Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли, паддзахадон университеты конференци байгом кæнгæйæ, загъта, Гуырдзымæ, дам, нæй ахæм æфсарм, цæмæй сæ разамонджыты сразæнгард кæной ирон адæмы геноциды цауыл басæттынмæ. Дунеон наукон-практикон конференцийы темæ уыд ирон адæмы геноцид. Архайдтой дзы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хицæуттæ, стæй Уæрæсейы интеллигенцийы минæвæрттæ. Дыууæ доклады «Хуссар Ирыстоны Информацион геноцид XXI æнусы» æмæ «Геноцид цæудзæн, цалынмæ йыл басæттой, уæдмæ», конференцийы архайджытæм хаст æрцыдысты видеоæрмæджытæй, сæ автортæн республикæмæ æрбацæуын кæй нæ бантыст, уымæ гæсгæ.
Республикæйы Президент йæ разныхасы кæрон фæсидт адæммæ, цæмæй баиу кæной сæ хъарутæ геноцидыл басæттынмæ тырнындзинады.
Уый фæстæ университеты ректор Тедеты Вадим ныхасы бар радта паддзахадон уынаффæгæнæг Пухаты Константинæн. Пухайы-фырт йæ доклад «1920-æм азты геноцид — ирон адæмы иудадзыг рис»-ы æрхаста, сæдæ азы размæ гуырдзиæгты тугæйдзаг хъуыддæгтæн æвдисæнтæ чи уыд, уыдоны мысинæгтæ. Паддзахадон æххуысгæнæг куыд бафиппайдта, афтæмæй Гуырдзыйы геноцидыл басæттыны фарсты ныхмæ лæууынц фидарæй. Агурынц алыхуызон æфсæнттæ. Гуырдзиаг меньшевиктæ æнауæрдонæй ирæтты кæй цагътой, ууыл дызæрдыг чи кæны, уыдонæн Пухаты Константин фæндон бахаста, цæмæй, дыккаг «Майн Кампф» кæй хонынц, уыцы тугуарæн фыдракæнды разамонæг Валикъо Джугъелийы боныгимæ базонгæ уой.
— Гуырдзиаг æхсæнадонтæ 1920-æм азты тугæйдзаг цауты уынынц кълассон тох. Æмæ уæд гуырдзиаг сæркъуыртæ æрмæстдæр ирæтты цæмæн цагътой, иунæг гуырдзиаг дæр цæуылнæ фæмард сæ къухæй. Афтæ æмбарын кæнæм, геноциды тыххæй кæй дзурæм, уый, — загъта Пухайы-фырт. Уый цы нымæцтæ æрхаста, уыдонмæ гæсгæ агрессоры къухтæй фæмард 5277 ироны. Æфцæджы сæрты хизгæйæ чи фæмард, уыдоны нымайгæйæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн ныццагътой сæ цыппæрæм хай. Уыдонимæ та уыдысты, æппындæр бамбарæн кæмæн нæй, ахæм цаутæ — 1300 сылгоймаджы, 1844 сывæллоны, — загъта уый. Дарддæр конференцийы ныхасы бар райста журналист, газет «Культурон Бетъырбух»-ы сæйраг редактор Сергей Ильченко. Йæ раныхасы уый бæстон æрлæууыд, республикæ 2008 азы бæллæхты рæстæг цы информацион хæсты мадзæлттыл сæмбæлд, уыдоныл: «Августы хæст Пекины олимпиадæйы рæстæг кæй райдыдта, уый дзурæг у Гуырдзыйы разамынды цъаммардзинад æмæ æнаккагдзинадыл», — загъта уый.
1920-æм азты тугæйдзаг цаутыл дарддæр уыд йæ раныхас фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрийæн. Конференцийы архайджытæн уый сæ зæрдыл æрлæууын кодта Ирыстон, Цæгат æмæ Хуссарыл нæ дих кæнгæйæ, хæдбарæй кæй баиу Уæрæсеимæ, Советон Цæдисы Хицауады разамынды уынаффæмæ гæсгæ Гуырдзымæ йæ хуссар хай хаст æрцыд хæдбардзинады бартимæ.
Æмбырды ма раныхас кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын фæсконфликтон фарстытæ лыг кæныны хъуыддаджы, историк Джиоты Мурат æмæ информацион ведомствæйы сæргълæууæг Хъотайты Мария.












