Бандон
Нафы куывд йæ тæккæ тæмæны бацыди, афтæ Саухал дæр фæзынди.
— Саухалæн — æмбæлæггаг! — Кудзи йын йæ къухы цайцымæн агуывзæ фæсагъта.
— Амондджын æмбæлджытæ уыл æмбæлæнт! — Саухал арахъ анызта.
— Куывдтыл «оммен» дæр зæгъ! — авæрдтой та йæм дыккаг дæр.
— Гъеныр, æрбад æмæ æххæст рæгъ дæр бануаз!
— Æмæ ма мæ цæмæн бадын кæнут?! — Саухал фæцудыдта, фæлæ ма бандоныл фæхæст, æмæ йæ йæ фæдыл ласгæйæ, дуары ‘рдæм фæцæуы…
— Саухал, бандон та ма кæдæм хæссыс?
— Нæхи-и-имæ!.. — дзуры сæм Саухал, йе ‘взаг йæ коммæ нал кæсгæйæ. — Кæд ма ацы бандоны ‘нцæйтты цæугæйæ, мæ хæдзармæ фæхæццæ уаин!
Изæрон скъола
Бизнесмен Хаджи дæр Ногиры изæрон скъола саразын сфæнд кодта. Æрласын кодта агуыридуртæ, чъырызмæст æмæ Саухал цалдæр лæппуимæ амайынмæ рæвдз февнæлдтой.
Сисамайджытæ фыццаг уæладзыг амад фесты, афтæ сæм Хаджи иу бон æруади, сæ куыст куыд цæуы, уый фенынмæ.
— Цыма сæ амады цыдæр нæ фаг кæны, афтæ мæм кæсы, — æрзылди хæдзары алыварс лæг.
— Гъери-гъа!.. Рудзгуытæн бынæттæ куы нæ ныууагътой, — йæ дзых хæлиуæй баззад Хаджийæн.
— Æгас нæм цæуай, Рокфеллер! Куыд дæм кæсы нæ куыст? — æрдзырдта йæм сисы сæрæй Саухал.
— Кæсын æмæ фыццаг уæладзыг амад фестут.
— Фестæм æй! Рыпп, зæгъгæ!
— Æмæ кæд дæ сæры зонд нæ фæцыди, уæд рудзгуытæн та бынæттæ цæуылнæ ныууагътат?!
— Æцæг Хуыджи дæ, æцæг! Изæрон скъолайы цыппар къласы тыххæй каст фæдæ, фæлæ дæ сæры зонд нæ бацыди! — фæтъæлланг ыл ласта Саухал. — Ау, кæд бынтон æдылы нæ дæ, уæд изæрон скъолайы рудзгуытæ æвæрын цæмæн хъæуы?!
Куырд
Саухал дохтыр Мыкъуыры «Рæстдзинад»-ы дзырдбыдыл хъуыды кæнгæйæ, баййæфта йæ кусæн уаты.
— Байрай, дохтыр!
— Æгас нæм цу, хорз лæг. Цы дæ риссы? — йæ кърандас æрæвæрдта дохтыр.
— Нæ зонын… Рæстæггай мæ сæр разилы…
— Дæ уыргтæ никуы рыстысты?
— Никуы.
— Дæ уыргты, цыма, дуртæ ис,афтæ мæм кæсы.
— Цавæр дуртæ?.. Агуыридуртæ?..
Мыкъуыр Саухалы бандоныл æрбадын кодта æмæ йын йæ уæраг дзæбугæй æркъуырдта.
— Уæ-æ-æу! — хæрдмæ фæхаудта лæг.
— Куыд кæсын, хорз лæг, афтæмæй дохтыртæм никуы уыдтæ, — бахудти Мыкъуыр.
— Æмæ ды цæй дохтыр дæ!
— Ха-ха-ха!.. Уæдæ чи дæн?..
— Куырд! — дзуры йæм Саухал. — Фæлæ не ‘мбарын, куырдадз рынчындонæй цæмæн баивтай, уый!
Къалос
Хуыппийæн йæ æхсай азы йæхи фесты æмæ йын сыхæгтæ йæ райгуырæн боны зæрдылдарынæн исты дзаума балæвар кæнын сфæнд кодтой.
— Цæй æмæ йын нымæтхуд балхæнæм, — фæндон бахаста Къулой.
— Дæ фæнд нæ бæззы, искуы йын æй дымгæ ахæсдзæн.
— Кæркæ-мæркæ галстук ын куы балæвар кæниккам, уæд куыд уаид?
— Йæхи дзы фæхурх кæнид, æндæр куыд.
— Хъама! Хъама йын балæвар кæнæм!
— Цытæ дзурыс, Хамби? Расыгæй дзы искæй ныммара, уый дæ фæнды?!
— Сыкъа! Æвзист нывæфтыд сыкъа йын балæвар кæнæм.
— Уый хорз фæндон у! Хуыппийы зæрдæмæ æнæмæнг фæцæудзæн уыцы лæвар!
— Уыцы фæнд дæр уын нæ бæззы! — дзуры сæм Саухал. — Сыкъайæ æрмæст нуазæн ис, фæлтау ын къалос балæвар кæнæм æмæ йæ къахыл дæр дардзæн, стæй ма дзы-иу арахъ дæр нуаздзæн!
СЛАНТЫ Руслан












