Волгограды облæсты боулингæй цы турнир цыди, уым æнтыстджынæй архайдтой Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ.
Волгограды цы хиирхæфсæн центр ис «Гиппопо», зæгъгæ, уым сæ дæсныдзинад æвдыстой Волгоград, Воронеж, Курск облæст æмæ Цæгат Ирыстоны 40 спортсменæй фылдæр.
Ерысты фæткмæ гæсгæ, цæмæй сæйраг турнирмæ рацæуай, уый тыххæй фыццаг фæлварæн ерысы равдисын хъуыди 197,5 очкойы æхсæз хъазтæн. Уыцы фæлварæн цы 20 спортсмены сæххæст кодтой, уыдонимæ уыдысты, Ирыстонæй дзы цы æртæ лæджы архайдта, уыдон: Плиты Олег, Зæгъойты Батрадз æмæ Денис Сухоруков.
Æппæты фылдæр та ногæй бантыст воронежаг спортсмен Руслан Мисходжиев æмæ Европæйы чемпионаты 3-аг бынат бацахсæг Денис Фоминæн.
Ирыстойнаг спортсментæ, къæпхæн «Раунд Робин»-ы ерыс кæнгæйæ, равдыстой хорз цæттæдзинад. Боулертæ дихгонд æрыдысты дыууæ дæлкъордыл. Уым алкæйы дæр хъуыди фæйнæ 7 хъазты акæнын. Уымæй дæр ерысты фæткмæ гæсгæ спортсментæ нæ зыдтой, сæ иннæ фембæлд кæимæ уыдзæн, уый. Йæ дæлкъорды иттæг хорз ахъазыд Плиты Олег. Уый бацахста фыццаг бынат. Иннæ дæлкъорды фыццаг бынатмæ рацыд Волгограды минæвар Алексей Безотосный. Уыдон дыууæйæ рацыдысты кæронбæттæнмæ æмæ хъуамæ фембæлдаиккой 1-аг бынат бацахсыныл ерысы. Сæ дæлкъордты 2-аг бынæттæм рацыдысты Зæгъойты Батрадз æмæ воронежаг спортсмен Юрий Сизов. Уыдон фембæлдысты 3-аг бынат бацахсыныл ерысы. Сæ хъазт рауад тынг хъазуатон. Амæй размæ Зæгъойты Батрадз æндæр ерысты фæуæлахиз Сизовыл, фæлæ ацы хатт воронежаг боулер разынд амалджындæр æмæ рамбылдта 3-аг бынат.
1-аг бынат бацахсыныл ерысы Плиты Олег равдыста тынг хорз цæттæдзинад æмæ стыр хыгъдимæ фæуæлахиз Алексей Безотосныйыл 216:145 хыгъдæй.
Ныр Волгограды облæсты чемпионаты æртæ къæпхæны фæстæ 1-аг бынат ахсы Зæгъойты Батрадз. Ерысты ацыды тыххæй Зæгъойты Батрадз (уый у РЦИ-Аланийы боулинджы федерацийы президент дæр) загъта: «Зæрдиаг арфæ кæнын Плиты Олегæн. Уый ныр цалдæр турниры ахсы раззаг бынæттæ, йæ хъазт хуыздæрæй-хуыздæр кæны иу хаттæй иннæмæ æмæ уый дзурæг у, йæхиуыл æнæзивæгæй кæй кусы, ууыл.
Нæ командæ йæхи равдыста хъомысджынæй. Кæд не ‘ппæт призон бынæттæ нæ бацахстам, уæддæр нæ раздæры бæрзонд бынæттæ бахъахъхъæдтам æмæ уый банымайын хъæуы хорз æнтыстыл. Ныр мах нæхи цæттæ кæндзыстæм ацы чемпионаты 4-æм къæпхæнмæ. Уый хъуамæ райдайа 4 апрелы, фæлæ ныртæккæ цы эпидемион уавæр сæвзæрд, уый аххосæй, æвæццæгæн, фæстæдæрмæ хаст æрцæудзæн. Кæдмæ, уый бæрæг нæма у, фæлæ мах нæхи хъуамæ дарæм цæттæйæ».
БАСКАТЫ Уырызмæг












