы фæхъæуы, уæддæр уайтагъд нæ разы æрбалæууы, æмæ та нын йе ‘ххуысы хай бакæны. Уыцы зæрдæйы ахаст бирæйыл дзурæг у. Зауыр, куыд боксер, афтæ ныртæккæ йæ тæккæ тыхы ис, æмæ йæ фæнды йæ хъару ноджы тыхджындæр боксертимæ бавзарын. Дарддæр йæ спортивон фæндаг куыд рауайдзæн, уый аразгæ уыдзæн йæ промоутерæй».
Зауыр йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ промоутер, краснодайраг фæлтæрдджын специалист Василий Костенко ныртæккæ ныхас кæндзæн профессионалон боксы WBA-лигæйы сæргълæуджытимæ. Уыдонæй аразгæ уыдзæн Айларты Зауыры дарддæры фæндаг профессионалон боксы.
Арфæйаг ын рауайæд!
БАСКАТЫ Уырызмæг












