Цыртдзæвæн сæвæрдзысты

0
395

Æрыдоны районы сæргълæууæг ТОТРАТЫ Владислав куыд фехъусын кодта, афтæмæй Æрыдоны сæвæрдзысты Советон Цæдисы Хъæбатыр ТОГЫЗТЫ Хъауырбеджы цыртдзæвæн.

— Историон æнарæстдзинад сраст кæндзыстæм. Адæмы куырдиæттæм гæсгæ, ацы аз цыртдзæвæн сæвæрыны фадат ссардтам. Фарæстæм маймæ чи срæвдз уыдзæн æмæ Центрон парчы Æнусон арты раз кæй сæвæрдзыстæм, уыцы цыртдзæвæныл кусы скульптор Сабеты Георги, — загъта Тотры-фырт.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман Æрыдоны районæй рацæуæг хистæр сержант Тогызты Темболаты фырт Хъауырбег уыди Воронежаг фронты 6-æм гвардион æфсады 67-æм гвардион фистæгæфсæддон дивизийы 138-æм гвардион артиллерион полчъы сармадзаны командир.

Немыцаг-фашистон тыхгæнджыты ныхмæ тох кæнгæйæ, командæкæнынады хæстон хæслæвæрдтæ  баххæст кæныны æмæ æхсар равдисыны тыххæй Хъауырбегæн Советон Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы 1943 азы 21 сентябры уагъд Указæй радтой Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here